ХЪУЛАТЫ Земфирæ

Рæстæг кæлæнгæнæг куыд нæу… Знон дæр ма дæ фæндтæ, дæ нысантæн кæрон дæр нæ уыд, æвзонг уды монцтæ, абухгæйæ, æддæмæ тыдтой. Абон та… Цæсты фæныкъуылдмæ аивгъуыдтой сабибонтæ, æрыгон азтæ æмæ згъорынц дарддæр. Цард бындуронæй аивта. Хатгай йын йæ куырм æлхынцъытæ райхалын æнцон нæ вæййы. Фæлæ уый хыгъд цас цымыдисаг цаутæ, цас рæсугъд æнкъарæнтæй рæвдауы адæймаджы, хъæздыг ын кæны йæ миддуне. Уалдзæджы хъарм улæфт та нын балæвар кодта царды цин, æхцондзинад.

Сылгоймаг æмæ уалдзæг… Ацы дыууæ дзырды тынг фидауынц иумæ. Кæддæриддæр поэттæ сылгоймаджы сурæт райдзаст, цинвæлыст уалдзæгимæ абарынц. Семæ разы дæн! Мæ куысты хорздзинæдтæй иу у, Ирыстонæн кад чи кæны, уыцы куырыхон, ацæргæ сылгоймæгтæ, астæуккаг фæлтæры минæвæрттæ, æрыгон æвæлтæрд чызджытимæ æхсызгон, цымыдисаг фембæлдтытæ аразын. Бирæ миниуджытæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Иу та сæ кæны бæрнондзинад.

Сылгоймаг, уарзæгой уды хицау… Йæ иузæрдиондзинадæй бинонты кæрæдзийыл бæтты, узæлы сабитыл, кусы, архайы æхсæнадон царды. Афтæ мачи зæгъæд, æмæ царды æцæгдзинад не `нкъарын. Цавæр æппæрццæг миниуджытæ халынц нæ фыдæлтыккон æгъдау, уый дæр уынын. Нæ фæсивæды «хорз» æмæ «æвзæр» иртасыныл хъуамæ ахуыр кæной нæ хистæртæ, цудын сæ ма бауадзой. Афтæ фæзæгъынц: «Чызг чи хъомыл кæны, уый хъомыл кæны нацийы фидæн».

Кæддæр Джыккайты Шамилимæ университеты цур фембæлдтæн. Студентты тыххæй ныхас куы рацыд, уæд загъта: «Æнæуаг лæппу кæнæ чызгыл мæ цæст æрхæцыд, зæгъгæ, уæд мæ зæрдæ авд дæлдзæхы ныххауы. Хорз кæстæрыл куы сæмбæлын, уæд та мæ зæрдæ уæлæрвтæм стæхы!» Афтæ æз дæр… Хæрзæгъдау фæсивæд мын мæ царды бонтыл æфтауынц.

Ивгъуыд æнусы цы къамтæ ист æрцыдысты, уыдон мæ тынг æлвасынц сæхимæ. Кæсынæй сæм нæ фефсæдын. Уæлдай цымыдисæй, лæмбынæг фæкæсын сылгоймæгты фæлгонцтæм. Уыцы уæздан цæстæнгас, сыгъдæг сурæт, сæрыстырдзинад æвдисæн сты, ирон сылгоймаг æхсæнады цы бæрзонд бынат ахста, уымæн. Ирон сылгоймаджы æнтыстытæй æз дæн сæрыстыр. Зынгæ фæд ныууагътой зонады, культурæйы, æхсæнадон царды, сæ æвæрæн бахастой ирон адæмы хæзнадонмæ. Ныр та сæ рад æрхæццæ кæстæр фæлтæрæн. Ныфс мæ ис, цардбæллон, рæсугъд, æгъдауджын чызджытæ мын мæ бæллиц кæй нæ фæсайдзысты. Ноджы бæрзонддæр сисдзысты ирон сылгоймаджы кад æмæ намыс.

Уалдзæг нырма йæ тæмæны нæма бацыд. Хур нæ судзы, йæ тынтæ нырма сты фæлмæн æмæ рæвдаугæ. Ныфс нын дæтты ног цард, ног амонд, ног тыллæгæй. Алчидæр æм цыдæр хорзæхмæ æнхъæлмæ кæсы. Уадз, æмæ уа амæндтæ тауæг æмæ сабыр дуджы фидиуæг!

Хъулаты Земфирæ