ФЫССӔГ ХЪУАМӔ КӔДДӔРИДДӔР УА ЙӔ ФӔРНӔЙДЗАГ НОМЫ АККАГ
Фыссӕг, ӕцӕг фыссӕг, вӕййы иууыл адӕймагуарзондӕр – искӕй хъуагӕй уӕлдай комдзаг никуы акӕндзӕн, ӕвзӕры хионы охыл никуы стаудзӕн, мӕлдзыджы къахыл никуы фӕлӕудзӕн…
Фыссӕг, ӕцӕг фыссӕг, вӕййы иууыл ӕгъатырдӕр – арвӕй зӕххы ‘хсӕн зӕдтӕ цы хъулон митӕ фӕкӕнынц, паддзӕхтӕ сӕ зӕвӕтсдӕрджытимӕ дур кӕуыл ныффӕлдахынц, адӕм се скойӕ дӕр ризгӕ кӕмӕй фӕкӕнынц, уыдӕтты дӕр уый ракалы хурмӕ, ӕрӕвӕры сӕ рӕстӕджы тӕрхоны раз. Афтӕмӕй алчи дӕр, зӕхх, ӕрдз ӕмӕ адӕймагады раз ыл цы стыр хӕс и, уый бӕлвырдӕй куы зонид, уӕд нӕ бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, разы нал уаиккой ӕрмӕст сӕ хъысмӕтӕй нӕ, фӕлӕ сӕ райгуырдӕй дӕр.
Зӕххы цъарыл иууыл ӕнцондӕр искӕй рӕдыдтытӕ ныма- йын у. Мӕнӕн дӕр ныртӕккӕ мӕ бон у, нымайон ӕмӕ нымайон нӕ куысты цухдзинӕдтӕ, – цъус не сты, фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, сӕйрагдӕр аипп у мӕнӕ ахӕм хъуыддаг.
Иу кӕнӕ иннӕ бынатмӕ искӕй куы февзарӕм, уӕд ын йӕ авналӕнтӕ, йӕ удыхъӕд, йӕ арӕхстдзинӕдтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсыны бӕсты, тарст страус йӕ сӕр змисы куыд фӕцӕвы, – нӕ йӕ уынын ӕмӕ дзы ирвӕзт дӕн, – афтӕ мах дӕр нӕ сӕртӕ нытътъыссӕм нӕ хъӕбысты ӕмӕ нӕ алчи дӕр фӕхъуыды кӕны йӕхирдыгонау: «мӕнӕй йын фылдӕр бантысдзӕнис, уӕд ӕй ныххахх кӕнын хъӕуы», «мӕ хӕлар, мӕ хион у, уӕдӕ – хорз», «мӕсты кӕмӕ дӕн, уый аргӕвддзӕнис, уӕдӕ йын схӕцон мӕ къухыл», «искуы мӕ истӕмӕй фӕхъыг кодта, уӕд ӕргӕвдинаг у…»
Уанцон хъуыддаг нӕу уӕдӕ: нӕхӕдӕг нӕхицӕй мауал ӕфсӕрмы кӕнӕм, фӕлӕ нӕ нӕ ном куы ‘фсӕрмы кӕна, уӕд уый дӕр цас лӕгдзинад у?
Хъыгагӕн нӕ айрох вӕййы, дзырд цы адӕймагыл цӕуы, уый мӕнӕн чи у, кӕнӕ мемӕ куыд у, сӕйраг уый кӕй нӕу: нӕдӕр, иу-дыууӕ азы ма кусын ӕмӕ дзы стыр пенсийы ацӕуоныл, мӕ биографи ма уымӕй дӕр фӕхъӕздыг кӕноныл хъуамӕ ма хъуыды кӕниккам; ноджы худинагдӕр та, мӕхи цард саразон, иннӕтӕ цыфӕнды дӕр кӕнӕнт, зӕгъгӕ, чи хъуыды кӕны, уыдонӕн у. Кӕд адӕм стӕм, фыссӕджы ном хӕссӕм, уӕд, бынатмӕ искӕй ӕвзаргӕйӕ, раздӕр-иу куыд уыдис, афтӕ стыр къӕлӕтджыны бадӕг хицауы амындӕй ма аразӕм нӕ хъуыддӕгтӕ. Йӕхицӕн кас кӕнын чи нӕ зыдта ӕмӕ кӕмӕндӕр сир чи арӕзта, ахӕмты ма уромӕм бӕрнон бынӕтты, фӕлӕ, фыссӕджы бынаты кӕй ӕвӕрай, уый хъуамӕ организатор дӕр уа, нӕ адӕмы патриот дӕр ӕмӕ адӕймагон адӕймаг дӕр, цӕмӕй:
1) иу литературӕ цы дыууӕ Ирӕн аразӕм, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, цы ирон адӕмӕн, уыдон дӕр иу кӕна ӕмӕ нӕ фысджыты дӕр;
2) ӕппынӕдзух фӕндаг гӕрда ӕцӕг аивадӕн;
3) кусыны, рӕзыны ӕмӕ царды фадӕттӕ араза фысджытӕн ӕмӕ ног фӕлтӕр хъомыл кӕнынӕн дӕр.
ХЪАЗИТЫ Мелитон,
Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар