ГАСАНТЫ Валери

Ирон æвзаг æцæгæйдæр мады ад кæмæн кæны, йæ цард æмæ йын йæ зонд чи не ΄вгъау кæны, уыдонæй у УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, Колыты Аксойы премийы лауреат Гасанты Валери.

Уый райгуырд 1985 азы 22 июлы. 2003 азы каст фæци Нигеры ном хæссæг Дзæуджыхъæуы 1-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультетмæ æмæ йæ хорз бæрæггæнæнтимæ фæци 2008 азы. Кусын райдыдта Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд равдыстыты редакторæй.

Валери ма æртыккæгæм къласы ахуыр кодта, афтæмæй ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæ. Фæстæдæр ын рацыд газет «Рæстдзинад»-ы. Уæдæй фæстæмæ фæцалх æмдзæвгæтæ фыссыныл. Ноджы ма йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гусаты Еленæ разæнгард кодта чысыл уацтæ фыссынмæ дæр. Уæдæй фæстæмæ Гасаны-фырт æмгуыст кодта газеттæ «Слово» æмæ «Стыр Ныхас»-имæ.

Университеты ахуыр кæнгæйæ, литературон сфæлдыстады домæнтæ куы базыдта, уæд йе ΄мдзæвгæты хæрзхъæддзинад зынгæ фæнывылдæр. Йæ уацмыстæй йын иу-къордæн композитортæ Кокайты Барис æмæ Моргуаты Юри ныффыстой музыкæ.

Ацы аз рухс федта йе ΄мдзæвгæты хицæн æмбырдгонд «Мæ уды зарæг». мыхуыр дзы кæнæм цалдæр.

ХУЫЦАУМÆ КУРДИАТ

Хуыцауы фарнæй хайджын ут кæддæрид…
Йæ номы рухс уæ базырджын кæнæд,
Уæ курдиæттæ йыл алкæддæр æмбæлæнт,
Йæ уаз фæлгонц уæ удты-иу цæрæд!
Куы æрцæрид фæллад зæххыл дæ барад,
Уæд нал уаид тыхгæнджытæ бæстыл,
Ныффидар уаид адæмты ΄хсæн уарзтад,
Ныккæсид хур нæ дзыллæйыл, мæныл!
О, Стыр Хуыцау, лæгъстæгæнгæ дæ курын,
Нæ дзыллæйæн рæстаг тæрхон скæн,
Нæ Иры намыс ма бауадз фæцудын,–
Куы нал æййафид худинаг нæ сæр.
О, Дунедарæг, курын дæ лæгъстæйæ,
Нæ Ирыстон, нæ дзыллæ сты дæ бар,
Куыд нал цæрæм, æнæгъдау ми быхсгæйæ,
Нæ уарзты монцæн ахæм фарн ссар!

 

* * *

Кæмæндæр хур дæн,
Кæмæндæр – гæды,
Кæйдæр та бынтондæр
Мæ адзал фæнды.
Ма тыхсут, дзурут,
Куыдфæнды мæ фаут,
Мæ уд мын, мæ зæрдæ
Уæ дзырдæй нæ марут.
Мæнæн у мæ ныхас,
Мæ зæрдæ æргом,
Нæ Ирæн лæггадæй
Мæ уд у æрвон!

 

ХЪÆЛДЗÆГ УАЙДЗÆФТÆ

(Адæмон зарæджы мотивыл)

Уалæ нын хохы Джимара,
Сæ уæлхæдзæртты – хуртуан тыд,
Ацы зарæг уæ чи зара,
Уый нал фæкæндзæн сонт рæдыд.

Сымси дукани адавта,
Ныр ахæстоны баддзæни,
Ахæм хъуыддаг ма чи хъава,
Йæ бынат уым ссардзæни.
Арахъхъ нуазгæ йæ рацахстой
Нæ сыхаг лæг Уæхтæнæджы,
Æмæ йæ карзæй бафхæрдтой,–
Уый та нæ уыд хуымæтæджы.

Чырæг телефон балхæдтон,
Нæ дзы æфсæдын дзурынæй,
Фæлæ мæ сæр куы бахъуыди
Æфстау æхцатæ курынæй.

Заманхъулы æнусон цад
Рæстæджы уæзæй басур и,
Кæмæ не ‘рхауди уайдзæфы рад,
Фырхудæгæй уый басур и.

Уалæ нын хохы Джимара,
Сæ уæлхæдзæртты – хуртуан тыд,
Ацы зарæг уæ чи зара,
Уый нал фæкæндзæн сонт рæдыд.

 

* * *

Хуры тын куы нал кæсы мæ уатмæ,
Кæд, мыййаг, фæтæргай ис мæнмæ,
Кæд кæсы æнхъæлмæ уый мæ уарзтмæ,
Мад, цыма йæ хъæбулмæ хъæмæ.

Хуры тын, æркæс-ма, цæй, мæ уатмæ,
Бафтау мын мæ удцырыныл зынг,
О, тæхуды, хуры тынтыл батай,
Хуры тынтыл баруайæд дæ цин…