Литературон журнал «Мах дуг»-ы премийы лауреаттæ

ИРОН ДЗЫРДАИВАДЫ БÆРÆГБОН

Журнал «Мах дуг» 2024 азы дыккаг хатт расидт Дунеон литературон преми. 104 авторы къамисы уæнгтæм балæвæрдтой 400 уацмысæй фылдæр. Уæлахиздзаутæ систы 30 адæймаджы. Ацы цау нымад æрцыд ивгъуыд æнусы 80-æм азтæй фæстæмæ литературæйы къабазы стырдæр æмæ ахсджиагдæр фæрæзыл, ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтмæ абоны зын уавæрты стыр æвæрæн чи хæссы, ахæмыл. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ дзы архайынц канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма, фæсарæнты чи цæры, уыцы ирæттæ дæр. Кармæ гæсгæ къордты дзы йæ бон архайын у, Хуыцау курдиатæй кæй фæхайджын кодта, уыдонæй алкæмæн дæр кæстæрæй хистæрмæ.

Ацы хъуыддаджы, фыццаджыдæр, арфæйы аккаг сты, бындур ын чи сæвæрдта, цардхъом кæй руаджы у, уыдон – амалхъом Джуссойты Альберт æмæ журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Кау иу михыл ничи бийы, дзырдтой нæ фыдæлтæ. Бæгуыдæр, адæм кæрæдзийы ныфсæй сты тыхджын æмæ æнтыстджын. Хуыцауы зæрдæмæ цы хъуыддаг фæцæуы, уымæн та æнæ сырæзгæ нæ вæййы.

Литературон журнал «Мах дуг»-ы Дунеон премийы уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдон сты: РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы фыццаг хæдивæг Джиоты Константин, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелим, Сочийы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Мæргъиты Анатоли, РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Габалты Мæдинæ, РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, кампани «Агро-Алани»-йы генералон директор Уаниты Таймураз, Паддзахадон æлхæдтыты комитеты сæргълæууæг Лагкуты Омар, Таможняйы службæйы булкъон Козаты Димæ, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег, Базарадон центр «Алания-Молл»-ы испайнаг бренд «Манго»-йы хицау Бердыты Лорæ, Кировы районы администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы администрацийы сæргълæууæг Уаниты Хъазыбег, зарæггæнджытæ Дауыраты Эдуард, Илаты Тимур, Бекмæрзты Хъазыбег, Джихаты Рустам, Бесолты Дианæ, Сечъынаты Элитæ, Томайты Миланæ, Сохъырты Маринæ, Музайты Руслан, Берозты Мæдинæ, Сунжæйы Культурæйы хæдзары адæмон кæфтыты ансамбль «Аивад» (аивадон разамонæг РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Гæджиты Алан), Горæтгæрон районы Культурæйы галуаны уадынгæрзты оркестр «Фидæн» (аивадон разамонæг Джихаты Роман).

Журналы фæрныг кусджыты къорд, къамисы æмæ организацион комитеты уæнгтæ тынг зæрдиагæй бакуыстой мадзал бæрзонд æмвæзадыл саразыныл. Моргуаты Ладæйы профессионалондзинад æмæ адæймаджы миниуджыты руаджы æнæ къуылымпытæй сырæзт хъуыддаг.

«Хъуамæ, ирон æвзагыл йæ уацмыстæ чи фыссы, ирон æвзаг æмæ литературæ æрвылбон чи парахат кæны, уыдонæн сæ куыстæн бæрзонддæр æмвæзадыл аргъгонд цæуа. Хъуамæ сæ разæнгард кæнæм иронау фыссынмæ, иронау дзурынмæ, ирон æгъдау æмæ культурæ дарддæры фæлтæртæм хæссынмæ, абон иннæтæн дæнцæг уæвынмæ. Хъуамæ æмбарой, кæстæртæ, хистæртæ сæм цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уый!» – загътой Премийы бындурæвæрджытæ. Уымæ гæсгæ уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты зæрдæзæгъгæ лæвæрттæй: бронзæйæ конд статуэткæтæ, æхцайы премитæ æмæ Кады гæххæттытæй.

Прозæйы хайады уæлахиздзаутæ систы:

Хистæр кары къорды:

1-аг бынат – Гусалты Барис;
2-аг бынат – Джусойты Нинæ;
3-аг бынат – Битарты Маринæ.

Фæсивæды ‘хсæн:

1-аг æмæ 3-аг бынæтты уæлахиздзаутæ нæй;
2-аг бынат – Бететы Фатимæ.

Поэзийы хайады уæлахиздзаутæ систы:

Хистæр кары къорды:

1-аг бынат – Габолаты Зауырбег;
2-аг бынат – Годжыцаты Георги;
3-аг бынат – Бæззаты Эдуард.

Сæрмагонд премийæ хорзæхджынгонд æрцыдысты Стъараполы ирон диаспорæйы хистæрты советы сæргълæууæг Бæцойты Савели æмдзæвгæты цикл «Хуыцауæй ныл ис хæс»-ы тыххæй æмæ Турчы цæрæг Хъуысаты Маулуд æмдзæвгӕты цикл «Цом нæхимæ»-йы тыххæй.

Фæсивæды ‘хсæн:

1-аг бынат – Гегкиты Сослан;
2-аг бынат – Айларты Дианæ;
3-аг бынат – Дзгойты Дзерассæ.

Публицистикæйы хайады уæлахиздзаутæ систы:

Хистæр кары къорды:

1-аг бынат – Гæбæраты Юри;
2-аг бынат – Дзæрæхохты Ритæ;
3-аг бынат – Цхуырбаты Жаннæ.

Драматургийы хайады уæлахиздзаутæ систы:

Хистæр кары къорды:

1-аг бынаты уæлахиздзау нæй;
2-аг бынат – Айларты Асæхмæт;
3-аг бынат – Бекъойты Майя.

Фæсивæды ‘хсæн:

1-аг æмæ 2-аг бынæтты уæлахиздзаутæ нæй;
3-аг бынат – Гуыбеты Сослан.

Аивадон тæлмацы хайады уæлахиздзаутæ систы:

1-аг бынат – Къудухты Маринæ;
2-аг бынат – Хъулаты Юри;
3-аг бынат – Хуыдæлты Маринæ.

Сывæллæтты сфæлдыстад

Прозæ:

1-аг бынат – Уалыты Аслан, Хуссар Ирыстоны Дменисы хъæуы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Къусраты Анжелæ;
2-аг бынат – Баллаты Камиллæ, Дзæуджыхъæуы скъола-интернаты 8-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Хуыдæлты Мæдинæ;
3-аг бынат – Куыдзеты Валерия, Хуссар Ирыстоны Цхинвалы 9-æм скъолайы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Зассеты Зарæ.

Поэзи

1-аг бынат – Гуыцмæзты Марат, Беслæны 7-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæбæраты Риммæ;
2-аг бынат – Тезиаты Дзерассæ, Ногхъæуы скъолайы 3-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Тедтойты Эльвирæ;
3-аг бынат – Хуыбиаты Ацæмæз, скъола «Диалог»-ы 3-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Киситы Заремæ.

Аивадон тæлмац

1-аг бынат – Быценты Сабинæ, Æрхонкæйы 1-аг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæззаты Татьянæ;
2-аг бынат – Тедтаты Ибрагим, Беслæны 7-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Елдзарты Нателæ;
3-аг бынат – Акъоты Виктория, Æрхонкæйы 1-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Козаты Индианæ.