Фидараты Юри

– Нæ бæрæгбоныл æмбæлæм алыхуызон æнкъарæнтимæ. Электронон информацион фæрæзты фæзындимæ зынгæ фæцауддæр газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны хъуыддаг. Уымæн æмæ ныртæккæ чырæг телефонтæ ис алкæмæ дæр. Нæ адæмæй бирæтæ газеттæ æмæ журналтæ кæсынмæ се ‘ргом афтæ тынг нал здахынц. Фæлæ уæддæр мыхуыры фæрæзтæ, куыд нæ бæстæйы, афтæ Ирыстоны дæр цæрынц æмæ цæрдзысты. Цæмæй адæммæ фæхæстæгдæр уой æмæ сын  дзыллæ сæ ахадындзинад хуыздæр æнкъара æмæ æмбара, уый тыххæй журналты æмæ газетты редакциты сарæзтам студитæ. Сифтонг сæ кодтам æппæт хъæугæ фæрæзтæй. Уырдæм хуынд æрцæуынц алы дæсныйæдтыл хæст адæм, æмæ сæ алчидæр газет кæнæ журналы ахадындзинады, стæй йæ мидисы тыххæй йæ хъуыды фæзæгъы æргомæй. Уымæй уæлдай ма  социалон хызты газеттæ «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Слово» æмæ «Дигорæ»-йæн, журналтæ «Мах дуг», «Ирæф» æмæ «Ногдзау»-æн  ис сæхи фæрстæ  æппæт социалон хызты дæр. Æмæ сын уырдыгæй астæуккаг æмæ кæстæр фæлтæр  фæкæсынц се ‘рмæджытæ.

Нæ республикæйы газетты æмæ журналты кусынц фæлтæрдджын, фендджын æмæ зондджын редактортæ, журналисттæ. Фæлæ  уæддæр нæ размæ цы тыхстаг фарстатæ æвзæры, уыдонæн сæ сæйрагдæр у, се ‘хсæн, иронау чи фыссы, ахæм кæстæртæ бирæ кæй нæй. Уымæй уæлдай ма, нæ республикæйы Хицауадмæ балæвæрдтам куырдиат, цæмæй журналисттæн сæ мызд фæфылдæр кæнæм.

Нæ мадæлон æвзаджы фидæн аразгæ у нæхицæй. Уымæн æмæ йыл мах йеддæмæ ничи батыхсдзæн. Газеттæ «Рæстдзинад», «Дигорæ», журналтæ «Мах дуг», «Ирæф» куы ничиуал кæса, уæд нæ фидæн уыдзæн æбæрæг.

Уæдæ сусæггаг нæу, рауагъдад  «Ир» цы ирон чингуытæ уадзы, уыдон дæр фылдæр-фылдæр мин экземплярæй кæй рацæуынц. Адæм  чиныгыл дæр раздæрау æнувыд нал сты. Фæлæ уæддæр архайдзыстæм, цæмæй ацы фарста дæр лыггонд æрцæуа.

Цалдæр хатты куырдтон нæ  Хицауадæй, цæмæй бындуронæй цалцæггонд æрцæуа нæ республикæйы Мыхуыры хæдзар. Сарæзтой йæ Цæгат Ирыстоны автономийы æртиссæдз азы бонмæ. Мæ хъуыды царды куы рацæуид, уæд зæгъин, дзæгъæлы нæ фæцардтæн, зæгъгæ.

Ивгъуыд аз ма Дзæуджыхъæумæ  æрбахуыдтам нæ бæстæйы зындгонд журналистты, æмæ нæ республикæйы газетты, радио æмæ телеуынынадты редактортæн, уацхæсджытæн сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Зæгъæм, мæхæдæг дæр ахæм ахуыртæ цалдæр хатты сарæзтон  национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы æрыгон уацхæсджытæн.

Нæ республикæйы мыхуыры фæрæзты кусджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад. Сæ зæрдæтæ сфæлдыстадон удцырыны зынгæй бирæ азты хайджын куыд уой, уыцы хорзæх сын Хуыцау æмæ Йе сконд зæдтæ балæвар кæнæнт!

РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты 

комитеты сæрдар Фидараты Юри