УАТАТЫ Зелим

Адæймаг цардмæ куы рантысы, уæдæй фæстæмæ æнгом баст вæййы йæ райгуырæн бæстæимæ, йæ уидæгтимæ, цы адæмы ‘хсæн райгуырд, уыдонимæ. Гуырцæй сæм рахæссы уарзондзинад æмæ арф æнкъарæнтæ.

Хуымæтæджы хъуыддаг нæу, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нæ бæстæйы æппæтадæмон бæрæгбæтты ‘хсæн Ирыстоны сæрмагонд бынат кæй ахсы, уый. Уыцы бон мах кад фæкæнæм, канд ивгъуыд дугты æфсады æмæ флоты хæстонтæй Фыдыбæстæйæн чи балæггад кодта, уыдонæн нæ, фæлæ ацы бонты йе ‘фсæддон хæс æмæ ардбахæрд чи æххæст кæны Уæрæсейы Æфсады, уыдонæн дæр. Дунейы сабырдзинад æмæ алы адæмты ‘хсæн хæлардзинад  хъахъхъæнын, фыдæрцыд æмæ сæ фыдбæллæхтæй бахизыны фæндаг ирон лæгæн кад æмæ намысы хъуыддаг уыд кæдфæнды дæр!

Абон дæр та, лæгæвзарæн бон куы æрцыд, уæд нæ фæсивæд бархийæ фыццæгтимæ уæхски-уæхск æрлæууыдысты иннæ адæмыхæттыты фарсмæ æмæ сæ фæндаг сарæзтой Рæстдзинады сæрвæлтау!  Сæхи бахъуаджы сахат  равдыстой æмæ дарддæр дæр æвдисынц хъæбатырæй. Нæ фесты царды, зæххы раз къæмдзæстыг.

Хæстмондаг, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон лæг никуы уыд. Фыдæлтæй нын баззад фæдзæхст: «Æнæхъуаджы дæ хæцæнгарз макуы слас, куый йæ сласай, уæд та йæ æгадæй макуы нывæр».

Мах Фыдыбæстæ хъахъхъæныны бон æрымысæм, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, 1989 – 1992, 2008 азты знаджы къухæй чи фæмард, уыцы æхсарджынты рухс нæмттæ. Абон  кад кæнæм,  Уæрæсейы æфсады рæнхъыты чи ис, ирон лæджы ном тырысайау бæрзонд æмæ сыгъдæгæй чи хæссы, уыдоны арфæйаг хъуыддæгтæн. Мæн бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды, уыцы кæстæрты ныййарджытæн – Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ сын сæ туджы чи сабухын кодта, æмæ уыцы уылæнтæ царды размæ кæй хæссынц, уый тыххæй.

Хæст хæст у! Хотыхты нæрын кæм фæцæуы, уым вæййы хъыджы хабар дæр. Æз æмбарын, йæ хъæбул кæмæн федзард, уыцы ныййарджыты дудгæ рис æмæ сын хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæнын. Уæвгæ та, уый æгас Ирыстоны рис дæр у. Хуыцау не ‘ппæтæн дæр раттæд хъарутæ ацы зындзинады сæрты ахизынæн. Сæ рухс нæмттæ фыст уыдзысты Уæрæсейы историйы, нæ уыдзысты рох фидæны фæлтæртæй,  æмæ нын кæд уыцы уавæр фæкъаддæр кæнид нæ зæрдæты хъæдгæмттæ, нæ удты хъæрзын…

Æнцон рæстæг не скодта, фæлæ уыдис зындæр рæстæджытæ дæр. Фидарæй зонын, адæм кæрæдзийы ныфсæй ахиздзысты цыфæнды фыдæвзарæнты сæрты дæр. Мах абон бирæ цæмæйдæрты цудæм, æмæ, се ‘ппæт рæстæджы аххос куы фæкæнæм, уæд, уымæй нæхи цы сайæм, æндæр ницы. Алырдыгæй нæм цы æвзæр хабæрттæ æрбайхъуынц, уыдонæй  лæджы мард æнцондæр у. Уæхæдæг дæр сæ уынут, стут сын æвдисæн. Уыдон сраст кæныныл хъæуы æвæстиатæй бакусын.  Мах æппæлæм нæ фыдæлтæй, сæ хъæбатырдзинадæй, нæ алыварс цæрæг адæм пирæны коммæ лæбурæгау кæй раиваз-баиваз кæнынц, сæхи йæ хонгæйæ æмæ дзы афтæмæй сæхи буц кæнгæйæ, уыцы  историйæ. Фæлæ ма равдисæм абон нæ фыдæлты хъæбатырдзинад нæхæдæг дæр, цæмæй махæй дæр нæ фидæны фæлтæртæ афтæ буц уой æмæ нæ сæ сæртæ бæрзæндты хæссой. Æз ацы хъуыддаджы канд фæсивæды нæ зылын кæнын. Нæхæдæг дæр аххосджын стæм.  Кæмдæр фæрæдыдыстæм, патриотон хъомыладыл кæстæртимæ фаг нæ бакуыстам æмæ ныр, цы байтыдтам, уый кæрдæм.

Сæрмагондæй мæ фæнды зæгъын, 1992 азы нæ сыхæгтимæ быцæуы рæстæг нæ рæстдзинад кæй не сбæрæг кодтам, уый тыххæй. Куыд бауагътам гæды ныхæстæ зæгъын уыцы хъуыддаджы фæдыл! Ныр, куыд уынæм, афтæмæй уый хорзæрдæм нæ сахадыдта нæ абоныл, Уæрæсейыл дæр фæбæрæг. Уыцы агрессийы рæстæг Ирыстоны сæраппонд йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ мысгæйæ, махæн нæ хæс у, нæ рæстдзинад, куыд æмбæлы, афтæ сфидар кæнын.

Ныр дæр, Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уым нæ лæппутæ сты раззæгтимæ. Алырдыгæй хъуысы ирон ныхас. Ирыстонмæ сæ рæстæгмæ чи ссæуы, уымæн йæ зæрдæ фехсайы, уым чи баззад йе ‘мхæцджытæй, уыдонмæ, æмæ йын кæд сæхимæ баззайыны фадат вæййы, уæддæр не ‘рлæууынц, фæстæмæ се ‘мтохгæнджытæм фæтырнынц.  Уым сæ иу иннæмæн у æфсымæр, æмæ афтæ уæд кæддæриддæр, æрмæст айдагъ  хæстон уавæрты нæ!

УАТАТЫ Зелим,

РЦИ-Аланийы Парламенты депутат