МОРГУАТЫ Жаннæ

НÆ НÆРГÆ ПАДДЗАХАД ДАРДДÆР ДÆР ЦÆУÆД РÆЗТЫ ФÆНДАГЫЛ!


Ахицæн сты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытæ.

Фыццаджыдæр мæ фæнды, чи дзы архайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр раарфæ кæнын сæ граждайнаг зондахаст, уавæр æмбарыны æмæ патриотизмы тыххæй. Мах иууылдæр иумæ схъæлæс кодтам нæ нæргæ паддзахады фидæныл.

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмзондæй æвзæрстытæм кæй æрбацыдысты, уымæй равдыстой, Уæрæсейы политикон царды сæйраг фæзындмæ бæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый. Уæлдай арфæ нæ кадджын ветерантæн æмæ хистæр фæлтæры минæвæрттæн, стæй, фыццаг хатт чи хъæлæс кодта, уыцы фæсивæдæн æмæ, йæ хъæлæс раттынмæ æгас бинонтæй чи æрбацыд, уыдонæн.

Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды республикæйы территориалон æвзарæн къамисты æмæ хайæдты уæнгтæн æвзæрстытæм цæттæ кæныны æмæ сæ æмбæлгæ уагыл ауадзыны тыххæй. Бирæ адæм ма æрбацыд, хайæдты æвзарæн къамистæ хæдзари-хæдзар кæй æрзылдысты, уый тыххæй. Уыцы куыст дæр æмбæлгæ уагыл ацыд. Æвзæрстыты уагæвæрдтæ аразгæ уыдысты къамисы алы уæнджы профессионализм æмæ æвзарджытæм хорз цæстæй ракæсынæй. Уым дæр сарæхстыстут, куыд хуыздæр гæнæн уыд, афтæ!

Æвзæрстытæ, закъонмæ гæсгæ куыд æмбæлы, цæмæй афтæ нымад æрцæуой, ууыл бирæ алы æмвæзадты кусджытæ бацархайдтой. Бузныг зæгъын республикæйы æппæт муниципалон иугæндты сæргълæуджытæн, бынæттон хиуынаффæйады оргæнты кусджытæн, дзыллон-хабархæссæг фæрæзты, электрон тыхы æмæ бастдзинады минæвæрттæн, Культурæйы, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, Спорты, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадтæн æмæ, æвзарæн хайæдты нывыл уаг чи сæвæрдта, уыцы барадхъахъхъæнæг оргæнтæн.

Бузныг бархионтæн сæ зæрдиаг куысты, зæрдæмæхъаргæ æнкъарæнты æмæ цымыдисаг фембæлдтыты тыххæй!

Сæрмагондæй арфæ кæнын РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Парламентæн æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн.

Хицæнæй ма фæнысан кæндзынæн, æртæ боны дæргъы æвзæрстытæм кандидатты номæй йæ цæст чи дардта, уыдоны дæр.
Иууылдæр иумæ сарæзтам тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ хъуыддаг!

Арфæйаг ут!

МОРГУАТЫ Жаннæ,
Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы сæрдар