Редьярд КИПЛИНГ

АЛОЛАЙ

Дунейыл тар ӕхсӕв сау милтӕ луары,
Халоны базырау денджыз ныссау.
Сабийӕн алолай рог уылӕн зары,
Авдӕнау аузы денджызы нау…

Хъазгӕйӕ иу уылӕн иннӕуыл тулы.
Баулӕф, саби: ӕгъгъӕд дын у хъазт!
Бафынӕй рог дымгӕ. Фурды акулӕ
Бафынӕй афонмӕ науы бын раст.

Англисаг ӕвзагӕй ЗолойтыАркадийы тӕлмацтӕ