БЕТЕТЫ Фатимæ

Ирон дзырд, ирондзинад йæ зæрдæйы рæбинаг кæмæн сты, уыцы арфæйаг кæстæртæй иу у Бететы Фатимæ. Райгуырд 1994 азы Æрыдоны. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, æртыккæгæм къласы куы ахуыр кодта, уæд. Каст фæцис ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет. Уым ноджы тынгдæр райхæлд йæ курдиат. Ахуыры фæстæ кусын райдыдта Æрыдоны 2-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Бацыд аспирантурæмæ дæр. У ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы аспирант.

 

МÆ ИРЫСТОН

Ирон дæн æз! Ирон зæхмæ мæ цæстæй
Кæддæр фыццаг хатт ракастæн æз дæр.
Æмæ дæуæй, мæ удæн адджын бæстæ,
Мæ Ирыстон, цы уарзгæ у фылдæр?
Дæ рог дымгæ мæ авдæны куы уызта,
Дæ хъарм хъæбысы базыдтон рæвдыд.
Дæ адджын донæй ме уæнгтæ æфсæстай,
Дæ сыгъдæг уæлдæф раст мæ риуы цыд.
Ирон мады фæлмæн къухыл хæцгæйæ,
Ирон зæххыл фыццаг къахдзæф кæддæр
Æз акодтон. Рæствæндагмæ бæлгæйæ,
Æрмæст дæуыл мæ фæндтæ баст ныр дæр!
Ирон хистæртæй базыдтон чысылæй,
Цы сты ирон æфсарм æмæ æгъдау.
Мæ къух сыл сисон? Талынгæй, æмырæй
Цæрæнбонты фæцæрдзынæн фæлтау.
Мæ Ирыстон, дæ цинтæ сты мæ цинтæ,
Мæ зæрдæйæн йæ саудæр маст – дæ маст.
Мæ Ирыстон, куы мын раттис дæ зынтæ,
Дæхицæн та куы ахæссис мæ уарзт!

 

МАД

Кæддæр мæ мæтæй мады зæрдæ тад.
Ныр дæр дæ зæрдæ уыцы мæтæй ризы.
Цыфæнды сау, уæззау фæллад фæлидзы,
Куы æрлæгъз кæны сæрыхъуынтæ мад.

Ныййарæг мадæн у йæ саби цин.
Дæ зæрдæйæ куы ницы ис уæрæхдæр,
Дæ рæвдыдæй куы ницы ис дзæбæхдæр!
Дæ хъæбулæн дæм буц лæвæрттæ – мин.

Цæйбæрц фыдæбон бафæразы мад…
Æнæнымæц æнæхуыссæг æхсæвтæ…
Дæ цæстытæ сты царддæттæг цæхæртæ.
Сæ ферттывдæй æз банкъарын йæ ад.

Дæ фæлмæн къухтæ – амонды тæдзæн.
Дæумæ цæуын æнцон æмæ æхцон у.
Дæ уарзонад ысбарын та кæй бон у?!
Мæнæн æдзухдæр рухс цырагъ уыдзæн.

Кæй дард фæндагыл никуы вæййы зын?!
Дæ мидбылхудт æвдадзы хос куы фесты.
Дæуау зынаргъ дунейы хæрзтæ не сты,
Дæуæн, ныййарæг, царды аргъ кæнын.

Сырх дидинджытæ райхæлы, æцæг,
Ныййарæджы рæсугъд хъæлæсæй уды.
Фæкæнын æз сæ амондмæ тæхуды,
Æрмæст фæкæнын ахæмтæм хæлæг,

Ныййарæджы æнæкæрон хæрзтæй
Сæ иуæн дæр кæмæн бантысы фидын,
Сæ иуæн дæр кæмæн бантысы фидын
Ныййарæджы æнæфидгæ хæстæй…

 

* * *

Æхсæртæгты, Æхсарты дуг куы фæуа,
Цы хуыздæр у: фыдвæд æви æвæд?
Ирон куывды Уырызмæгтæ куы нал уа,
Ыстыр Хуыцаумæ чи кувдзæни уæд?

Куы нæуал уа Сослантæ ‘мæ Батрадзтæ,
Кæмæй риздзæн æмризæджы ызнаг?
Кæстæрæн нæм куы не ‘нтыса Тотрадзтæ,
Нæ буц хистæртæн чи кæндзæн лæггад?

Куы нал цæра ирон зæххыл Сырдонтæ,
Фæндыры зæлтæй чи равдисдзæн маст?
Куыд кæндзысты фыдæлты зард фæдонтæ,
Ацæмæзтæ куы ныууадзой сæ хъазт?

Фыдæлты фарн æнустæм сæфт фæуыдзæн,
Ныридæгæн фыдвæндагыл тындзы…
Агуындæтæ, Бедухатæ кæм уыдзæн?
Дзерассæтæ куы нал цæуой чындзы?

Къæбæргæнæг Сатанатæ куы нал уа,
Кæй къухæй цæудзæн а зæххыл бæркад?
Ирон хъазтмæ куы нал цæуа Акула,
Кæмæн кæндзысты хорз лæппутæ кад?

Фыдæй йæ фырт куы нæ цæуа хуыздæрмæ,
Уæд не ‘взагæн, уæд не ‘гъдæуттæн – кæрон,
Ирондзинадæн нал уыдзæн йæ зæрдæ,
Æгас дунейыл нал уыдзæн ирон!!!

 

* * *

Айтынг, апырх мигъджын арв мæ сæрмæ.
Уазал дымгæ сагъæстæ хæссы.
Зæрдæ риссы къæвдайы уынæрмæ.
Ацы хатт йæ æртæхтæй тæрсын.

Уазал къухтæ нал тæфсынц æппындæр,
Ногæй рустыл бахæцыд фæлурс.
Фæллад уд та маст кæны цæуылдæр…
Цæст дæумæ æнхъæлмæгæс ныуурс.

Ацы фæззæг йе ‘нахуыр фынтимæ…
Тыхст æмæ æнæхуыссæг æхсæв…
Де ‘нгас тохы бацыди мæнимæ,
Æмæ зæрдыл сæмбæлди йæ цæф…

 

* * *

Дæ цæстыты мæ батайын фæнды…
Сæ цъæхбын арфы аныгъуыл, тæхуды…
Дæ иу бакаст дæр царды ад дæтты.
Дæ бахудтæй мæм рухсамонд фæхуды.

Дæ цæстыты мæ батайын фæнды…
Нæ фæтæрсдзынæн фæззæгæй æз демæ.
Фæлурс мигътæ уад-дымгæ та хæссы –
Мæ сагъæстæ мын ахæсдзысты семæ.

Дæ цæстыты мæ батайын фæнды…
Сæ судзгæ артмæ батавин мæ зæрдæ.
Йæхиуыл мæ дæ цæстæнгас бæтты.
Æмæ тæхынц æвзонг азтæ нæ сæрты…

Ирон дзырд
Ирон дзырд у нæ хорзæхты бæрзонддæр.
Ирон дзырд у нæ хæзнаты хæзна.
Æндæр æвзагыл аивдæр, æхцондæр
Ирон адæймаг не сдзырдта нырма.

Фыдæлты фарн – йæ зæлыны, йæ мырты.
У алцыппæт зæгъынæн дæр уый фаг.
Ныййарæг мад куыд рæвдауы йæ фырты,
Рæвдауы зæрдæ мадæлон æвзаг.

Къостайы ‘взаг, ирон æвзаг… Нæ хур у,
Ирондзинады рухсгæнаг цырагъ…
Æрмæстдæр мын ирон æвзагыл дзурут,
Цæмæй æнусты ма фесæфæм мах!

 

* * *

Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг…
Йæ æрттывдæй ысрухс ысты мæ бонтæ.
Хъæздыг дæн æз мæ амондæй, хъæздыг,
Мæ цард фæци æхсызгондæр, æхцондæр.

Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг…
Сæ хорзæхтæй мæ скадджын кодтой зæдтæ.
Æз амайын мæ сомбонæн мæсыг.
У алы бон дæр хорзæнхъæл мæ зæрдæ.

Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг…
Цæмæ ма ныр фæкæнон æз тæхуды?
Мæныл ыстырдæр хорздзинад æрцыд –
Дæ уарзондзинад райхæлди мæ уды…

 

* * *

Дæуæн нывондæн хастон цард.
Дæ номыл зарыдтæн мæ зарæг.
Фæлæ нæ фехъуыстай мæ зард.
Мæ рыст нæ базыдта æмбарæг.

Дæуæн нывондæн хастон цард.
Дæ номыл стъалыйау фæсыгъдтæн.
Фæлæ дæуæн кæйдæрон, дард
Æмæ æцæгæлон куы уыдтæн.

Дæуæн нывондæн хастон цард.
Уыдтон дæ цæстыты æз хуртæ.
Фæлæ уæддæр уыдтæн æнкъард, –
Нæ рафты урс дидинæг дуртыл.

Дæуæн нывондæн хастон цард,
Дæ номæй алкæд кодтон сомы.
Дæу тыххæй суыдаин мæнгард.
Мæ бæллиц батади фæсмоны…

Дæуæн нывондæн хастон цард,
Мæ уд дын раттаин æнцонæй.
Сыгъди мæ зæрдæйы уæд арт,
Фæлæ æнæхъуаджы… Зыдтон æй…

 

* * *

Æз дæн къæвда. Кæуын æхсæвæй-бонмæ.
Ды та дæ хур. Дæ бахудты ис цард.
Дæуимæ баст мæ хъысмæт у кæронмæ.
Æртхутæг дæн, ды та дæ судзгæ арт.
Æз дæн æхсæв, зымæгон æмæ уазал.
Ды та дæ раст сæрдыгон бонау хъарм.
Дæ мидбылхудт дæ рухс цæсгомыл хъазы.
Зæххы хæрзтæй бæркадджын у дæ арм.
Æз дæн стъалы, дард æмæ æгомыг.
Ды та дæ мæй – ды райхъал кодтай мæн.
Æнæ дæу зæрдæ уарзын дæр нæ комы.
Æнæ дæу нæй мæ зæрдæйæн цæрæн.
Æз дæн æнæтых урс æврагъ цъæх арвыл.
Дымгæйау ды дæттыс фæндаг мæнæн.
Ды дæ æнус. Æз дæн уысмау дæ арфы.
Ды дæ цырагъ, аз та дæ аууон дæн…