ЧЕЛÆХСАТЫ Магрез

СФÆЛДЫСТАД – ФИДÆНМÆ ФÆНДАГАМОНÆГ


Арæх мæ ахæссынц мæ хъуыдытæ нæ дзыллæйы раздзæуæг æмæ сæрылхæцæг Хетæгкаты Къостайы дугмæ. Йæ ном ын æмбæлгæ бæрзæндмæ исынхъом стæм, йæ уацмыстæн ын аккаг аргъ кæнæм æви нæ? Уæлдай актуалондæр ацы хъуыддаг йæ юбилейон азы у. Фæнды мæ, цæмæй, уый йæ адæмы куыд уарзта æмæ сын лæггад кæнынæй куыд нæ фæллад, афтæ абон махæй дæр алчи йæхи бынаты куы тырнид æхсæнады цард фæхуыздæр æмæ фæрайдзастдæр кæнынмæ.

Зæгъæм, æнæмæнг хъæуы нæ нывгæнджыты Къостайы номарæн куыстытæй стыр равдыст саразын. Бирæ сты куыд Ирыстоны, афтæ дунейы алы рæтты музейты, уыимæ дзы кæцыдæрты уынгæ дæр ничи фæкодта, афтæмæй æвæрæнты æфснайдæй лæууынц. Хорз ма уаид, Къоста Ирыстоны алы рæтты йæ нывтыл куыд куыста, ууыл цæст ахæссын, уыцы бынæттæм сфæлдыстадон балцыты ацæугæйæ. Æмбæлы ма Къостайы сфæлдыстад хуыздæр зоныны конкурс расидын. Нары та хъуамæ уа истори, литературæ æмæ аивады æцæг бæрæгбон!

«Фæнды мæ, мæ бон у, æмæ сарæхсдзынæн!» – ацы ныхæстæ равæрдтон ме ‘рмадзы æрыгонæй æмæ уыдонмæ гæсгæ архайдтон. Алчи дæр йæхицæн зонды хосæн ахæм исты хъуыдытæ равзарæд æмæ хорздзинад кæнæд йæ райгуырæн бæстæйæн.

Æхсызгон у, нæ нываивад кæй рæзы, алы кары фæлтæры дæр нæм аккаг нæмттæ кæй ис. Бедойты Шалва, Джыккайты Мурат, Абысалты Юри, Лотиты Игорь, Есенаты Æхсар, Мæргъиты Таймураз, Басаты Олег – цал æмæ цал номы ис ранымайæн! Æнæхъæн дуне йæ кувæндон чи схуыдта, уыцы Къоста уыдоныл дæр бандæвта, æмæ дзы бузныг сты. Бæргæ, уый хуызæн гуманисттæ фылдæр куы уаид, уæд дуне æдзух хæсты арты нæ судзид…

Нæ нывгæнджыты куыстытæ адæм цæмæй хуыздæр зоной, ууыл дæр активонæй бакусын æмбæлы. Журнал «Мах дуг» йæ хуызджын уæлæмхасæнты ууыл бацархайы, æмæ йæ редакцийæн уый тыххæй бузныг зæгъын.

Нæ цин æмæ нæ сагъæс у нæ мадæлон ирон æвзаг, æмæ та ам дæр нæ фысджыты, нывгæнджыты, композиторты сфæлдыстад цас хуыздæр зонæм, уыйас ын фылдæр рæзты фадæттæ аразæм. Не ‘взагыл куы дзурæм, цы удварны хæзнатæ йыл сфæлыстæуыд, уыдонæн аргъ кæнынхъом куы уæм, уæд ма уымæй хуыздæр фæрæз цы ис, Ирыстоны ирон ныхас цæмæй зæла, уымæн?! Уæдæ нæ культурæйы алы къабазы архайджытæ дæр се сфæлдыстадон фæлтæрæнты национ хæдхуыздзинад куы ‘вдисой, уæд нæ фидæнмæ нæ бон уæндон æмæ ныфсджынæй кæсын уыдзæн.

Тыхсын ма мæ кæны, Аивадон советтæ кæй нал ис, уый. Цы театры репертуар фидаргæнгæйæ, цы иу кæнæ иннæ чиныг уадз- гæйæ, хъуамæ специалисттæ, уыимæ театралон æмæ литературон критиктæ дæр, сæ хъуыды зæгъой. Уый пайда уаид ног курдиатджын нæмттæ гом кæнынæн, аивад æмæ литературæ уарзджытæ æцæг аккаг уацмыстæ уыниккой æмæ кæсиккой, æхсæнадæн та сфæлдыстад уаид фидæнмæ фæндагамонæг.

ЧЕЛÆХСАТЫ Магрез,
Уæрæсейы адæмон нывгæнæг,
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат