ГÆЗЗАТЫ Давид

Гæззаты Отары фырт Давид райгуырд 1985 азы горæт Тбилисы. 2007 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты экономикон факультет, 2010 азы та – Мæскуыйы финансон-юридикон академи.

2008 азæй 2012 азмæ куыста Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы аппараты уынаффæгæнæгæй.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ахуыры рæстæг. Фыссы куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Йе сфæлдыстады йын алы адæймаг дæр ссардзæн йæ зæрдæмæ хæстæг рæнхъытæ.

ИРОНАУ ДÆМ ДЗУРЫН, ИРОНАУ МÆМ ДЗУР!

Æрцыдтæн мæ Ирмæ (Мæскуыйы цæрын).
Ныр та мæнæ горæты уынгты цæуын.
Ам дон у адджындæр, хæрзадджын кæрдзын.
Мæ Райгуырæн бæстæйыл цинтæ кæнын!

Ам ме ΄мбал – мæ цуры, мæ уарзон хæстæг,
Ам куывдты, куыд кæстæр, сыгъдæг кæнын аг.
Ам алы бон дзуры æнкъардæй нана:
«Цæмæн мæ ныууагътай, мæ къона, цæмæн?»

Æз уарзын, мæ мад мын куы скæны дзыкка,
Мæскуыйы куы уыдаид афтæ, бæргæ…
Мæ фыдæлты зæххыл мæ цард у æнцон,
Мæскуыйы нæ кæнын хъуыдытæ бынтон.

Фæлæ-иу куы фехъусын сабиты дзырд,
Уæд хъуыдыты ме ΄взагæн скæнын æз цырт.
Фæрсын сæ иронау, ΄мæ не ΄мбарынц мæн,
Нæ фынтæ – уырыссагау, фесæфтыстæм.

΄Мæ уый тыххæй зæрдæ æнкъардæй у дзаг.
Куыд ферох и махæй нæ мадæлон ΄взаг!
Иронау дæм дзурын, иронау мæм дзур!
Мæ зæрдæйы тыхстмæ нæ фæлæууид дур.

НÆ СОМБОН, ЦÆЙ ЦЫ ФÆДÆ?

Кæрæдзи дих кæнут, кæрæдзи марут,
Кæрæдзимæ сау зæрзæтæ дарут,
Кæрæдзийæн гæды ныхæстæ зарут,
Сыхæгтимæ ызнæгты цард кæнут.

Кæм ма и ΄фсарм, куыд ферох кодтам не ΄гъдау?
Кæй фæндиаг та фестæм абон мах?
Ды лидзгæ кæн, нæ амæлдзæн æнæ дæу
Дæ мадæлон æвзаг, дæ уарзон зæхх…

«Нæ иудзинад – нæ тых», – уырны ма дæ, ирон лæг?
Кæй сайæм мах, кæмæн кæнæм фыддæр?
Цæсткъахæгæн йæ цæст æнæмæнг къах!
Æнæ фæдзæхстæй цæр – уый у дæ бар.

Фæлæ куы фесæфдзæн дæ Ирыстон, дæ адæм,
Куы бакуырм уыдзæн абоны фæлтæр,
Ды ма зæгъ: «О,нæ сомбон, цæй цы фæдæ?
Цæуылнæ федта иудзинад кæстæр?..»

ХÆРЗБОН, НÆ НОМДЗЫД ИВГЪУЫД АФОН

Хæрзбон , нæ номдзыд ивгъуыд афон,
Хæрзбон, мæ фыдæлты æгъдау!
Салам, нæ сæфт, нæ хуыздæрхъуаг абон,
Цæй, исчи азмæлæд лæгау!

Салам, арахъхъæй дзаг бæрæгбон,
Салам, æнæцæсгом фæлтæр.
Хæрзбон чызгдзинадæн нæ загътон,
Хæрзбон, нæ хæрзахуыр кæстæр!

Хæрзбон, цытджын Ныхасы хистæр,
Уæ хъæлæс нал тæхы бæрзонд…
Уæ кой фæкæнынц: «Дæлæ чидæр
Ныннозтджын,амоны нын зонд!»

Хæрзбон нæ мадæлон æвзагæн –
Æндæр æвзæгтыл дзурæм мах…
Тæхудиаг нæ цард у знæгтæн,
Ныххуылыдз цæссыгæй нæ зæхх.

Куыд мæ фæнды дæу фенын, фидæн,
Сыгъдæг уæларв, ΄мæ цъæх кæрдæг…
Мæ цард лæвар кæнын æз Ирæн –
Æнæ уый нæй мæнæн бæркад!

НÆ КÆСТÆРТЫ СОМБОНЫЛ БАИВ ДÆ ЦАРД

Ды уарзыс нæ Ирыстон, уарзыс нæ зæхх?
Ды райсомæй райхъал у, хурæн æй зæгъ:
«Æнæ дæу нæ цæрын, æнæ дæу нæй цин,
Мæ фыдæлты намыс мæнæн у мæ дин!»

Ды сау бонæй ма тæрс, куы ΄рцæуа бæллæх,
Ды уаты дæр ма ΄мбæхс, куы цæуа гæрах.
Нæ фехъуыстон ма зæгъ – тæппуддзинад у,
Дæ бæстæйы сидтмæ ды тагъддæр æрцу!

Фынгыл-иу куы бадай, уæд ракув: «Хуыцау,
Нæ сабитæн бацамон амонд ΄мæ ΄гъдау!
Фыдбылызæй бахъахъхъæн, фарн ма нын ратт,
Кæддæриддæр раст æмæ лæгъз уæд фæндаг».