Хистæры зонд æмæ кæстæры æвзыгъддзинад

Нæ фидæн, нæ ныфс сты нæ фæсивæд, нæ кæстæртæ. Уыдонæй аразгæ у нæ сомбон. Æмæ, цæмæй нæ фидæн рухс уа, уый тыххæй абоны бон нæ кæстæртæм хъуамæ радёттæм, фыдæлтæй нын цы зонындзинæдтæ æмæ фарны æгъдæуттæ баззад, уыдон.

Æгъдау тауын нымайын не ‘хсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы сæйраг хæсыл. Уый у ирондзинадæн йæ бындур. Æмæ, раст бындурыл куынæ сæвæрæм нæ фæсивæды хъомылад æмæ ахуырад, ирон æгъдау нæ тырыса куынæ ya, уæд нын, куыд ирон адæмæн, фидæн нæй.

Нæ куыст аразæм Ахуырад æмæ наукæйы, Культурæйы министрадты кусджытимæ æнгом æмархайды фæрцы. Уымæй уæлдай ма æмгуыст кæнæм, ирон æгъдæутты бындурыл чи архайы, уыцы змæлдтытæ æмæ иугæндтимæ дæр. Иумæйаг хъарутæй архайгæйæ бафтдзæн нæ къухы нæ нысан. Æнæмæнг зæгъын хъæуы: ацы куысты ирон адæмы хорз фидæнæй дарддæр ёндёр пайда агурын кёй не ‘мбæлы.

Нæ архайды бындуры æвæрд сты, иу хатт ма йæ зæгъын, нæ фыдæлты зонындзинæдтæ æмæ æгъдау. Уыдонмæ бæлвырд бæрæггонд уыд, кæстæр цы æгъдауыл хæст хъуамæ уа, уый. Æмæ-иу бинонтæ кæныны афонмæ фæсивæд цæттæ уыдысты æгъдауæй дæр æмæ зонындзинæдтæй дæр. Уымæ гæсгæ нымайын сæйраг хæсыл нæ фæсивæды уыцы хорздзинадмæ ирондзинады бындурыл цæттæ кæнын, цæмæй уыдоны бон дæр уа нæ фы-дæлты фарн æмæ æгъдау рæсугъдæй дарддæр адæттын. Æмæ уæд ирон бинонты кад, намыс æмæ æгъдау сæ бынат ссардзысты, нæ фыдæлтæм куыд уыд, афтæ.

Зæгъдзынæн ма иу хъуыддаджы тыххæй. Нæ фыдæлтæм, саби кæйдæр кæстæр у, зæгъгæ, ахæм хъуыды нæ уыд. Фæсивæды хъомылады архайдтой хистæртæ иууылдæр кæм – таурæгъ æмæ аргъауæй, кæм – уайдзæф кæнæ сё разæнгардгæнгæйæ, сæйрагдæр та, – хи æгъдау æмæ æфсарм æвдисгæйæ. Гъемæ нын не Сфæлдисæг Иунæг кадджын Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, цæмæй та Иры зæххыл ирон адæмы цард йæ уагмæ раздæха. «Хистæр – зондамонæг, æгъдаутауæг, кæстæр – коммæгæс лæггадгæнæг».

ТУАТЫ Алан,
æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы æвзæрст лæг