ГАБОЛАТЫ Зауырбег

Габолаты Зауырбег райгуырди 1989 азы Мызуры. Ам 2006 азы каст фæци астæуккаг скъола, 2006–2011 азты – ахуыр кодта Хæххон паддзахадон аграрон университеты экономикон æмæ юридикон факультетты. Ам Зауырбег, хихъæппæрисадон къорды архайгæйæ, каст йæхи фыст æмдзæвгæтæ, цалдæр хатты сси республикон фестиваль «Студентты уалдзæг»-ы лауреат. 2013 азы фыццаг бынат бацахста æрыгон поэтты ерыс «Дидинæг кал, мæ Ирыстон»-ы.

2011 азæй фæстæмæ Зауырбег кусы Хæххон паддзахадон аграрон университеты.

Габолайы-фырт æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы хуыр кæнгæйæ. Фыццаг хатт фæзындысты газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд фарс «Нæ Иры фидæн»-ы.

2017 азы Зауырбегæн мыхуыры рацыд йе ΄мдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ цæстæнгас». Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд
РЦИ-Аланийы Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон литературон преми.

 

МÆ ЦÆСТÆНГАС

Мæ ныхас арæх у гæды,
Фæлæ мæм уымæй фаутæ ма хæсс.
Кæд дæ мæн базонын фæнды,
Уæд мын мæ цæстæнгасмæ ΄рбакæс.

Цæхæр дзы ис, фæлæ – фæллад…
Уый у мæ миддунейы айдæн.
Цæстæнгас – растдзинады цад –
Йæ хæлар никуы уыдзæн сайдæн.

Æргом цы не ‘нтысы зæгъын,
Уый дзурынц цæстытæ æмырæй.
Куы нал уæгъд кæниккой мæ зын,
Уæд маст, пырхгæнгæ, скæлид хъуырæй!..

Мæ цæстæнгасыл мын æууæнд –
Фылдæрхатт мæнг – лæгæн йæ дзырдтæ.
Бæстон нæ гом кæнынц йæ фæнд,
Йæ зылындзинад, йе стыр фыдтæ…

 

СЫРХ УАРДИТÆ

Тæхуды, ‘мæ куыд нæ рох кæны мæн,
Куыд хастон уалдзыгон къæвда бон
Æртæ сырх-сырхид уардийы дæуæн!..

Цыппар къулы ‘хсæн иунæгæй уыдтæн.
Мæ буар дыз-дыз кодта цæмæндæр,
Цыма мын чидæр сарæзта кæлæн…

Нæ ардтон тых æрбадынмæ æнцад,
Мæхи фæхатыдтон æгуыдзæг…
Мæ риуыл сæмбæлд уарзонады фат!

Куы нал фæрæзта цæф зæрдæ йæ рис,
Уæд уайтагъд арæвдз дæн фæндагмæ.
Цæй къæвда ма мæ хъуыдыйы уыдис?!.

Æмæ дын райстон дидинджыты баст,
Дæ тæккæ дуармæ йæ фæкодтон
Сыгъдæг уарзтæн йæ тырысайы хаст!

Мæн нал хъуыдис уæд ницыуал æндæр,
Куы райстай уардитæ дæ къухтæм,
Куы дын федтон дæ цæстыты цæхæр!

 

МÆНГ ИРÆТТÆМ

Тымбыл къухæй дæ фæтæн риу ныххойыс,
Æдзух дæхи аланты фырт фæхоныс.
Дæхи цыфæнды хон, фæлæ йæ зон –
Æрмæст æвзагæй нæу бæрæг ирон!..

 

НОГ ДУДЖЫ ФÆЛТÆР

Нæ цæстытæ цæхæр калгæйæ судзынц,
Тугдадзинты ‘рыгон туг фыцы.
Нæуæг хъуыдытæ сæры магъз рæдувынц.
Алчидæр нæ зонæдтæм тындзы.

Нæ Ирыстонæн мах ыстæм йæ фидæн,
Хонынц та нæ ног дуджы фæлтæр.
Дæумæ арæзт, у не ‘фсымæр, нæ сидæн –
Бацу нын нæ рæнхъытæм ды дæр!

Æмдыхæй мах ыскæндзыстæм нæ сомбон,
Цардæн дæр æрæвæрдзыстæм уаг!
Цæдисы иумæ не стæм демæ ‘нæбон,
Тых æмæ гæнæнтæ дæр нæм – фаг!

 

ЗÆГЪ-МА, КЪОСТА

Зæгъ-ма, Къоста, цæуыл дæхи фæмардтай,
Цæй сæраппонд æрæвæрдтай дæ сæр?!
Дæ рыст зæрдæ рæсугъд фидæныл дардтай,
Фæрнæйдзаг абон не стæм мах уæддæр:

Ирондзинадæн мур дæр кад нæ кæнæм,
Йæ сомбонмæ нæ ничи кæсы дард;
Æцæг хæзнатæ сау мæры ныгæнæм,
Æрмæст æхцайыл бабастам нæ цард…

Мæнг рæстдзинадмæ айтыгътам нæ фæндаг,
Сæры зондыл фæуæлахиз и монц;
Лæппын тæрхъусау рихиджын нæуæндаг –
Нæ ног дуджы лæгдзинады фæлгонц…

Зæгъ-ма, Къоста, цы хуызæн у нæ суинаг?
Æппындæр æй куы нæ ахсы мæ сæр,
Куы нæ зонæм нæ раст фæндаг, нæ уидаг,
Куыд калдзæн уæд нæ бæлас дæр сыфтæр?..

 

* * *

Æнкъард нæ хъæуы – сис бæрзонд дæ сæр!
Скæсдзæни та райсом хур фæсхохæй!
Дæ цæстысыгтæ мауал кал æгæр –
Де ‘взонг уд пайда нæ райсдзæн тохæй.

Дæ цард куыд цæуы, афтæмæй йæ ис.
Размæ сараз д’ алы нæуæг къахдзæф!
Дæуæн дæ хæзна – ивгъуыд  бонты рис –
Йемæ цу, фæлæ… дæхи йыл ма цæв!

 

* * *

Дæ уындæй сæнкъуысти мæ зæрдæ,
О, мæ фынты хай!
Мæ уды зарæгæн йæ зæл дæ,
Сау рæсугъд чызгай!

Мæхи нæ хатын æз æрвонгæй,
Нозтджын дæр нæ дæн…
Дæ цæстæнгас, дæ гуырыкондæй
Срасыг кодтай мæн.

Æрвылсахат дæуыл – мæ хъуыды.
Нал арын бынат…
Тæхуды, ацы царды ‘мгъуыдмæ
Базон уарзты ад!..