БЕСТАУТЫ Аланæ

Поэзийы дунейы сусæг фæндæгтæм йæ фыццаг къахдзæфтæ уæндонæй кæны Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы литературон къорд «Суадон»-ы архайæг, литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреат Бестауты Вигентийы чызг Аланæ. 
5-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Ныртæккæ ахуыр кæны ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты.

РÆСУГЪД ИЗÆР

Рæсугъд изæр. Цы ма вæййы хуыздæр?
Сæрдыгон уддзæф ‘рбахæссы дæ хъæлæс.
Ды дæр кæныс, æвæццæгæн, кæмдæр
Мæ сау цæстытыл иунæгæй дæ сагъæс.

Рæсугъд изæр. Ныкъулы мæм йæ цæст
Дæ сау дзыккутау арф арвæй уæззау мæй.
Уæззау ысты йæ хъуыдытæ, йæ маст,
Уый басыгъди нæ зæрдæты цæхæрæй.

Рæсугъд изæр. Йæ адджын тæфæй мæн
Ныххуыдуг кодта, нал зонын улæфын.
Фыдрæгъæд дыргъау зæрдæ у фæлмæн.
Дæ къахвæдтыл æз ивылд донау згъорын…

Рæсугъд изæр. Цы ма вæййы хуыздæр?
Уый федтон æз дæ цæстыты æнгæсы.
Мæнæй дæ кæд æндæр уарзы фылдæр,
Уæд уый уыдзæн дæ мад кæнæ дæ Хуыцау…

 

КÆМÆНДÆР

Цæуыл у дæ катай, мæ хуры æнгæс?
Дæ цæсгомæй ивылынц дæттæ.
Къæвдабон æруадзы йæ цæнгтæ бæлас.
Цæмæ скъуыйы мургай дæ зæрдæ?

Кæд федтай дæ иунæджы ‘ндæримæ знон,
Æви йæ нæ федтай бынтондæр?
Дæ зæрдæ тыхджындæр цæуыл кæнид сонт?
Нæ быхсы йæ уарзтæн æндон дæр.

Дæ цæстытæ фестынц гуылфгæнгæйæ арт,
Куы та сыл ыстыр зæй æрцæуы.
Фæкæсы дæм хатгай сæкæр дæр æнад,
Дæ уд та хъуырмæ уæд ыссæуы.

Цæуыл у дæ катай, мæ хуры æнгæс?
Цы уаид дæ удæн æнцондæр:
Фыдуарзтæй кæйдæры мæлæты онг уарз,
Æви а зæххмæ ма ‘рцу бынтондæр…

ÆЗ АФТÆ ÆНХЪÆЛДТОН…

Æз афтæ æнхъæлдтон, лæджы ном ыссарын,
Æппæтæй æнцон у зæххыл.
Æз афтæ æнхъæлдтон, рæсугъд зарæг зарын,
Æнкъардæй дæр уды фæнды.

Æз афтæ æнхъæлдтон, куы ‘рцæуы нæм уалдзæг,
Æппæтæн вæййы уæд æхцон.
Куы вæййы лæджы зæрдæ кафаг ‘мæ зараг,
Йæ цард дæр вæййы уæд æнцон.

Нæ разынди цардæн йæ мидис та афтæ.
Цы ма йыл кæнон уæд æнкъард…
Бæрзонд арвы ронæй ысластон æндæхтæ,
Быдтон дзы æз хъавгæ фæндаг.

Нæ цард та мыл рацыд мæнгард æмæ хинæй,
Йæ цæсгом мæм равдыста ‘ргом.
Мæ цæссыг-иу калдтон кæддæрты фыр цинæй,
Ныр нал дæн кæуынæн дæр хъом.

Æфхæрд лæг æфхæрд у. Цы ма йын кæндзынæ?
Кæм тæрсы хуылыдзæй донласт.
Фыдæлты æмбисонд кæддæриддæр раст у:
«Æмдзу кæны цинимæ маст».

 

УАЛДЗЫГОН УДДЗÆФ

Уалдзыгон уддзæф мæ зæрдæйыл сæмбæлд,
Бахызти риуы æнæкæрон цин.
Хуры фæлмæн тынтæ, дымгæйы улæфт…
Уды уæздан зарæг семæ ысиу…

Раст цыма усгурау, мидбылты худгæ,
Уалдзыгон уддзæф мæ размæ цыди.
Райхæлди дидинау, никуы-ма афтæ
Зæрдæ йæ фыр цинæй расыг уыди…

Федтон дæ бакаст, федтон дæ цæстытæ,
Уалдзыгон уддзæф сæ æнгæс куы у.
Зæрдæйы арфмæ дæр уый тыххæй, судзгæ,
Уалдзæджы уддзæф æхцонæй хызти…

Уалдзыгон уддзæф мæ зæрдæйыл сæмбæлд,
Уымæн кæлæн дæр йæ разы та циу?
Афтæ æхцон ма куы вæййы нæ фембæлд,
Зæрдæты куыст дæр куы ысвæййы иу…

ДЫУУЫН ФЫЦЦÆГÆМ ДУГ

О, цардивæн, нæ дæ ‘рхастон мæ сæрмæ,
Æз де скондыл нæ разы кæнын, зон.
Æппæтæн дæр нæ дуджы ис æлхæнæн.
Уæ зæрдæтæн цæмæн у уый æхцон?!

Лæвайраг уæм цæмæ кæсы адджындæр?
Уæ хиды ‘ртахæй чи нæ у æхсад.
Кæуылдæрты куы бакалут зынджытæ,
Куыд æнхъæлут, нæ дзы судзут сымах?!

Рæсугъддзинад – ыстыр кад æмæ намыс,
Сыгъдæг цæсгом – рæстдзинадæй æхсад.
Кæд уыдонмæ дæ уды бæрц нæ бæллыс,
Уæд къæхты бын ныккæндзынæ дæ кад.

Нæ дæ ‘мбарын, нæ дæ хæссын мæ сæрмæ,
Æнæуынон дæ, цардивæны дуг!
Мæ фыдæлтæ цы ныууагътой сæ фæстæ,
Ныккалдтой, зоныс, уыдоныл сæ туг.

Æз уыдоны æгъдауы сæрыл мард дæн,
Сæ уæлмæрдтæн дæр табу кæнын æз.
Ды та, нæ цард, цы рахастай нæ размæ?
Мæнгардæй нын нæ сабитыл цæуыс.

Нæ дæ хæссын уæддæр, нæ цард, мæ сæрмæ,
Дæ дуджы сконд мæ удмæ нæу хæстæг.

 

* * *

Ирон лæг йæ фыртæн куы нæ уа фæзминаг,
Кæй фыртæй уæд райсдзæни лæппу дæнцæг?
Кæд вæййы лæджы цард уæлæуыл кæуинаг? –
Йæ бындур хуыздæрмæ куы нæ цæуа, уæд.

Ирон лæг йæ Зæдтæм куы нæ кува арæх,
Нæ кувдзæни уымæн йæ кæстæр дæр уæд.
Фыдæлты æгъдæуттæ куы баззайой рохуат,
Кæндзыстæм, ирæттæ, уæд искæд æвæд…

Ирон худ кæнынæн фыд аккаг куы нæ уа,
Йæ фыртыл нæ фидауы цухъхъа дæр уæд.
Æгъдауæн хæдзары йæхи аргъ куы нæ уа,
Зæгъут-ма, ирæттæ, цы уыдзæн нæ цард?..

Ирон лæг йæ фынгыл йæ хистæрты нæмттæ
Сыгъдæг дон, къæбæрæй куы нæ ссара, уæд, –
Йæ фыртæй дæр искуы, куы цæл кæна афтæ,
Уæд ферох уыдзæни йæ фыды бæркад…

Ирыстон фæрныг уæд, фæцæрæд нын бирæ,
Хуыцауыл фæдзæхст уæд нæ адæмы цард.
Æрмæст уæ æз курын, о Иры хъæбултæ,
Нæ фыдæлтæ – рухсаг. Ныр та у нæ рад!..