СУАНТЫ Станислав

ПАТРИОТ УÆВЫН ЦАРДЫУАГ ХЪУАМÆ УА


Райгуырæн бæстæ адæймагæн Хуыцауæй лæвæрд вæййы, æмæ йæм уарзондзинады æнкъарæнты бындур та у патриотизм.

Патриотизмæн уæлдай стыр ахадындзинад вæййы цавæрдæр фыдæвзарæнты рæстæг, ахæм у ныртæккæ Сæрмагонд æфсæддон операци дæр. Уым нæ чысыл Ирыстон æмæ стыр Уæрæсейы рухс фидæны сæраппонд нæ лæппутæй бирæтæ басгуыхтысты: хистæр сержант Есенаты Таймураз; майортæ Датиты Алан, Абайты Юри æмæ булкъон Максим Стефанов та систы Уæрæсейы Хъæбатыртæ.

æдæ не ‘хсарджын фыдæлтæ дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знагыл сæ патриотон æнкъарæнты руаджы фæуæлахиз сты. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты цаутæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ та цæстыты раз цыртдзæвæнау слæууы нæ лæппуты хъæбатырдзинад.
Фæлæ Уæрæсейыл акодта ахæм бонтæ дæр, дзырд «патриотизм»-æн йæ кад куы фæцудыдта цæстфæлдахджытæ æмæ мæнг патриотты руаджы. Уыцы фыдæхæй уæд Хуыцау Ирыстоны бахызта, уымæн æмæ ирон адæм æфсæддон лæгæн, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн рагæй нырмæ дæр стыр аргъ кæнынц.

Æхсар, Сгуыхт æмæ Сæрибар – уыдон алы цæрæгæн дæр æнгом баст сты Райгуырæн бæстæ хæдбар, тыхджын, экономикон æгъдауæй хъомысджынæй уыныны æнкъарæнтимæ. Хи равдисыны охыл æнæпайда ныхас кæныны дуг фæци, æрцыд бæлвырд хъуыддæгты рæстæг, æмæ уый æххæстæй зыны, Уæрæсейы разамынд царды цы политикæйыл хæст сты, ууыл. Уыимæ ныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст æфсадыл нæ цæуы, фæлæ ма æхсæнады алы къабазы æнæзæрдæхудт фæллойыл дæр.

Ирыстоны Хицауад æмæ æхсæнадон организацитæ та хъуамæ патриотон зондахастæн ахæм уавæртæ саразой, цæмæй алчи дæр, исты худинаггæнæн хъуыддаджы размæ, йæхицæн зæгъа: «Æз ирон дæн, афтæ кæнын мын не ‘мбæлы!» Ныртæккæ ахæм гæнæн ис, уымæн æмæ, 1990-æм азты нæ паддзахад куы фæцудыдта, æмæ патриотизм æфхæрæн ныхасау куы сси, уæддæр нæ зæрдæ никæд сивтам нæдæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытыл, нæдæр йæ кад æмæ радæн йæхи бынаты удуæлдайæ архайджытыл…

Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалы у æфсæддон хæс æххæстгæнæджы иууыл уæлдæр хорзæх. Фидарæй нæ уырны, Таймураз, Алан, Юри æмæ Максимы сгуыхтдзинад цæвиттойнаг кæй суыдзæн Уæрæсейы мингай лæппутæн, уый.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фæдыл мæ фæнды арфæ ракæнын, ацы кадджын бæрæгбонмæ бар чи дары, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Сымах стут Уæрæсейы, Ирыстоны ныфс æмæ хъару! Хуыцауы фæдзæхст ут!

СУАНТЫ Станислав,
инæлар-булкъон