Канта ИБРАГИМОВ

Студент ма куы уыдтæн, уæд-иу мæ хæлæрттимæ Грознайæ рараст стæм Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй ам нæ дойны суа- дзæм æрдзы рæсугъддзинадæй, йæ бæрзонд æмвæзадыл æвæрд культурæйæ, цæмæй нæ фæллад суадзæм æмæ нæ зæрдæйы дзæбæхæн нæ рæстæг арвитæм горæты историон бынæтты. Дзæуджыхъæу у æмæ кæдфæнды дæр уыд æппæты аивдæр æмæ рæсугъддæр горæт. Цæры дзы зæрдæхæлар адæм.

Хуыцау – ме ‘вдисæн! Абон райсомæй Дзæуджыхъæумæ куы æрцыдтæн, уæд мæ цæст ахастон Теркыл. «Куыд диссаг у», –  ахъуыды кодтон мæхимидæг, – Кавказ райс, уæд, зæгъæн ис, алы республикæмæ дæр хæццæ кæнынц ацы цæугæдоны къабæзтæ, фæлæ цыма Ирыстоны Теркæн йæ дон дæр æппæтæй сыгъдæгдæр у, йæ бакастæй дæр рæсугъддæр у, афтæ мæм фæкæсы.

Уæвгæ та, Кавказы, Уæрæсейы, Дунейы Фарн кæм рантысы, уый у Ирыстон! Ам райгуырд мæ уарзон поэт Къоста.

Махæн иу сты нæ культурæ, нæ истори, не ‘гъдæуттæ. Иу сты не ‘взаг æмæ литературæйы фарстатæ дæр. Æмæ нæ уый кæны ноджы æнгомдæр. Мæ бæллиц та у нæ адæмы хæлардзинад æмæ сæ рæсугъд фидæн!

Канта ИБРАГИМОВ,
Цæцæны Фысджыты цæдисы сæрдар,
Дзæуджыхъæу, 29 сентябрь, 2021 аз