ЦОКОЛАТЫ Катеринæ

Райгуырд 1991 азы Таджикистаны. Поэзийы фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта, Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд, уый фæстæ та – Беслæны. Фыццаг фыста уырыссаг æвзагыл, уый фæстæ – иронау. Каст фæцис ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет. «Уым ирон дзырд ссис мæ хуыздæр æмбал. Уый зоны зæрдæйы фæндтæ, сагъæстæ, бæллицтæ æмæ сæ æргом кæны. Мæ бæллиц у, цæмæй скифты, сæрмæтты, аланты кад æмæ намыс ирон дзырды фарн дардыл тауа. Цæмæй йæ рæсугъд зæлтæ хуры тынау фæндаг ссарой адæмы зæрдæтæм, æмæ нæ чысыл бæстæ йе ‘взаджы иугæнæг тых банкъара. Мæ цард профессионалон музыкæимæ куы сбастон, уæд арфдæр банкъардтон, ирон дзырдыл зарæджы базыртæ кæй разайы», – зæгъы Катеринæ.

Æмдзæвгæтæ фыссынæй уæлдай Катеринæ, куыд сæрæн ирон чызг, афтæ дæсны у цыллæхызтæ бийынмæ æмæ хæрдгæбыдтæ кæнынмæ дæр. Уыцы дæсныйадыл аивады тыгъдад «Портал»-ы ахуыр кæны фæсивæды. Йæ зæрдæйæн адджын сты ирон зарджытæ: фæкæнынц сæ чызджытимæ цыллæхызтæ бийгæйæ. Уыцы рæстæг цыма нæ рагфыдæлтæ зарæджы зæлтæй немæ фæдзурынц, афтæ йæм фæкæсы. Поэзийы сусæгдзинæдтæ йын амыдта Джыккайты Шамил, Ирон къухмийы хъуыддаг та – Дауыраты Зæлинæ.

 

ХУРЫ ТЫН – МÆ УАРТ

Ирон чызг амазонкæ уыд кæддæр,
Нæрæмон скифты кадæмсæр, æнæрцæф.
Йæ фарны зынг нæ цæрæнтæм æрхæццæ,
Мынæг нæ уадзы артдзæсты цæхæр.

Мæ зæрдæ ахсы минмырон æвзаг–
Уый тохы кадæг туджы цады бахсыст.
Нырма мæ фатдон сагъадахъ нæ басгуыхт,
Фæлæ уæддæр хæрзиуджытæй у дзаг.

Хæссы дзырдамонд удвæллойы хъарм,
Нæ зæххыл тауы уарзт æмæ æфсарм,
Фæлывд æмæ хæрам нæ кæны зонгæ.

Хæцын æвзыгъд, у хуры тын мæ уарт.
Фыдохы ныхмæ цыргъ кæнын мæ кард.
Æз дæн алайнаг, æз дæн амазонкæ!

2016

* * *

Зымæг урс-урсид нымæтæй зæхх æрæмбæрзта,
Рог тъыфылтæй сонт ныхæсты фæд æрæмбæхста.
Æз, мæ худгæ хур, дæ уындмæ уалдзæгау кæсын.
Дидинджыты баст дæ номыл зæрдæйы хæссын.

Арвы риу цæхæрæфтыдæй рухс кæндзæни мæй.
Фервæздзæн мæ дзæгъæл дуне сагъæсты фæлмæй.
Стъалы-фæрдгуыты рæдзæгъдтæй фарн йæ хал кæны.
Найы сæ æхсыры цадау миты хъæпæны.

У мæ къонайы рæбын æнæ дæу ихын галуанау.
Дымгæйы къуыззитт мæ хъустыл уайы айуанау.
Цæй-ма, ныр кæм дæ, цы фæдæ? Къухты хъарм фæцыд.
Ихæн сифтыгъта йæ фæттæ. Тагъд фæкæн дæ цыд.

06.01.2016

РÆСТДЗИНАДЫ ФИДИУÆГ

У цард æнусон тох, рæстаг æвзарæн.
Рæстæджы рохтыл хуры тын хæцы.
Фæцудæн нæй ирон лæджы æхсарæн –
Æвзæрдзинад йæ сау марджы мæцы.

Нæртон фæтæг! Уæндон æмæ æргомæй
Ныфсхаст хæстонау – хотыхджын дæ дзырд.
Рæстдзинадмæ куывтай йæ сыгъдæг номæй,
Йæ фисынтыл бæрзонд кæны дæ цырт.

2011

 

ФÆЗЗÆГ

Аргъауæй æрцыдтæ ды нæ бæстæм,
Бурæрфыг, сызгъæринбазыр фæззæг.
Айтыгъдтæ нæ быдыртыл, уæлвæзтыл.
Зымæгмæ фæуагътай уал дæ уæзæг.

Æмæ дын «æгас цуай» зарынц мæргътæ,
Бæлæстæ ныллæг кувынц сæ сæртæй.
Дымгæ зилы рог кафты æврæгътæ.
Худы хур йæ къæбицы къæсæртæй.

Уарзон зæлтæ цинæфсæст мæйдары
Аныгъуылынц уæлдæфы уылæнты.
Демæ ризгæ уд æнцойад ары,
Райы æрдз алæмæты кæлæнты.

2015

 

 

Илаты Темырæн

ДЫУУАДÆСТÆНОН

Ныллæг къæлæтджыныл куы ‘рбады
Æвзонг фæндырдзæгъдæг Темыр,
Уæд кадæг бацæуы йæ рады,
Уæд фесты ‘гас дуне æмыр.

Æрвиты рагфыдæл фæдонтæм
Фарн æмæ амондыл фæдзæхст.
Фæндыры зæл фæстаджы бонтæм
Зæрдæйы тæгтыл у нывæст.

Цы тыхæй рафтыди дæ сæвзæрд,
Сырдоны хъарæджы фæлдыст?..
Мыггагмæ азфыстау фæлæзæрд
Зæлгæ æрвыстæджы фæлыст.

Дыууадæс тæныл ‘нусты арфæй
Уый махмæ дард балцы фæцыд,
Цæмæй ызнæт дугæн йæ тарфæй
Дзыллæйыл кала рухсы цъыртт.

Цæмæй Аланыстоны сæрмæ
Зæрин хур циндзæстæй кæса,
Сæрибар стъалыты бæрзæндмæ
Нæртон дзырд кады ном хæсса.

2015

 

МЫСÆН БОНЫ

Азтæ згъорынц, уромæг сæ нæй,
Дугъон бæхтау аивгъуыдтой цаутæ.
Бастъæла, кæй дзæмбыты фыдæй
Скодта мад йæ буц хъæбултыл саутæ.
Дæ-дæ-дæй! – уынæргъы Иры зæрдæ,
Терчы дон цæстысыгау лæдæрсы.
Царæфтыд æдзард хуртæй-нæ сæртæ,
Дидинтæ æнусон мæр æмбæрзы…
Цæр, мæ бæстæ, алцæмæн фæразон,
Фидар лæуу фыдрыст æмæ фыдмастæн.
Арв дæ сæрмæ макуы уæд мылазон,
Царды зарæг ма аскъуынæд, уастæн…

01.09.15

* * *

Фæззыгон дыдзы хур мæ тавы,
Сызгъæрин нывтæй зæрдæ райы.
Бæласы сыфтæр дымгæ давы,
Йæ размæ Терк хъæлдзæгæй уайы.

Мæ рæзты сауæрфыг æруади,
Йæ цæсгом цины цæхæр калы.
Йæ риуы райхæлди сырх уарди,
Уыдтæн æз дæр кæддæр йæ кары…