ТУСКЪАТЫ Таймураз

НÆ ИУМÆЙАГ ХÆЗНА


Зæрдæбын арфæ ракæнын мæ фæнды «Мах дуг»-ы 90 азы юбилейы фæдыл редакцийы кусджытæн, журналкæсджытæн, автортæн, ирон адæмæн се ‘ппæтæн дæр мæхи æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты депутатты номæй. Журнал «Мах дуг» у нæ иумæйаг хæзна. Йæ фыццаг рауагъдæй абонмæ тауы уарзондзинад мадæлон ирон æвзаг æмæ литературæмæ, фидар кæны ирондзинады уидæгтæ, культæрæ, æгъдау æмæ намыс! Журналкæсджыты зонгæ кæны литературæйы ногдзинæдтимæ, критикон уацтимæ, зæрдыл æрлæууын кæны ирон, уырыссаг æмæ иннæ адæмыхæттыты классикты хуыздæр уацмыстæ. Мæ сæрæй ныллæг кувын, журналæн бындур чи сæвæрдта, уыдоны рухс нæмттæн. Абон ноджы ахсджиагдæр у журналы ахадындзинад ног фæлтæрты хъомылады, нæ культурæ бæхъахъхъæныны фарстаты.

«Мах дуг» йæ фыццаг номырæй абонмæ цал æмæ цал курдиатджын фыссæджы уацмыстæ рахаста адæмы рæгъмæ, фæсивæдæй цал æмæ цал æрыгон адæймагæн байгом кодта фæндæгтæ ирон литературæйы бæрзæндтæм!

Алы азты «Мах дуг»-æн разамынд цы фæлтæрдджын фысджытæ лæвæрдтой, уыдоны рухс нæмттæ нæ рох кæнгæйæ, журналы кусджытæ абон дæр сыгъдæгæй дарддæр хæссынц сæ фарны хъуыддæгтæ. Ис сын бастдзинæдтæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цæрæг ирон национ-культурон æхсæнадтимæ, Цæгат Кавказы иннæ республикæты журналты редакцитимæ æмæ сæ журналкæсджытимæ, фидарæй-фидардæр кæнынц адæмты ‘хсæн бастдзинæдтæ æмæ хæлардзинæдты уидæгтæ. Мах хъуамæ, нæ хъарутæ баиу кæнгæйæ, бахъахъхъæнæм æппæты сæйрагдæр хæзна – нæ адæмы бæрзонд монон культурæ!

Уыцы арфæйаг хъуыддæгтæ редакцийы кусджытæй домынц æрмæст профессионалон зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма стыр хъару дæр. Уыцы миниуджытæй «Мах дуг»-ы редакцийы кусджытæ цух никуы уыдысты. Æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дарддæр дæр æнувыдæй, зæрдæрухсæй кусат, уæ разы цы сфæлдыстадон хæстæ æвæрут, уыдон æнтыстджынæй æххæст кæнат. Уæ фидæн та ноджы бæллиццагдæр, рухсдæр куыд уа, ахæм арфæ уæ уæд!

Амонд æмæ фарнимæ цæрут!

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар
ТУСКЪАТЫ Таймураз