ГÆЛÆБАТЫ Мурат

Йæ сабибонтæ арвыста Алагиры æмæ Хъæдгæроны, æмæ йын дыууæ бынаты дæр тынг зынаргъ сты. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æм стыхджын Алагиры 3-æм скъолайы, уый фæстæ йын ноджы уæлдæр срæзыд 1-æм скъолайы.

2022 азы Мурат каст фæци Хæххон паддзахадон аграрон университет, ныр та ахуыр кæны Дзæуджы- хъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы.

«Алагиры уынгтæ мын мæ ныфс сфæлтæрдтой, Хъæдгæроны быдыртæ мын радтой куыстуарзондзинад. Ирон лæгæн йæ кад ма сæфæд, æндæр цыфæнды куыст дæр мæ сæрмæ хæссын. Дзæуджы- хъæу та мын радтa бирæ зонындзинæдтæ, ам райдыдтон аргъ кæнын алы бон æмæ алы уысмæн дæр», – зæгъы Мурат. Мадæлон æвзагмæ йæ цæстæнгас та мæнæ ацы хъуыдыйæ равдыста: «Мæ царды сæрмагонд нысан у Ирыстоны хорздзинадæн архайын. Тырнын мæ фæстæ кады фæд ныууадзынмæ. Ахæм фæд та уæд фæзындзæн, æмæ Зæххы къорийы кæмфæнды дæр куы зоной, цы кадджын адæм цæрынц Ирыстоны æмæ сын сæ хъæбатыр фыдæлтæ цы уæларвон хæзнатæ ныууагътой, уый.

Ирон æвзаг у нæ адæмæн сæ туджы бæрæггæнæн, фыццаджыдæр, йæ руаджы бæрæг у, кæй фæдонтæ стæм, уый. Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйæн цы кад кæнын æмбæлы, уымæн ын йæ хæрзчысыл хай дæр нæ кæнæм. Сомбон ацы уавæр хъæуы аивын, уый та нын бантысдзæн æмзонд архайды руаджы».

МАХ СИСДЗЫСТӔМ НӔ ТЫРЫСА

НӔ ФЫДӔЛТӔ

Нӕ фыдӕлтӕ тӕппуддзинад нӕ зыдтой –
Хъӕбатыртӕ, ныфсхаст.
Кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау рӕвдыдтой,
Ызнагӕн сӕм нӕ уыди барст!

Сӕ барджытӕ та дунетӕн – хъуыстгонд.
Ӕхсарджын лӕг фыдзаман дӕр нӕ сӕтты –
Бӕрзонд, рӕсугъд ӕмӕ хӕрзконд,
Быныл цагъд-иу фӕкодтой знаджы ‘фсӕдты!

Хӕстон хотыхтӕй тасхӕссӕг ӕфсадмӕ
Уыди сӕйрагдӕр фат ӕмӕ ӕрдын,
Зынг фаттӕ-иу фӕтахтысты уӕларвмӕ,
Ызнагыл-иу ӕрбатыхсти фыдфын!

Ӕнӕгъдау уыд нӕ фыдӕлтӕм ӕлгъаг,
Рӕстдзинад та – хӕрзиуӕгыл нымад!
Сӕ цард кӕрӕй-кӕронмӕ уыд фӕндаг,
Сӕйрагдӕр сын уыди сӕрибар ӕмӕ кад.

Нӕ фыдӕлтӕ сты не стӕджы, нӕ туджы!
Сӕ кад ӕнустӕм никуы уыдзӕн рох!
Ӕмӕ ызнаг куы ‘рбабырса нӕ дуджы,
Мах сисдзыстӕм нӕ тырыса,
Ӕмӕ ныццараудзӕни «Тох!»

КÆРДÆГХУЫЗ ЦÆСТЫТÆ

Кæрдæгхуыз цæстытæ æз уарзын.
Сæ уындæй бафсæдын æппын
Мæ рæзгæ удæн нæу йæ бон.
Мæ къона, бахæрон дæ рын,
Æз дæн цæргæс, ды та мæ бæлон.
Зæрдæйæн бауромын уарзт,
Æвæдза, никуыд у йæ бон.
Фыццаг хатт дæ куы федтон, уæд æваст
Мæ цинæн нал уыди кæрон.
Ды дæ мæнæн мæ Бонвæрнон,
Дæ уæздан бакаст – адджын фын.
Нæ зонын æз, цы ма кæнон,
Мæ уд хъæрзы, фæлæ быхсын.
Дæ дзырд мæ зæрдæйæн у мыд,
Дæ кафтæй бафсæдён мын нæй.
Мæ бæллиц у, цæмæй рæвдыд
Æз уон дæ уарзондзинадæй,
Цæмæй æмзондæй иумæ мах
Хæлар цард райдайæм кæнын.
Ды дæ мæ царды рухс цырагъ.
Мæ хур, дæ номыл ард хæрын.
Нæ цард æрвитдзыстæм, куыд кафт,
Нæ фезмæлд – рог æмæ уæздан,
Цыргъгонд – мæ цирхъ, хъæддых – мæ уарт.
Кæдфæнды дæр, цыфæнды ран
Нæ амонды сæрвæлтау æз хæцдзынæн.
Хъару мын ратдзæни дæ уарзт.
Фыранкау размæ æз бырсдзынæн,
Знæгтыл калдзынæн мæ маст.

Рæсугъд чызгай,
Мæ цин, мæ фыдбылыз, мæ мæт…
Мæ дзырдыл ма фæу тæргай.
Зындон дæр демæ у дзæнæт.