ЦГЪОЙТЫ Тамерлан

Йæ адæмы культурæ чи нæ базыдта, зонд æмæ йæ зæрдæйæ чи нæ банкъардта, уый рæстмæ аргъ скæнын нæ базондзæн дунеон культурæйæн дæр. Адæймаджы рæзты фæндаг райдайы чысыл хъæуæй стыр сахармæ. Афтæ у царды ‘гъдау.

Мах стæм дунейы адæмыхæттыты ‘хсæн иу нацийы минæвæрттæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæссæм нæ культурæ. Уыцы иу рæстæг нæхи Къоста, нæ национ театртæ, не ‘взаг, нæ литературæ, музыкæ… иууылдæр сты Уæрæсейы культурæйы æмæ дунейы иумæйаг культурæйы иу хай. Уымæ гæсгæ нæхи иннæ адæмыхæттытæй иппæрд кæнын, ай-гъай, раст
нæ уыдзæн. Афтæмæй алы хуызы культурæты æмæ этносты дæр ис æнæфау æцæгдзинад æмæ хъæздыгдзинад. Æмæ искæдбон дунейы культурæйы иу хай куы фæцуда, куы фесæфа йæ хæдхуыздзинад, уæд фестдзыстæм кæрæдзи халдих субъекттæ.

Зæгъæм, нæ республикæмæ цы туристтæ цæуынц, уыдоны фæфæнды сæрмагондæй ирон адæмы удыхъæд банкъарын нæ национ уæлæдарæс, музыкæ, хæринæгтæ, архитектурæйы фæрцы. Мах, цы республикæтæ æмæ нæм бæстæтæй æрцæуынц, уыдонæй куы ницæмæй хицæн кæнæм, уæд нæм бæлццæтты цыды сæр цы у? Нæ хæхтæ феныны охыл? Чи зоны, о… Фæлæ нæ хæхтæ дæр æнæ субкультурæ куы уой, уæд цы хъауджыдæр уыдзысты æндæр хæхтæй, уæд бæлццæттæ æндæр ранмæ дæр фæцæудзысты сæ цæстытæ барæвдауынмæ. Уый тыххæй ма ис Альптæ, Кордильертæ, Андтæ, Памир, Пиренейтæ… Фæлæ туристтæ абалц вæййынц культурон хæзнатæ фенынмæ, иу кæнæ иннæ адæмыхатты фыдæлтыккон мон банкъарынмæ. Нæхæдæг дæр арæх куы сцыбæл вæййæм Египет кæнæ Китайы культурæ фенынмæ. Фидарæй йæ зонын, æнæ хигъæдон культурæ, этникон колорит мах канд иннæтæн нæ, фæлæ нæхицæн дæр кæй фенад уыдзыстæм.

Мах тынг уæззау рæстæг цæрæм. Бирæтæ зæгъдзысты, геополитикон уавæрмæ гæсгæ культурæ, спорт, æвзаджы рæзтыл дзурын ныртæккæ раст нæ уыдзæн, уымæй нæм бирæ ахсджиагдæр фарстатæ ис, зæгъгæ. Фæлæ ам мæ зæрдыл æрлæууыд Уинстон Черчиллы уайдзæф, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг æм Великобританийы бюджет куы æрбахастой, æркæс-ма йæм, цы фиппаинæгтæ дæм ис, зæгъгæ, уæд. Йæ цæст ыл куы ахаста, уæд бафарста, культурæйы рæзтæн дзы æхца цæуылнæ бавæрдтат, зæгъгæ. Æвæстиатæй райста дзуапп, хæст кæй цæуы æмæ сæ культурæмæ уыцы уавæры кæй не ‘вдæлы.

«Æмæ мах нæхи дыууæ къухæй нæ культурæйы хурхыл куы бахæцæм, культурæ нæм куы нал уа, уæд ма цæй номыл у нæ хæст та?» – бафарста сæ Черчилль. Национ æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныны фæндагыл цæлхдур чи феста, ахæм уавæртæ зæххыл нæй. Æмæ нæ хъæуынц.

ЦГЪОЙТЫ Тамерлан