БАСКАТЫ Бола

ЦÆМÆЙ ЦАРД ЙÆ ГАЧЧЫ СБАДА


Рæстæг размæ цæуы, дугивæнтимæ ивæм мах дæр. Фæлæ уый æнхъæл чи уыд, æмæ цард афтæ ныззыгъуыммæтæ уыдзæн. Мæ хъус тынг лæмбынæг дарын ног фæлтæртæм, рæстæджы ногдзинæдтæм æмæ сæ фæстиуджытæм. Зæрдæ барухс, зæгъгæ, мæ бон зæгъын нæу, уымæн æмæ, æрхæндæг цы ныввæййы, æндæр æм рухс нæ кæлы. Æмæ цæмæй? Лæг дæрдтыл куы хъуыды кæна, кæстæрты фидæныл куы сагъæс кæна, фыдæлтæй йын цы хæзнатæ баззад, уыдоны абоны уавæрыл йæ цæст куы ахæсса, уæд ай-гъай ныххаудзæн сагъæсты. Лæгыл фидæны фæлтæрты раз цы хæс æвæрд ис, уый æнкъаргæйæ, зæрдæйæн куыд ис хъæлдзæг зарджытæ кæнæн, абон нæ алыварс куы акæсæм, уæд.

Мах Ирыстонæй дæрддзæф цæрæм – Лабæйы, хъæрæсейæгтæ æмæ черкесæгты ‘хсæн. Ирон æвзаг нæ фыдæлты æгъдæуттимæ бахъахъхъæнын махæн зындæр хъуыддаг у, уæмæн æмæ, раст куы зæгъон, уæд, иуæй, ирæтты нымæц ам къаддæрæй-къаддæр кæны, иннæмæй та ма дзы чи ис, уыдонæн дæр иннæты ‘хсæн се ‘взаг сæттын райдыдта. Уыцы телефонтæ æмæ Интернет фесæфтой адæмы. Æз уыцы хъуыдымæ æрцыдтæн, æмæ, цæмæй адæм фæстæмæ кæрæдзи æрæмбарой, цард йæ гаччы сбада, уый тыххæй ахуыссын кæнын хъæуы электрон рухс. Æндæр гæнæн дзы нæй. Уæд адæм сæ алыварс акæсдзысты, фос дардзысты, суг сæтдзысты, сæ цæхæрадæтты кусдзысты, Къостайы чингуытæ кæсдзысты… Мæ фыдыфыд Налыхъ Къостайы «Ирон фæндыр» кæрæй-кæронмæ зæрдывæрдæй каст. Мæ фыд Къостайы уацмыстæн зыдта се ‘рдæг, æз та – дæс проценты. Куыд базона сывæллон скъолайы ирон æвзаг, кæд æмæ йæ хæдзары йæ ныййарджытæ æмæ ма уыдоны ныййарджытæ дæр иронау нал дзурынц?! Сывæллонæй цы агурут?! Кæимæ дзура иронау?! Бацæут-ма Дзæуджыхъæуы чингуыты дуканимæ Маркусы уынджы – уæзæй сæ тæрхæджытæ бынмæ æртасыдысты. Кæсгæ та сæ чи кæны?

Узбекæгтæм ахæм ныхас ис, кæрæдзийæн, дам, ардыгæй райсоммæ халва, халва куы кæнæм, уæддæр нæ дзых не садджын уыдзæн. Нæ хъæуæй абон йе ‘ртыккаг хай дæр нал ис, зæххыты кой нал кæнын. Нæ рынчындонæн бындур сæвæрдта Баскаты Петр, йæ номыл мемориалон къæй уыд рынчындоны къулыл. Ныр æй раппæрстой æмæ дзы бакодтой, Хъæрæсейы цæрджытæ сæхæдæг дæр кæй нæ зонынц, ахæм адæймаджы номыл къæй. Уый иунæг дæнцæг нæу. Къоста ам цы æрзæткъахæнты куыста, уым дæр уыд мемориалон фæйнæг йæ номыл. Фæлæ та уый дæр асастой, нал ис. Черкесскæн йæ фылдæр арæзт æрцыд Цъæхилты Захарбеджы агуыридуры заводы руаджы. Абон завод зæххимæ слæгъз кодтой, йæ бюст дæр уым нал ис. Æз никæмæй хъаст кæнын. Цыдæриддæр ныл æрцыд, уым нæхæдæг стæм аххосджын. Нæ хæцæм кæрæ- дзийыл – уый нæ низ у. Нæ кæнæм аргъ кæрæдзийæн.
Æз тынг хорз хъуыды кæнын «Иры Стыр Ныхас»-ы фыццаг съезд. Стæй уый фæстæйы съездтæ. Бауырнæд уæ, бирæтæ сценæмæ рацыдысты сæхи равдисынмæ. Уыйбæрц уынаффæтæ фæхастой, уыйас рæсугъд ныхæстæ фæкодтой, æмæ дзы цардмæ та, зæгъæн ис, ницы рахастой. Ныр дзы ног сæргълæууæг ис, æмæ нæ ныфс дарæм, цæхгæр ивддзинæдтæ кæй æрцæудзæн, ууыл.
Ирыстон, ирон адæм, нæ кæстæртæ, ирон æвзаг æмæ литературæ Хуыцауы фæдзæхст уæнт! Нæ фидæн та – нæ абонæй рæсугъддæр!

БАСКАТЫ Бола,
Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы
Къостайы хъæуы (Лабæйы) цæрæг