ÆГКАЦАТЫ Юри

ИРОН УÆВЫН ЗЫН У, ФÆЛÆ – КАДДЖЫН!


Адæймаг къорд азы куы ацæры, уæд бирæ цæуылдæрты ныхъхъуыды кæны, бацæуы сагъæсы, йæ адæмæн æй фæфæнды фылдæр хæрзтæ ракæнын, кæстæртæм фылдæр æргом аздахын æмæ сæ царды раст фæндагыл сæвæрын.

Ирон лæг цы хуыздæр миниуджытæй хъуамæ уа хайджын, зæгъгæ мæ куы бафæрсиккат, уæд æнæдызæрдыгæй зæгъин – фыдæлты æгъдæуттыл хæст. Афтæ фехъуыстон: ирон уый нæу, йæ фыдæлтæ ирæттæ кæмæн уыдысты, фæлæ йæ сывæллæттæ кæмæн сты ирæттæ, ома ирон æгъдау æмæ æвзаг йæ туджы кæмæн сты.

Цæмæй нæ кæстæртæ сæхи æнæгъдауæй æвдисой, ууыл абон бирæ чидæртæ архайы, æрмæст интернет дæр фаг у мад æмæ фыды ныхасы бæсты. Ацы уавæр махыл æвæры ноджы стырдæр хæс – кæстæртæн бауарзын кæнын мадæлон æвзаг, æгъдау, æмæ сæ уæд дарддæр сæхæдæг судзины бырынкъæй агурдзысты.

Ирон уæвын зын у, фæлæ – кадджын! Уыцы зонд сын сæ сæрты бавæрын кæд базонæм, уæд дзæгъæлы нæ фæцардыстæм. Фæцудыдта æгъдау, уый уынæм æмæ æдыхстæй бадæм! Уымæй уæлдай, скъолаты ирон адæмы традицион культурæйы уроктæ систой, Иры историйы уроктæ уагыл не сты. Уым ма-иу æрдзырдтой нæ истори æмæ адæмы хæзнатыл! Æмæ та хъусæй лæууæм. Цымæ цæмæн? Нæхицæн зын нæ кæнæм!

Уæдæ уынджы æнæгъдау митæ чи кæны, уыдонæн дæр уай- дзæф нал кæнæм.
Ирон адæм ногдзинадмæ тырнаг сты. Хорз у уыцы ногдзинад æви нæ, цалынмæ уый рабæрæг вæййы, уæдмæ æвзæрдзинад æппарын нал фæкомы.

Иннæ ахæм – не ‘взаг. Арæх фехъусын, нæ сывæллон иронау дзырдта, фæлæ рæвдауæндонмæ куы бацыди, уæдæй фæстæмæ уырыссагау дзурын райдыдта, æмæ йын ницыуал хос арæм, цæмæй иронау сдзура, уымæн. Нæ кæстæртæ иронау кæй нæ дзурынц, уым рæвдауæндæтты хицæуттæ аххосджын не сты, фæлæ æрмæстдæр нæхæдæг. Æндæр ничи! Дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсæм кæмæдæр! Ничи нæм æрбацæудзæн æххуысмæ!

Хъæуы нæ æмзонд, æмзиууонæй бавналын æмæ архайын куыд бинонты, афтæ мыггæгты дæр. Мыггаджы Ныхас цы мыггæгтæм ис, уыдон хъуамæ æнгомдæрæй архайой сæ кæстæртимæ. Арфæ кæмæн хъæуы, уымæн арфæ ракæной, уайдзæф дæр «хæлæг кæнын» нæ хъæуы.

Мыггаджы Ныхас кæмæ нæй, уыдон сæ æнæмæнг саразæнт. Мыг- гаг у ирон адæмы æнгомдзинад æмæ кæрæдзи хуыздæр æмбарыны бындур. Цас мыггаг æнгомдæр уа, уыйас ирон адæм тыхджындæр сты. Ирон æгъдау, мадæлон æвзаг мыггаджы руаджы фидардæр кæнынц. Мыггаджы алы адæймаджы хæс дæр у, фыдæлтæй цы фарн баззад, уый рæсугъдæй йæ кæстæртæм адæттын.
Ног аз æрхæццæ, æмæ ирон адæмæн мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад! Алкæй хæдзар дæр хъарм уæд сылгоймаджы фарнæй. Сылгоймагæй аразгæ у ирон адæмы фидæн дæр, уымæн æмæ сывæллонимæ дæр уый дзуры мадæлон æвзагыл, уый йын бауадзы йæ туджы æгъдау хæссыны хъару. Нæлгоймаг ирон бинонты ‘хсæн хистæрыл нымад у, фæлæ уымæн дæр йæ алы хъуыддаг сылгоймаджы удыхъару, зонынджындзинад æмæ бæркадджын къухты фæллойы сойæ ратæдзы.

Царды хæрзтæй хайджын ут! Дуне сабыр уæд!

ÆГКАЦАТЫ Юри,
«Иры Стыр Ныхас»-ы мыггæгты комитеты сæрдар