ХЪУЫСАТЫ Садредтин

ÆВЗАГ У АДÆМЫ ЗÆРДÆЙЫ УИДАГ


15 майы фæбæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уый махæн уæлдай уарзондæр æмæ буцдæр даринаг бæрæгбон у. Æмæ куыд нæ, кæд æмæ æвзаг у адæмæн сæ цард, сæ зæрдæйы уидаг, се ‘гъдау æмæ сæ намыс! Æвзаг у нæ раздзæуæг, фæндаг амонæг, зынаргъ æмæ фыдæлтæй баззайгæ цытджын хæзна, нæ хъæздыг историйы бындур. Фæлæ, хъыгагæн, не ‘взаг у æрхæндæг, æфхæрд, фæсдуармæ йæ бирæ нал хъæуы, уымæн Æмæ йын, куыд æмбæлы, ахæм кад нæ кæнæм. ЮНЕСКО дæр нын нæ зæрдыл æппынæдзух дарын кæны, уе ‘взаджы, чи фесæфт, уыдоны номхыгъдмæ бирæ нал хъæуы, зæгъгæ.

Нæ сæрмæ хурау бæрзонд хæссинаг чи у, уый мах нæ къæхты бынмæ æруагътам. Арæхдæр хистæртæ ацы фарстайы аххосджын кæнынц кæстæрты. Фæлæ уый раст нæу. Алцыдæр хистæрæй цæуы. Махæн, Турчы цæрæг ирæттæн, нæй ирон скъола, ирон телеуынынад, ирон газеттæ æмæ журналтæ, фæлæ, кæд абоны онг æцæгæлон бæстæйы не ‘взаг бахъахъхъæдтам, уæд æрмæстдæр уымæн, æмæ нæ хæдзæртты хистæртæ кæстæртимæ иронау дзурынц. Бæргæ, Ирыстоны æвзаг бахъахъхъæнынæн цы уавæртæ арæзт цæуы, ахæм уавæртæ махæн дæр ам куы уаид, фæлæ Турчы ахæм закъон нæй, – иууылдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынц туркаг æвзаг.

Сабырдзинады проспектмæ куы рацæуæм æмæ дзы кæйфæнды дæр куы бафæрсæм, абон Ирыстоны тыхстагдæр фарста цы у, зæгъгæ, уæд иутæ зæгъдзысты, хæст кæй цæуы, иннæтæ – экономикон кризис, куысты бынæттæ нæй æмæ нæ фæсивæд стыр горæттæм ныххæррæтт кодтой, социалон уавæр æвзæр у, фæндæгтæ æдзæллаг сты… Раст уыдзысты, фæлæ уыдон не ‘ппæты стырдæр æмæ сæйрагдæр проблемæтæ не сты. Уыдон сты абоны фарстатæ. Экономикон кризис ныртæккæ алы бæстæйы дæр ис. Гæнæн ис, дæс азы фæстæ цард æндæрхуызон уыдзæнис, ранымад фарстатæ дæр сæ гаччы сбаддзысты. Ис сын сраст кæныны мадзæлттæ дæр. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, махæн, ирон адæмæн, мадæлон æвзаг фесафынæй стырдæр æмæ тæссагдæр проблемæ нæй! Æвзаг куы фесæфа, уæд ма йыл фондз нæ, фæлæ сæдæ азы куы архайæм, уæддæр йæ къахыл нал слæудзæн. Цыфæнды хъæздыг, цыфæнды æхцайы хицау уæнт адæм, мадæлон æвзаг сын куынæ уа, уæд æвæд сты.

Туркæгтæм ахæм ныхас ис: æвзагыл, дам, дунейы цæрджытæй иунæг адæймаг куы дзура, уæддæр уый сæфтыл нымад нæу. Сæфтыл нымад у, йæ мадæлон æвзагыл дзурын чи фæразы, фæлæ йыл чи нæ дзуры, уый.

Мæ зынаргъ ирон адæм, цæй æмæ не ‘взагæн хицау ныллæууæм! Базонын ын кæнæм йæ ад нæ кæстæртæн, адæттæм æй нæ фидæны фæлтæртæм, скæнæм нæхицæн удыбæстæ. Раттæм Къостайæн цæрæнбон не ‘взаджы рæсугъд азæлды, бахæрæм ард йæ номæй!

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнадон змæлд «ALAN»-ы
сæрдар ХЪУЫСАТЫ Садредтин