МÆРГЪИТЫ Анатоли

АМОНДХÆССÆГ ÆМБÆЛЦЦОНТÆ

Зæххыл бирæ хорздзинæдтæ ис, фæлæ се ʽппæты адджындæр у, адæймаг кæм райгуырд, кæм схъомыл, рæз кæм хаста, уый – Райгуырæн зæхх! Лæг цæрынмæ кæдæмфæнды дæр куы ацæуа, уæддæр йæ зæрдæ йæ адæмимæ, йæ фыдыбæстæимæ баст кæй уыдзæнис, уый уын мæ бон фидарæй зæгъын у. Ирон адæмæн сæ зонд, сæ хъару, сæ намыс æгæрон сты! Фæлæ нæ иу хъуыддаг сафы – кæрæдзимæ хæлæг. Хæлæджы дыргъдон та маргæйдзаг у!

Абон мæ зæрдæ цæуыл риссы, цы йæ тыхсын кæны, цæуылты хъуыды кæнын, зæгъгæ мæ куы бафæрсат, уæд зæгъдзынæн: тæрсын, сомбон ирон куы нал дзура иронау, тæрсын, ирон лæджы ном хæссын фидæны фæлтæртæн куынæ суа сæ бон, куы не ‘рцæуа раст аргъгонд, нæ фыдæлтæ цы стыр хъæбатырдзинад равдыстой, уымæн, куы сæ ферох уой сæ уидæгтæ, куы ауигъой сæ къух не ‘гъдæуттыл… Адæймагыл цас фылдæр азтæ цæуы, уыйбæрц ын ацы фарстатæ тынгдæр агайынц йæ зæрдæ. Æнæрæдигæ дуне нæй, фæлæ ирон лæг хъуамæ баззайа иронæй! Мах искæй куы фæзмæм, æндæр искæй ном куы райсæм, уæд ма нын нæхи ном та чи хæсдзæн?

Иннæмæй, – æхсæнадон организациты архайд! «Иры Стыр Ныхас»-ы съездты вæййын, зонын, цæуыл фæдзурынц, цы уынаффæтæ рахæссынц. Зæгъут-ма мын, уыдонæй царды кæцы æрцыд фидаргонд? Кæм сты нæ хъуыддаджы лæгтæ, кæм ис нæ иудзинад? Æви æрмæст ныхасæй стæм хъæбатыртæ? Акæсут-ма, цы разагъды лæгтæ нæм ис! Мæ сæр сæ бæрзæндты хæссын! Кæуылты сты сæ кад, сæ намыс канд республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы алы рæтты æмæ фæсарæнты дæр. Уыдон сты раст хъомылады дæнцæг, æмæ сын адæмы рæгъмæ хæссын хъæуы сæ хабæрттæ! Мах та æндæр цæуылдæрты цин кæнæм. Уыдонæй кадджындæр свæййы, республикæмæ искæцæй, зæгъæм, иу блогер куы ʽрбафты, уæд уый. Нæхимæ кад кæнын кæмæн хъæуы, уыдон та аууоны аззайынц…

Мæнæн ирон адæм Цæгатæй Хуссармæ иууылдæр мадызæнæгау адджын сты! Мæ бæллиц у сæ хæрзæбон, æмæ мын хъыг вæййы, искæй тыххæй æвзæр исты куы фехъусын, уæд. Нæ фыдæлтæ, дам, уайдзæфæй рынчын кодтой, фидисæй – мæлгæ! Уæд ныр иуæй-иутæ сæ цæст дæр куы нал фæныкъулынц æмæ сæ фыдæлты номы сæрты куы ахизынц! Æмæ та ам дæр кæй кæнæм аххосджын? Æрмæстдæр нæхи!

Ирон æвзаг бахъахъхъæныныл кусæм, программæтæ дæр нæ респуб- ликæйы дзæвгар ис. Сæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, нæ республикæйы разамынд хорз архайы! Раст зæгъгæйæ, бирæ республикæтæ уыцы уавæртæй сæхицæй нæ раппæлдзысты. Æз та афтæ зæгъдзынæн, æвзаг бинонты ʽхсæн сæфы, уынджы нæ, фæлæ!

Сочийы ирæттæй цæры цыппар минмæ хæстæг. Уыдонæн мах сарæзтам уавæртæ мадæлон æвзаг зонынæн, ис нæм ирон кафджыты къорд, футболон командæ… Сбæрæг кæнæм нæ фыдæлты бæрæгбæттæ. Уыцы уавæртæ нæ кæнынц æнгомдæр, фидардæр кæны нæ иудзинад. Уый у нæ хъару!

Æз райгуырдтæн хæхты, хъомыл кодтам уæззау уавæрты. Уыдтæн бинонты ʽхсæн дыууадæсæм сывæллон. Дыууадæс азы дæр мыл нæма сæххæст, афтæмæй райдыдтон кусын, мæ ныййарджыты къух рог кæнын. Фæстæдæр райстон уæлдæр ахуырад. Царды мын цы батыст, уымæн бындур сæвæрдтой мæ ныййарджытæ æмæ æхсæнад, раст хъомылад мын кæй радтой, уымæй, æмæ, кусынмæ зивæг кæй нæ кодтон, уыцы миниуæг.

Фыдыбæстæмæ, ныййарджытæм, дзыллæмæ уарзондзинад, фæллой кæнын сты адæймагæн йæ амондхæссæг æмбæлццонтæ. Бамбал ут семæ, баууæндут сыл!

МÆРГЪИТЫ Анатоли, Сочийы Национ-культурон æхсæнад «Алани»-йы сæрдар