ӔХСӔВЫГОН НЫХАС
Кӕмӕндӕр ӕз алолай зарин,
Йӕ цуры-иу бадин ӕхсӕв.
Кӕйдӕр-иу мӕ хъӕбысы дарин –
Къӕвда уа, тымыгътӕ, ӕнтӕф…
Тымыгътӕ кӕниккой сӕ хъарӕг,
Дзыназиккой: «Дуне ныммард!»
Ыстъалытӕ сисиккой зарӕг
Уӕлӕрвты – рӕсугъд ӕмӕ ‘нкъард…
Нӕ дуг нын йӕ хъомысӕй дарид,
Нӕ уарзтмӕ нӕ кӕнид хӕлӕг.
Йӕ къӕхты уынӕрӕй хъыгдарид
Нӕ куыдзы ӕцӕгӕлон лӕг.
…Ныхъхъус уаид н’алыварс бӕстӕ,
Кӕсынӕй дӕм не ‘фсӕдид цӕст…
Кӕмӕндӕр йӕ аууон йӕ фӕстӕ
Къӕбылайау згъорид ӕрмӕст…
Мӕ сагъӕс дон фӕласы,
Ныхъхъус и комы цард.
Бӕлӕсты дымгӕ фасы,
Ӕрбайхъуыст хохӕй зард.
Ӕгомыг арв нынкъард и,
Мӕныл та бон ныррухс:
Мӕ дӕрзӕг армыл уарди
Ӕрӕвӕрдта йӕ рус.
Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ