Рабиндранат Тагор

(1861 – 1905)

Рабиндранат Тагор – зындгонд индиаг ахуыргонд, поэт, артист, музыкант, композитор, санскритæй тæлмацгæнæг. Тагоры хуыдтой Гуру, стæй поэтты поэт. Йæ фыццаг æмдзæвгæ рацыд, аст азы йыл куы цыд, уæд.
Тагорæн йæ политикон зондахаст бынтон бæлвырд нæ уыд, фæлæ уæддæр йæ зæрдæмæ империализм нæ цыд. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Гитанджали» (моны зарджытæ) Тагоры сфæлдыстадæн сси йæ бæрзонддæр хох.
Райгуырдис 1861 азы уæздан бинонты ‘хсæн. Уыдис дыууадæс сывæллоны кæстæр. Йæ фыд Дебендранат Тагор – куырыхон лæг, Индийы ахуыргонд æмæ курдиатджындæр философтæй иу.
Æвддæсаздзыдæй ацыд Англисмæ ахуыр кæнынмæ Лондоны университеты колледжы. Йæхæдæг йе ‘мдзæвгæтæ ратæлмац кодта англисаг æвзагмæ. 1913 азы сси Нобелы премийы лауреат. Йе сфæлдыстадæй стыр цымыдисы бафтыдта англисы зындгонддæр æмæ курдиатджын поэтты (Уильям Батлер Йейтсы, Э. Паунды,
Р. Бриджесы). 1940 азы Оксфорды университет Тагорæн саккаг кодта Литературæйы докторы кадджын ном. Бирæ мæстытæ федта йæ райгуырдæй йæ мæлæтмæ. Бынтон гыццыл куы уыд, уæд йæ мад амардис, фæстæдæр йæ сывæллæттæй дæр дыууæ амард. Тагоры æмдзæвгæтæ тæлмацгонд сты дунейы бирæ æвзæгтæм.

Зарæг
«Азар», зæгъгæ мын куы фæзæгъыс,
Уæд мæ зæрдæ фыр хъалæй фæцæйтоны.
Дæ иунæг æрбакастæй
Мæ цæстытæ доны æрзилынц.

Цыдæриддæр зонын гуымирыйæ, залымæй,
Тайынц видауцы, æмæ мæ аргъуыц
Фурды кæсагдзауау йæ базыртæ райтындзы.
Зонын, мæ зарæг дæ зæрдæйы бахизы.

Зарæггæнæг дын кæй дæн æз æрмæст,
Уый æмбарын.
Фæлæ уæддæр
Мæ зарæджы базыртæй
Хъавгæ дæ фадхъултæм æвналын:
Мæ армæй сæм не ‘ххæссын.

Мæ зарæджы рухс цинæй расыгæй æз,
Аззайын рохы мæхицæй,
Æмæ мæ царддæттæг паддзахмæ
«Мæ лымæн» ысдзуры.

Æнцой рæстæг
Курын, абад мæ фарсмæ, о, мæ адджын, мæ иунæг!
Зон, фæуд кæндзæни искуы, о, мæ зæрдæ, мæ куыст!
Ды куы нал уай мæ фарсмæ, уæд фæуыдзæн мæ улæфт.
Фестынц тухиты фурды уæд нæ фæллæйттё фынк.

Сæрд кæдæй-уæдæй рудзынг хоста абон мæ уатмæ,
Кафыд расыгæй къохы тулдзы будтæфмæ бындз.
Сбад мæ фарсмæ, мæ иунæг, ам цæсгомæй-цæсгоммæ
Цардыл саразон зарæг ныр æнцойыбон æз.

СÆФТ РÆСТÆГ
Æз, о, ме Скæнæг
Ме ‘вдæлон бонтæн сæ иуы
Сагъæс кодтон сæфт рæстæгыл,
Фæлæ нæй фесæфæн уымæн.
Царды исдугтæ райсыс æмткæй,
Алы зæрдæйы дæр бадыс.
Нæмыгæй равзæры тала,
Фесты къуыбар,
Дидинæг ракалы,
Сывзæры дыргъ.
Иубон бадæн фыдвæллад,
Æмæ ме ‘вдæлон лыстæныл
Æруагътон мæхи.
Загътон
Æнæхъæн зæхх-арвæн йæ куыст
Банцадис, бамыр.
Райсомæй сæумæцъæхты
Куы фехъал дæн, уæд
Хурмæ хæдтæмæнтау ‘рттивгæ
Мæ дыргъдон дидинæй байдзаг.

ЗОНЫН
Зонын, уарзгæйæ, цардæй
Рох куы кæной йæ азтæ,
Нæй йын фесæфæн уæд!
Зонын, куы амæла уарди,
Змисты суадон куы стыхса,
Нæй йын фесæфæн уæд.
Стæй фæцудыдта царды
Чидæр, фæлæ хилы йæ фæстæ
Нæй йын фесæфæн уæд.
Ис мæ царды бæллицтæ.
Зонын, ме ‘нæфыст зарæг
Ризы зæрдæйы тæгтыл,
Æмæ йын фесæфæн нæй.

ЗМÆНТÆГ
Фæхæстæг дæм вæййын, тæрсгæйæ,
Куы мæ стыхсай ногæй.
Мæ паддзах дæ схонын,
Дæ цæфæй куы ‘рхауын.
Мæ хæстæ дæ къахынц,
Æз та дын дæ хæзнадон къахын.
Дæ фурдимæ схæцын,
Йæ уылæнтæй райсын мæ хъару.
Дæ цырагъ мæ къæсы
Фæсæхсæвæр нал судзы рагæй,
Нывзилы мæ дисы
Ыстъалыты рухсмæ дæ арв.

АДЗАЛ
Адзал, дæ фæсдзæуин,
Адзал мæ къæсмæ æрцæуы,
Ивылд æнæзонгæ дæттыл æрбахызт,
Зæгъы мын дæ бардзырд.
Куыд талынг у ахсæв!
Азарæй айдзаг мæ зæрдæ.
Ыссудзон мæ цырагъ,
Фæдзурон æм уатмæ –
Де ‘ххуырст æрлæууыд мæ размæ.
Уæнтæхъилæй кувын, ызгъалын мæ цæссыг –
Мæ зæрдæйы хæзна.

РУХС
Рухс, мæ рухс,
Дун-дуне дарæг, мæ рухс,
Де ‘нцой мæ зæрдæйæн – рухс…
Рухс, о, мæ иунæг
Царды гуылфæнты ныххауы.
Мæ иунæг, нæ уарзтæн хъырны.
Арвы дуар фегом, дымгæ феуæгъд
Ногæй æрдз йæ мидбылты худы.
Мæнæ та рухсы денджызы
Систа йæ пæлæз гæлæбу
Аузы уардиты рухс
Йæ зæринтæ анхъæвзынц мигъты.
Луары хæдтæмæнтæ,
Тархъæдты ссæнды йæ фарн,
Абухы размæ
Къалиуæй къалиумæ,
Сыфтæрæй сыфтæрмæ…
Акæс-ма, дон фемæхст уæларвæй,
Æмæ дун-дуне байдзаг ис цинæй.

КУЫ БАХУС УА ЗÆРДÆ
Куы бахус уа зæрдæ ‘къæйдурау куы судза,
Уæд-иу ын фæлмæн къæвда фест!
Дæ удварн куы нал уа мæ сæрды, мæ царды,
Тымыгътæн сæ хъарджытæ фест.
Куы стыхсон, куы сфæлмæцон тухитæй, бонтæй,
Уæд-иу мын мæ удæнцой фест.
О, не Скæнæг!
Куы бакуырм уон, ме Скæнæг, монцы цæссыгæй,
Уæд-иу мын æрвонæрттывд фест!

УÆД МÆ ЗАРÆГ ÆРГОМ
Уæд мæ зарæг æргом,
Уæд хуымæтæг, дзырдхъом,
Сбарæд, згъоргæйæ, зæхх,
Фурдæн фестæд йæ цæхх.
У мæ фæндыр æрдын,
Уадтымыгътæн сæ рын.
Схæцы, самайы тох,
Æмæ ссары фыдох.

ЦАРДЫ ДОН
Мæ дадзинты царды дон дугъы фæуайы
Æхсæвты, сæумæцъæхты, бонты,
Згъоры, æрынцад нæ зоны.
Ысрæдувынц цинтæ, гуылфгæнгæ, сæ хинтæ
Фæкæнынц кæрдæджы сыфтæрæн.
У фурдæн йæ авдæн йæ райгуырды бонæй
Йæ уалдзæгæй, зон æй, мæлæтмæ
Йæ райвылд кад у, æрбафæйлауд радты
Уылæнтæн сæ цард æмæ хъомыс.
Тых анхъæвзы уæнгты.
Мæ туджы æрхæмттæ, мæ дадзинты царды дон ласы.
Фæсимы мæ туджы, нæ тугуарæн дуджы
Мæ сагъæсты уаргъæй æртасы.

ФÆСТАГ ЗАРÆГ
Уадз, мæ цинæн йæ тынтæ
Ризой фæстаг зарды зæлты.
Уадз, æмæ абуха æрдз
Йе ‘ппæт кæрдæджытæн иумæ.
Уадз, æмæ фаззæттæ
Цард æмæ адзал
Дунетыл æрсимой,
Æмæ мæ цин цардыл æртыхса,
Йæ мидбылты худгæйæ.
Уадз…
Уадз æмæ лотосы гом тугхуыз цæстыл
Цæссыгæй æрбада.
Уадз æмæ ахæсса йемæ,
Цы ссара нæ дунеты, уый.

КÆМ ТА ДÆ?
Дæ балцы та уарзты фæндагыл дæ,
Ацы тымыгъы, мæ лымæн, зæгъ-ма мын.
Ныфссастæй æврæгътæ дæ арвыл
Тыхулæфт куы кæнынц, куы хъæрзынц, мæ лымæн.
Мæ хуыссæг фæлыгъдис,

Æдзынæгæй дардыл фæлгæсын æз милхуыз æхсæвты.
Куыд афтид у дуне, мæ иунæг, кæм хæтыс?
Цы хæхты, цы бæсты, кæм вæййыс?
Цы суадоны былтыл, цы тархъæдты пыхсы,
Цы денджызты арфы, мæ лымæн?

ФÆРСЫН ТА ХУЫЦАУЫ
Æнусæй-æнустæм нæ дунемæ ‘рвитыс
Æвзæрстыты, не Стыр Ыскæнæг!
Хæссынц нæм дæ ныхас: «…кæрæдзийæн барут,
Кæрæдзийы уарзут,
Фыддзинадæй бахиз дæ зæрдæ!»

Æфтауы мæ дисы – мæ зæрдæ фæриссы:
Мæ цæсгом дæ аздæхтон абон, –
Сæумæйы ысхаудта æнæбары ныхас
Дæ бардзырдмæ ацы фæлдыст бон…

Цымæ æз нæ федтон лæгмары фæрæтмæ
Фыдзæрдæйы амæттаг ласгæ?
Кæнæ та – æгъатыр тыхгæнæджы худгæын,
Рæстдзинады зæрдæйы дудгæ?

Æвзонгæн йæ хъысмæты бирæгъау ниугæ, –
Йæ пырхæнтæ царды къæдзæхтыл.
…Мæ дзаг хъæлæс бамыр, ныффæсус мæ зарæг
Мæ дуне – фыдфынæн йæ рагъыл.

Фыдфыны зындоны ныккæнын мæ зарæг,
Кæугæйæ, фæкувын, дзыназын:
«Куыд нымайон уарзон æмтъерыгæнджыты,
Дæ рухсыл цъыфкалджытæн барон?..»

Англисаг æвзагæй
Золойты Аркадийы тæлмац