ГОБОЗТЫ Агуындæ Рæствæндаг

РÆСТВÆНДАГ

Ирон литературæйы абоны царды цинтыл кадавар, чъынды дуджы æрыгæтты фыстытæй искæцыйы чысыл курдиат дæр куы ферттивы, уæд цæстуарзон литературон хистæрыл дыууæ хуры скæсы.
Йæ нывыл сфæлдыстадон фидæныл баууæндын кодта Гобозты Агуындæ. Райгуырд Хуссар Ирыстоны 2001 азы, каст фæцис 45 гимназ. Абон у Къостайы номхæссæг университеты ирон филологийы факультеты æртыккаг курсы студенткæ.
Сфæлдыстады цинæйдзаг æмæ мастæмхиц фæндаджы тæккæ райдиан æрлæууыд æмæ дзы-иу уæлахизæй ноджы бæрзонддæр æнтыстытæм, æнæбасæттон ныфсджынæй цæугæйæ, рæствæндаг уæд!

ГОБОЗТЫ Агуындæ

САУДАРÆГ

Этюд

Мæйдар хъуызгæ æрæмбæрзта Ирыстоны хæхтæ. Æмæ уæхи хизут ахæм хуыдалынг æхсæвтæй! Уæ хæдзæртты бадут хъарм пецы цур, сугты къæрцц-къæрцмæ хъусгæйæ. Нанайы быд къуымбил цъындатæ скæнут уæ къæхтыл æмæ цайгæрдæджы хæрзад цай цымут. Гъе, уый уын мæ зæрдиагдæр фæдзæхст!

Мит урс пæлæзы æрбатыхта æнкъард æмæ æдзæрæг хъæуысæр, фæлæ – кæсын, æмæ иунæг нæу. Ау, ацы адæймаг нæ фехъуыста мæ фæдзæхст?! Хъæуы астæу, фæзы, хъарм тыхтæй бады ацæргæ сылгоймаг. Кæд æнæхæдзаp у?.. Фæлæ йæ фæлыст ууыл дзурæг нæу: йæ къæхтыл нымæтын бæрзондхъус дзабыртæ, йæ сæрыл тинтычъи кæлмæрзæн тыхт. Æдзынæг æм ныккастæн. Ох-хай! Цы кодтай, Æна? Цæмæн дæ афтæ æфхæрд?!

– Уый мæ мад у, – хъуысы мæм кæцæйдæр.

– Æмæ дæ мады ахæм уавæрмæ цæмæн æруагътай?! Фыр тæригъæдæй йæм бакæсæнтæ куы нæй!

– Æз ын нæ уыдтæн!Æз нæ дæн йе ‘фхæрæг! – ныккуыдта Удгоймаг æмæ мæ размæ рахызт.

Цъæхтæ фыр надæй, тæригъæддаг, æрхæмттæ… Рагæй мард кæй у, уый йыл зыны, фæлæ Мæрдты бæстæм куыд нæ ары фæндаг?

«Mæ мады æз нæ ныууадздзынæн», – бакастæн ын йæ тар цæстыты. Æз дзы Иналы базыдтон, Иналы. О, фехъуыстон æй, фыдгæнджыты къухæй фæмард. Фæлæ… Куыд сраст кæнон йæ разы Адæймаджы ном?

Йæ мадыл Инал-Удгоймаг ныттыхсти, кæугæйæ. Уый фæхъус, цыдæр æнахуыр хъарм ын тавын райдыдта йæ рус, æмæ йæ былтæ бахудызмæл сты.

– Уый ам дæ рæстдзинадыл тох кæны. Иунæгæй рацыд уыцы хæсты быдырмæ æмæ нæ фæфæстæмæ кæндзæн! – хъуысы хъæлæс уæлæрвæй.

– Мæнæ мæ мад! Мæ мад… – сдзырда, йæ тугтæ сæрфгæйæ, Инал. – Ай мæ мад у! Уый мæ мæтæй фынæй нæ кодта! – богъ-богъ систа мæгуыр Удгоймаг.

Мæхиуыл хæцын, хъусын иунæджы хъарæгмæ.

– Мæ саударæг мад! Хивæндæй нæ бакастæн дæ коммæ æмæ æнауæрдон ныхмæлæуд расидтæн хæрамгæнаг тыхтимæ – рæстад царды знæгтимæ. Æмæ… Æмæ та æдзух фыдвæнд фыдгæндты ‘рдæм фæцис æргомыздæхт, козбау уæлахиз. Фæлæ… Фæлæ бахъæц, мæ саударæг мад: æрцæудзæн, æнæмæнг ралæудзæн бæрæгбон рæстады уынджы дæр!

Æрбадтæн мады фарсмæ, мæ рухсæй ын атавон йæ буар. Бабыхс, Æна… Рæстдзинад гæртамхор нæу æмæ нæ уыдзæн. Сызгъæрин, налхъуыт- налмасæй дæр ын йæ зæрдæ нæ балхæндзынæ. Уый ирон лæгау нæ тагъд кæны йæ маст исыныл.

 

ЦЪИНГУЫР

Этюд

– Цы диссаджы дзыхæй дзурыс, – ныццымыдис чызг, – æгъдау æмæ ‘фсарм куыд хорз зоныс! – загъта æмæ йæ мидбылты бахудт.

Лæппу ныдздзагъыр чызджы цæстытæм, сæ фæлмæн рухсæй йæ сонт сæр зылди: «Цыма раст зæрдæмæ кæсы. Мæ бон нæу иннæрдæм азилын, куыд мæ хизынц йæ цæстытæ иннæрдæм! Цытæ мыл цæуы? Мæ сæр æцæг зилы, æви? Йæ риумæ мæ куы нылхъивид, уæд мæнæй амондджындæр нæ уаид», – хъуыды кодта лæппу.

Сæ алыварс фæсивæд хъæлæба систой, æмæ та-иу чызг хаттæй-хатт йæ сæр лæппумæ бакъул кодта – хуыздæр æм хъуыса йæ ныхас.

Чызджы мидбылты худын æмæ йæ цæстыты арф æрттывд фæныфсджын кодтой лæппуйы:

– Цом, иннæ уатмæ бакæсæм, – зæгъы лæппу.

Чызг сыстад æмæ йæ разæй фæцæуы. Æрбадтысты сæрак диваныл, æмæ лæппуйы дзуринæгтæ фемæхстысты. Чызг æм сгарæгау каст. Лæппу хъазæн ныхæстæм рахызт æмæ куы чызджы къух æрсæрфы, куы та йыл цасдæр фæхæцы, йæ цæстытæм ын ныккæсы æмæ бандзыг вæййы. Ныфсджынæй -ныфсджындæр кæны лæппу. Ацы чызг ын фестад иннæтæй хуыздæр, рæсугъддæр, зондджындæр, æмбаргæдæр – æппæтдæр цыма…

«Мæхи у, æндæр никæй! Куыд лæмбынæг мæм хъусы. Куыд адджын бакаст ын ис. Йæ цæстытæ… Йæ цæстытæ куыд æнахуыр сты, цыма уымæл зæххы исты ныссадзынмæ хъавын, уыйау. Ныгъуылын сæ, фæлæ… Кæд, мыййаг, исты фыдбылыз сайы? – сдызæрдыг ыл и. – Нæ, цæй фыдбылыз? Йæ былтæ цы пух æмæ фæлмæн сты, хæрзаг адджын уаиккой. Афæлварын хъæуы, – йæ комыдæттæ тыххæйты аныхъуырдта. Кæлæнгæнæг у, цы у, уымæй. Æмæ…

Мидæмæ чидæр æрбахызт:

– Бахатыр кæнут. Нæ уæ бахъыгдардтон?

– Кæд дын исты паддзахадон сусæгдзинæдтæ нæ дзурæм, – загъта чызг æмæ та йæ фæлмæн цæстæнгас сæрæй къæхтæм æрхаста лæппуйыл.

– Бахатыр кæнут, фæлæ ацы уат бацæттæ кæнын хъæуы Ставд-Дуртæй уазджытæн, – худæнбылæй сын бамбарын кодта æрбацæуæг лæппу, чысыл сæхицæй хистæр.

– Иннæтæм акæсæм… – Чызг та йæ разæй фæцæуæг. Æддаг уатмæ бацыдысты. Чызг æдзынæг кæсы лæппумæ: «Цы кæндзæн дарддæр ацы сæрхъæн?» – йæ мидбылты йæм бахудт.

«Ныртæккæ йæ фендзынæ, сæрхъæн чи у, чи у нæуæндаг, уый! Чысыл ма мæ хъæуы æмæ уæд… Никуыдæм уал мын алидздзæн»,– хъуыды кæны номдзыд аланты байзæддаг. Йæхи йæм сындæггай баласта, чызджы къухыл æрхæцыд æмæ… Чызг фæцъыллинг ласта йæ дзæмбытæй æмæ, худгæ-худын, феддæдуар.

…Цы сты ныры лæппутæ, цы? Сæхиуыл хæцын нæ фæразынц. Хорз, мæнæй нæ фефсæрмы кодта, фæлæ, ау, фос дæ, дæхи куыд худинаг кæныс уыйæппæт адæмы ‘хсæн? – чызг худт лæппуйы хиппæлой ныхæстыл: «Æз дард уынын, хинæйдзæгты дæр уынын æмæ хатын! Ха-ха! Сылгоймаджы лæмæгъ бынæттæ уынын».

Æндæр ма у! Кæд мын мæ хъазт фæхатыдтæ, уæд дыл, кæй уыныс, уыдон бæхбадт фæкæнæнт! Бæхбадт!

Лæппу каст, чызг уынгмæ куыд апæррæст ласта, уымæ, æмæ, йæ сæр бауигъгæйæ, дисгæнæгау загъта:

– Цъингуыр…

АЗÆ

Радзырд

Дзæуджыхъæуы ралæууыдысты уалдзыгон бонтæ. Комдарæны мæй дисы æфтыдта адæмы, уæлдайдæр та дис кодта Азæ:

– Цард-цæрæнбонты никуы уыд афтæ хъарм. Уый уарынтæм сайы,–дзырдта йæ сыхаг устытæн.

– О, цъиутæ ныллæг тæхынц. Ноджы ма цы? Дзæбæх бонтæ ралæууыд, æмæ мæнæн бузныг зæгъ. Æз ныр мæ ног къаба акæндзынæн æмæ парчы фæмидæг уыдзынæн, – загъта Сæлимæ дæр æмæ йæ къухтæ йæ уæрджытыл лæгъзгæнæгау æруагъта.

Кæд Сæлимæ дæр йæ кары бацыд, уæддæр йæхи æрыгон чызгыл нымадта, фыдæлты æмбисæндтæ дзы ферох, æмæ ног дуджы хæрзтæй зæрдиагæй пайда кодта. Нæ каст уый хорз Азæмæ.

– Сомбон дæ чызгæн зонд куы амонай, уæд дын уый дæр зæгъдзæн: «Ма, мæнæ мæ ног къаба парчы равдисон, къустæ дæхæдæг ахс!» – Стгæ-стын, худгæйæ, загъта Азæ. Йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта æмæ ацыд хæдзармæ.

–Уайдзæфтæ хъуаг не стæм! – ахъæр ма ласта Сæлимæ йæ фæстæ.

Санахъоты Азæ цард иунæгæй. Фондзуæладзыгон хæдзары йын уыд фатер. Йæ лæг æмæ йæ фырт хæсты кæй фæмардысты, уый сæрмæ йын æй радтой. Цы дыууæ уаты дзы уыд, уыдон дардта сыгъдæгæй. Йæ райсом-иу райдыдта мæрзынæй æмæ æхсынæй, стæй-иу йæхи ныннадта, йæ дзаумæттæ скодта æмæ хæринаг цæттæ кæныныл балæууыд. Дис ыл кодтой иннæ устытæ: «Цы дæ нæ уадзы алы бон?» Азæ сын-иу дзырдта: «Цалынмæ мæ бон у, уæдмæ афтæ уыдзæн». Уарзта йæ хæдзар, фæлæ дзы уæддæр йæхи иунæгæй хатыд. Изæры-иу æрбадт фынджы уæлхъус æмæ тæхуды кодта йæ сыхæгтæм…

Азæ хæдзары йæ фæлмæн мидæгæйдаргæ дзабыртæ скодта. Бацыд уатмæ. Йæ къæлæтджыныл æрæвæрдта баз æмæ æрбадт. Сындæггай йæхи узын райдыдта. Йе ‘нцъылд цæсгомыл фæзынд æнкъарддзинады хъарм. Кæддæры ирд арвцъæх цæстытæ фæфæлурсгомау сты æмæ, цыма сæ зынг æрмынæг, уыйау кæсынц, къуыл цы къам ауыгъд ис, уымæ. Æрыгон нæлгоймаг. Рихитæ, цæргæсы фындз æмæ стыр сау цæстытæ. Карз цæстæнгасы фæстæ æмбæхст у салдаты фæлмæн уд.

– Нæ мæ ‘мбарынц мæ сыхæгтæ, Цорæ… – Арф ныуулæфыд Азæ. –Алцыдæр сын ис: фырттæ, чызджытæ, чындзытæ, кæстæртæй сæ хæдзæрттæ дзаг, мæнæн та мæ иунæг хъæбул фесæфт. Иу дзæгъæл усæй мын иу саби дæр нæ ныууагъта. Райсæм Сæлимæйы. Цы йын у? Чындз æфснайы, чызг ын æххуысс кæны. Йæ мæт – ног къаба равдисын. – Йæ рахиз къахæй йæхи тынгдæр асхуыста æмæ йæ сæр фæстæмæ æруагъта. Дзедзырой кæны.

– Арсланæ йæ тынг уарзта нæ фырт Тасолы. Мемæ цæрын ма хъавыд, фæлæ дзы цы кæнын? – бахудти ус, æмæ йæ цæстытыл ауад уыцы æрыгон чызг – йæхи мардта Тасолыл.

Азæ йæ фыццаг рæвдыдта, æмбæрста йæ, фæлæ дзы тагъд сфæлмæцыд.

– Бадти æмæ куыдта бон-изæрмæ. Мемæ цæрын райдыдта, хæдзары афтæмæй никуы ницы бакуыста. Тæригъæд ын кодтон, уый та… Горæты фатермæ бæллыд, – йе ‘нцъылдтæ къухтæй йæ цæсты бынтæ асæрфтæ. Йæ къухдарæнтæм фæкомкоммæ и. Иу дзы уыд сызгъæрин, цыма синаг стыхст æнгуылдзыл, уыйау. Иннæ – сырх зынаргъ дуримæ.

– Цæрæгмæ ‘хцæ нæ уыд, фæлæ мын балæвар кодта, æппæты зынаргъдæр æм цы уыд, уый – йæ зæрдæ. Хæстмæ куы цыд, уæд мын мæ къухыл бакодта ацы сырх дур… Судзгæ цæссыгæй куыдтон. Фæлæ фæстæдæр бамбæрстон: цард дарддæр цæуы. Ахæм растæг скодта, æмæ ма цæмæн хъуыд къухдарæнтæ, фæлтау ссад, науæд нартхор, – Азæйы цæстытæ доны разылдысты, фæлæ иунæг æртах дæр йæ русыл не ‘руад. Йæ кæлмæрзæн систа, йæ дзыккутæ къухæй æрлæгъзытæ кодта. Стæй сæ бийын райдыдта. Фæлмæн бæндæнау кæрæдзийыл тыхстысты. Иу, стæй иннæ. Иу, стæй иннæ… Сындæггай йæхи узгæ, бадт. Рæвдаугæ цæстæнгасæй каст Цæрæджы нывмæ. Йæ къæлæтджыны фæстæ сахаты фат цадæггай цъыкк-цъыкк кодта.

– Цорæ, цы кæнон? Мæ цардæн нæй нысан. Мæ фатер дæр кæй фæуыдзæн? Мæ мардмæ мын цы хо æнхъæлмæ кæсы, уыйы сывæллæтты?.. Иу дзæбæх адæймагыл куы фембæлин. Удæй рæсугъд æмæ æмбаргæ. Курын дæ, Хуыцау…

* * *

Абон раджы рабадт. Йæ зæронд стджытæ базмæлын кодта. Йæхи уæлæнгæйтты æрæхсадта. Сыгъдæг дзаумæттæ скодта. Хæргæ нæма бакодта, афтæмæй æрбадт стъолы уæлхъус гæххæтт æмæ фыссæн гарзимæ. Сахатмæ бакаст, стæй йæ фырты къамыл рæвдаугæ йæ цæст æруагъта. Арф ныуулæфыд æмæ фыссы: «Лизиноприл. Лозартран. Терафлекс». Æркаст фыстмæ:

– Ацы хостæ сты иннæтæй хуыздæр, фæлæ, мыййаг, фæзынаргъдæр сты, уæд æндæртæ райсдзынæн. Дарддæр – бафидын рухс, дон, газæн. Дарддæр фыссы: «Кæрдзын. Сауфагæ. Хæнкъæл…» Йæ фырты къаммæ ногæй бакаст. Дысоны хъуыдытæ йæ нæма суагътой. Йæ уд ын цыдæр маст рæхойы.

Хæсты тæккæ кæрон йæ иунæг фырт… Уыцы бон, цыма нырма знон уыд, афтæ йæ хъуыды кæны. Æдде æхсадта, йæ хуыссæнты цъæрттæй ма цы баззад, уыдон. Гыццыл цъиуты цыма цæргæс сырдта, уыйау æрбатахтысты сывæллæттæ. Сæ фæдыл сцæйцыдысты лæппутæ фондзæй. Дыууæйæ кæйдæр хастой. Азæйы къухтæй зæххмæ æрхаудта урс æмбæрзæн.Уыцы аз ын йæ лæгæй дæр загътой: «Фесæфт».

Уæдæй нырмæ иунæг у. Советон дуджы бæргæ хорз уыд, фæлæ ныр дуне дыууæ мины фыццæгæм азмæ бакъахдзæф кодта, æмæ Азæ разы нæу абоны цардæй. Фæкæсæг æм нæй. Азæ ма сахатыл йæ цæстæнгас аныхæста æмæ йæ дзаумæттæ скодта. Дуар сæхгæдта æмæ фæраст почтæмæ.

– Уæ, Азæ, чысыл фæлæууыдаис, æмæ дын дæ пенси бахастаиккой! – радзырдта йæм чысыл рудзынгæй чызг. Йæ сау дзыкку уыд цыбыр æлвыд.

Сылгоймаджы былтæ бахудызмæл сты. Мæдинæмæ хорз цæстæй каст æмæ-иу хъуыды кодта, куыд хорз фидыдтаиккой йæ фыртимæ, ууыл.

Чызг ын æхца, нымайгæ-нымайын, йæ разы æрæвæрдта. Азæ бафыста йæ хæстæ. Сæ фиддонтæ та схызтысты, фæлæ цы йæ бон у? Хъаст кæна, ма кæна – ницы аивдзæн. Ацыд ныр та хостæ æлхæнынмæ.

– Бабушка, не задерживайте очередь, – райхъуыст сылгоймаджы фæстæ. Раздæхт дзурæгмæ. Йæ бакаст уыд тызмæгхуыз, фæлæ рæсугъд лæппулæг. «Цы пайда ис дæ рæсугъдæй, кæд æмæ хистæртæм ахæм дзыхæй дзурыс»? – Ахъуыды кодта Азæ æмæ та лæгъстæгæнæгæй дзуры афтечы кусæгмæ:

– Кæд ма мыййаг, ис ахæм хос, фæлæ асламдæр?

– Ис, фæлæ уый афтæ ахъаз нæ уыдзæн. Стæй ма, гæнæн ис, æмæ рынчындонмæ бахауай, уый дæ хъæуы? – къæйныхæй йæм дзуры уый. Йе ‘рфгуытæ, цыма калм хурбон йæхи дурыл хъарм кæны, уыйау сты. Урс хæдон кæйдæронау бадт слгоймагыл.

«Хинæй сæрст», – февзæрд Азæйы сæры. Ныуулæфыд. Цыма йæ цыдæр чысыл къоппы ныввæрдтой æмæ йын улæфын зынæй-зындæр у, афтæ хатыд йæхи. Кæцæйдæр райхъуыст сывæллоны кæуын, æмæ адæмы хъуыр-хъуыр фæтынгдæр: фæстиат сæ кæны…

– Æмæ æз дыууæ мины хостыл куы схардз кæнон, уæд ма æнæхъæн мæй цæмæй цæрдзынæн? – баввахс гыццыл рудзынгмæ æмæ мидæмæ чысыл сывæлллоны цæстæнгасæй каст – ома, баххуыс мын кæн, адæймаг нæ дæ?!

– Это ваши проблемы! – мæстджынæй сдзырдта хосты хицау æмæ йæ былтæ акъуырдта.

– Девушка, дайте ей уже то, что она просит! – æнæрхъæц хъæлæс та райхъуыст Азæйы фæстæ.

Азæ лæууыд, йæ зæрдæ бахъарм, фæлæ йын йæ фæсонтæ бакъуырдта рæсугъд лæппулæг:

– Цæй-ма! Адæм дæумæ кæсынц!

Азæ йе ‘хца ризгæ къухтæй систа æмæ дыууæ мины балæвæрдта рудзынгæй.

– Ещæ триста пятьдесят рублей!

Азæ смæсты. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ зын бонтæ: хæст, фыдуацтæ, стонг рæстæг, ныры фæсивæдæн æдыхст фидæн йæхи удæй чи балхæдта, уыдон. Уæдмæ йын йæ цонгмæ рахизырдыгæй чидæр хъавгæ бавнæлдта. Уый уыд æрыгон чызг, йæ хуыз мæйтæ æмæ хуртæ калдта. Азæ ахъуыды кодта: «Æртæккæ та мæ ай дæр рæхойдзæн». Чызджы хъæлæс фæлмæн дымгæйау, фæлæ фидар мæсыджы дурау зæлыд:

– Нана, цас ма дын нæ фаг кæны?

Азæйы зæрдæ цæхгæр сгуыпп-гуыпп кодта. Йæ бæсты мидæгæй радзырдтой:

– Æртæсæдæ фæндзай сомы!

Чызг æм æхца балæвæрдта. Азæ йын каст йæ фæззыгон зондджын цæстытæм. Чызг ын йæ цонг сабыргай айвæзта.

– Цом, нана, – æддæмæ йæ ракодта. – Кæдæм дæ хъæуы цæуын?

Фæлæ Азæ джихæй лæууыд. Чызг ма иуцасдæр алæууыд, йæ сахатмæ æркаст:

– Мæн тагъд кæнын хъæуы, хатырæй фæуæд, – æмæ адæмы ‘хсæн æрбайсæфт. Азæ ма чысыл алæууыд. Йе ‘нцъылд русыл æруад цæссыджы æртах…

«Уæддæр дзæгъæлы нæ фæмардысты. Цалынмæ ахæм адæм уа, уæдмæ дзæгъæлы нæ уыдысты утæппæт хъизæмæрттæ», – ахъуыды кодта Азæ æмæ уæзбын фæцæйцыд йæ хæдзармæ.

* * *

Азæ йæ уаты астæу лæууы. Æрзылд йæ мидбынаты æмæ йæ цыргъ цæст уатыл ахаста: «Сыгъдæг у, фæлæ йæ рамæрзон», – сфæнд кодта æмæ уымæл цъылынæй райдыдта мæрзын.

Рудзынгæй хур æрбакаст: хъазыд дидинджытимæ, серванты авгæй дуæрттыл цæхæр скалдта. Тъæпæнсæр хох æнцад хуыссыд, ранæй-ран дардта кæрдæгхуыз цъæх. Цъиуты цъыбар-цъыбур зæрдæйы фæлмæн тынтæ уагъта:

– Къупп-къупп!

Ус йæ сæр сдардта. Хус цæсгомыл базмæлыд æхсызгон худт, цæстытæ ферттывтой. Кæрдзыны хай рахаста, рузынг сындæггай бакодта æмæ æддердыгæй лыстæг ныссаста кæрдзын. Сырддонцъиуты хæрынмæ ‘рбатахтысты бæлæттæ дæр. Азæ рудзынг сæхгæдта.

Сылгоймаг цыд сабыргай. «Ссæдз минутмæ бахæццæ уыдзынæн, – хъуыды кодта Азæ. – Уыцы чызгыл кæд фембæлин, цы нæ вæййы, йæ ном дæр ын нæ базыдтон».

Уæдæй нырмæ дыууæ къуырийæ фылдæр рацыд. «Зæрондыл цоппай нæ фидауы» – дзырдта Азæ, фæлæ мæнæ йæхæдæг цыд, куы почтæйы цурмæ, куы уыцы дуканийы цурмæ, цæмæй фембæла уыцы, йæхимæ гæсгæ «хорз» адæймагыл. Уыцы бонæй фæстæмæ йæ зæрдæ рад, æмæ, цыма йæ цардæн ног нысан фæзынд, уыйау ын æнцон улæфæн уыд.

«Туджы аргъæй балхæдтон цыхт, ссад, цæхæрайы сыфтæ, кæрдæджытæ. Картоф мæ къаддæр хъуыд райсын. Цы мæ нæ уагъта?.. Мæхи аххос у. Цæмæн рахастон афтæ бирæ?» – йæхимæ мæстджынæй дзырдта ус æмæ дыууæ дзаг дзæкъулимæ цыд автобусмæ. Æрыгон лæппуйы фарсмæ æрлæууыд æмæ йæм æрхатыд:

– Дæ хорзæхæй, æртын фæндзæм куы фæзына, уæд-ма мын æй зæгъ, цæстæй æвзæр уынын.

Уый йæм бынмæ æркаст, æмæ загъта:

– Я вас не понимаю.

Ус фæджих. Бæрзонд лæппу сагау лæууыд. Æрвхуыз цæстытæ. Бæзджын æрфгуытæ. Йæ былтæ йын, цыма Хуыцау йæхæдæг сныв кодта, уыйау. Фæла йæ цæстæнгас… Уый нысхъæл, уæларвæй каст ацæргæ сылгоймагмæ. Азæ йе ‘ргом аздæхта фæндагмæ. Далæ цыдæр ссæуы, фæлæ йын цы номыр и?.. Феввахсдæр, æмæ уыны æртæ… Йæ цæстытæ ныззынг кодта æмæ уыны фондз: «Мæнæ цы хорз у!». Автобус æрлæууыд. Дуарæй хъуырхъуыргæнгæ рахызт æвзонг чызг. Æртындæс азы йыл цыдаид:

– Женщина, отойдите, дайте пройти! – æмæ бакъуырдта Азæйы. Уый йæм ницы сдзырдта. Тыхамæлттæй схызт. Кæсы, æмæ дзы сбадæн бынат нæй…

– Женщина, дверь! – фехъуыст шофыры хъæр. Азæ йæ тых-йæ бонæй дуарыл æрбахæцыд. Йæ цæст ахаста фæсивæдыл… «Иу дæр дзы нæ базмæлыд, сæ цæстытæ мæ ‘мбæхсынц», – ус йæ дзæкъултæ иу къухмæ райста, йæ син ауагъта, йæ фарсмæ цы бадæн уыд, ууыл. Нывнæлдта йæ дзыпмæ, тыхсти, фæстиат кæй кæны бафидынмæ, уый тыххæй, фæлæ йæ бон нæ уыд тагъддæр базмæлын. Систа æхцатæ, дæс туманы дзы рахицæн кодта, иннæтæ æвæры фæстæмæ. Уæдмæ хъусы:

– Женщина, вы наконец-то платить будете?!

«Хъæр кæн, тынгдæр. Мæ бæрц фæцар. Мæ бæрц бавзар, стæй дыл дæхи хуызæттæ сæ къæхтæ хафдзысты!» Фæрыст йæ зæрдæ. Балæвæрдта йæ быны бадæгмæ йе ‘хца:

– Дæ хорзæхæй, адæтт ма, мæ хъæбул.

Лæппу иннæрдæм азылд, цыма йæ нæ хъусы. Азæ та йæм сдзырдта, уæд лæппу былысчъилæй бакаст усмæ, райста æхцайы гæххæтт. Адæдта сæ, зæгъгæ, афтæ йæ фындзы бынмæ загъта:

– Не мешало бы руки помыть…

Азæ фæкуыддæр. Æркаст йæ къухтæм: æрдæбон картоф куы æвгæдта, уæд ын счъизи сты. Уæдмæ дуар байгом, иу сылгоймаг йæ сывæллонимæ ахызт, æмæ Азæ базмæлыд, йæ бынаты йын сбадон, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ лæппу æмæ чызг сæгътау сгæпп кодтой мидæмæ æмæ уæгъд бынаты сбадтысты. Къæхты бынæй ныуулæфыд Азæ æмæ æнæбары банцой кодта йæ быны бадæгыл.

– Не толкайтесь, женщина, – загъта лæппу æмæ йæхи размæ агуыбыр кодта.

Азæ кæсы рудзынгæй, уыны йæ агъуыст:

– Ам-ма бауром, дæ хорзæхæй.

Бæргæ йæ фæндыд йæ фæдыл дуар йæ тых-йæ бонæй ныггуыпп кæнын, фæлæ йын нæ бантыст.

«Эх… Мæ маст суадзынмæ дæр мæм тых нал ис» – æнкъардæй ма загъта Азæ, стæй баивгъуыдта сæхимæ.

ЗИАН

Изæрæй уыд хъæргæнæг. Уый фæстæ Азæйы зæрдæйы фæзынд тыхсты хæлуарæг. Æнæхъæн æхсæв йæ мидæг тæлфыд. Йæхи ма цы фæкодтаид, уый нæ зыдта. Алыхуызон хъуыдытæ хæлуарæджы тынтау ын тыхстысты йæ ацæргæ магъзыл: «Цы ма у мæ цард? Нæй мын чындз, нæй мын цоты цот… – арф ныуулæфы æмæ куы йæ фарсыл иннæрдæм æрзилы, куы цармæ скæсы.– Куыд иунæг дæн… Мæ бон цы у… Мæ фырт Тасол удæгас куы уыдаид…

– Уæд цы? Цы? – Талынг къуымæй йæм радзырдта цыдæр æнæзонгæ бæзджын хъæлæс. Азæ уый æнхъæл нæ уыд, æмæ хæрдмæ фесхъиудта.

– Куыд цы? Бинонты цард кодтаикам, фæлæ мын йæ фæстæ никæй ныууагъта. Искуы йын куы разынид саби…

– Дæхи хъусыс, зæронд? – худгæйæ та йæм дзырдæуы тылынгæй.

– Нæ… Фæлтау мæ базыры бын ахъарм кæнон мæ сывæллоны хæрам, цæйнæфæлтау мын ныгæнæг ма уа. Кæсыс, Дзасболæн цас цот ис… Цас кæстæртæ… Цæссыг ыл цас фæкалдзысты… Фæлæ мæнæн Дзасболау бирæ бынтæ нæй, æмæ мын иу кæстæр дæр фаг у. Ацы фатер дыууæйæ дæр куы дих кæной, уæддæр сæм бирæ не ‘рхаудзæн. Ауæй йæ кæнæнт. Цæуылнæ? Уадз æмæ сæ фидæн балхæной ацы капеччытæй.

– Эх… Мæгуыры зæрдæ фынтæй хъал у. Кæмæн смаг кæнай, уый дæ быныгæндзæн! Ууыл фестæм, – мæстджынæй загъта хъæлæс.

Райсомæй дæс сахатыл зынтæй рабадт йæ уатæй. Æмбæлгæ дзаумæттæ бацæттæ кодта, каст сахатмæ. Дыууадæсыл рахызт йæ хæдзарæй зианмæ.

Дымгæ йын цæугæ-цæуыны фæйлыдта йæ сау къаба. Йæ урс дадалитæ зына-нæзына зындысты кæлмæрзæны бынæй. Уыны дуне хæдтулджытæ. «Мæ мардмæ та цасæй æрцæудзысты?.. Кæд Тасолы æмбæлттæ, ме ‘мкъласонтæ, удæгас ма дзы чи уа, уыдон. Æндæр ма чи? Кæй хъæуы мæ зæронд?»

Кæртмæ бацæуæны æрлæууыд, агуры, кæимæ фембал уа, уый. Цалдæр сылгоймагимæ бакъорд ис. Мард рахастой. Азæ йæм бацыд, йæ къухтæ йыл æрæвæрдта. Кæсы Дзасболы чызджытæ æмæ йæ чындзмæ: дыууæйæ – лæджы хæлæфты, иннæ дыууæ – уæрагæй уæлдæр къабаты. Цæнгтæ гом: «Тц-тц-тц, – хъуыды кæны Азæ. Гъеныр Аннæ нæ уыны ацы чызджыты?..»

– Ацы зæрæдтæн та искæй бафауынæй хуыздæр мацы ратт! – Зæлы Азæйы магъзы талынг къуымы дысоны хæлуарæджы хъæлæс. – Аннæйæн цот ис. Цы уæлдай сæ у, цавæр сты æмæ куыд конд сты, уымæй? Сæ фыд фæмард – баныгæдтой йæ. Дæу дæр уымæй фылдæр ницы хъæуы, куыд зонын, афтæмæй.

Азæ, цыма бындзы суры, уыйау йæ къух бауыгъта йæ хъусы цур. Чызджыты фарсмæ лæууыд Дзасболы бинойнаг йæхæдæг – Аннæ. Кæддæры рæсугъд сылгоймаг, сабыргай лæмæрста йæ цæстытæ.

Азæ бацыд сабæттаг ныффыссынмæ. Æркаст номхыгъдмæ. Минæй къаддæр ничи фыста. Йæ дзыппы цы фондзсæдæ уыд, уыдон нылхъывта. Йæхимæ ницæйаг æркаст, фефсæрмы æмæ сдзырдта:

– Гацалты Людæ, – æмæ балæвæрдта æхца фыссæгмæ, уый йæм уæлæмæ дæр не скаст.

Азæ фæстæмæ адæмы ‘хсæн æрлæууыд. Чидæртæ цæуылдæр дзырдтой, фæрсырдыгæй хъуыстис худын. Сфæлмæцыд. Уæларвмæ скаст, æмæ цымæ йæ зæрдæ мысинæгты къæбиц байтыгъта, уыйау æрхъуыды кодта, кæддæр Дзасболимæ фæткъуытæ куыд давтой, уый.

– Фæндараст у, – мынæг хъæлæсæй загъта, йæ русыл æрлæсыд цæссыджы æртах æмæ айсæфт йæ цæсгомы æнцъылдты.

«Куыд чысыл фæцард»,– райхъуыст кæйдæр дзурын. Азæ ма сæм бакаст, стæй рацыд йæ хæдзармæ.

Фехъуыстай, куыд загътой уыцы устытæ, – фæрсы йæхи фæндагыл. «Чысыл фæцард»… Уæдæ ма фылдæр кæм и? Мæ цахъхъæн у! Мæныл та æнæхъæн æстай æртæ азы цæуы. Куыд у раджы? Кæд ма? Дæ царды хорзæй куы ницыма саразай, уæд вæййы раджы, – дуар бакодта æмæ быхызт йæ уатмæ. Фæлмæн дзабыртæ æнхъæлмæ кастысты сæ хицаумæ. Йæхи бандоныл æруагъта æмæ хъуыды кæны дарддæр:

– Æмæ æз цы сарæзтон? Дыууæ лæджы мæ хæсты фæхъуыд, уый ницы у? Стæй мын Тасолы æмбал куыд бузныг уыд мæ фыртæй: не ‘мбалы, дам, нын тохы быдыры цæфæй нæ ныууагъта! Йæ къухты йæ рахаста!

– О, фæлæ йæхæдæг фæмард… – Кæцæйдæр та æнæнхъæлæджы фæзынд хъæлæс. – Бацагур уыцы чызджы, Азæ! Уый дын уыдзæн дæ удыхос.

Изæры талынг хæрын райдыдта сахар. Сындæггай ссыгъдысты рухсытæ. Сылгоймаг быцыд йæ уатмæ æмæ æрхуыссыд. Йæ уды ма дыууæрдæм кодта æрмæст дымгæ. Уазал, æнæхæдзар дымгæ йæхи хоста уыцы чысыл къоппы æмæ йын æддæмæ радымыны мадзал нæ уыд. Азæ бафынæй.

* * *

Цъæх арвыл ленк кæнынц урс кæсæгтæ. Азæ лæууы кæрдæгцъæх нæууыл хæстон лæгты ‘хсæн. Кæсы сæм æмæ уыны сæ цæстыты тас.

– Цы у? Кæдæм кæсынц? – Фæрсы йæхи Азæ æмæ йæ цæстæнгас иннæты цæстæнгасимæ сбаста.

Лæууы йæ фырт Тасол.

– Кæимæ дзуры? Цæмæн у тызмæг æмæ мæстджын? Йæ фарсмæ та чи ис?

Цыдæр чызг хæцы лæджы хæлафыл. Йæ буар – чъизи, къæхтæ – бæгънæг. Æртындæс азæй фылдæр ыл нæ цæуы. Немыцаг худы. Азæ кæсы, фæлæ тымыгъ æрдз стыхта, æмæ нæ уыны кæронмæ, цы цæуы, уый. «Тасол! Тасол!» – хъæр кодта фыны. Фыццаг хатт нæ уыны ацы ныв, фæлæ ‘рмæст ныр ахæццæ кæронмæ. Сындæггай хуры тын рухсмæ хæссы фыны архайд, æмæ Тасол æд чызг фæцæуы йе ‘мбæлтты ‘рдæм. «Гæрах!» Тасол ма фæзылд, чызджы йæ фæстæ амбæхста æмæ цалдæр нæмыджы фæд-фæдыл суагъта. Немыцаг æрхауд.

Азæ фехъал. Тагъд-тагъд улæфы. Кæсы къулыл сахатмæ – 02:47. Йæ уаты рабадт.

– Уæдæ уый тыххæй уыд дыууæрдыгæй хуынчъытæ?!

– Агъа… Ды та æнхъæлдтай, æмæ дзы чидæр сасир аразынмæ хъавыд, – худгæйæ дзуры хъæлæс.

Азæ йæхи йæ къухтыл систа æмæ кæсы талынг къуыммæ.

– Талынгмæ бирæ рæстæг куы кæсай, уæд дæм талынг дæр ныккæсдзæн, – сдзырдта хъæлæс, æмæ йæ тамако ссыгъта.

Азæ йæ цæстытæ æруагъта. Йæ зæрдæ фæдисонæй скуыста – риуы къултыл йæхи ныххоста. «Цы мыл цæуы?» – хъуыды кæны.

– Ницы. Тæрсыс мæ, æндæр ницы, – сындæггай сдымдта Хæлуарæг.

– Мыййаг, мæ зонд фæцыд? – фæрсы йæ зырзыргæнгæйæ.

– На, цæмæн? – Дзуапп ын дæтты æмæ сындæггай фæздæг дзыхæй раулæфы.

– Уæдæ цы кæныс? Цæмæн æрбацыдтæ? – кæугæйæ дзуры сылгоймаг.

– Азæ, фыны цы федтай, уый Тасолы марды хабары æрдæг дæр нæу.

Йе ‘мбал Гаспар мард куы ‘рбахаста, уæд радзырдта: «Мах хъæды бадтыстæм æмæ-иу нæм уырдæм чызг хæринаг хаста. Нæхи ирон чызг, афтæмæй ма-иу хъæуы хабæрттæ дæр радзырдта. Алы хатт дæр сахатмæ кæсгæйæ. Фæлæ иубон фæхъуыд, æмæ Тасолы зæрдæ нал лæууыд. Иунæгæй йæ куыд ауагътаиккам, фæлæ нæхи дæр не ‘вдыстам, чи къутæрты æрбадт, чи бæлæсы фæстæ. Æнхъæлмæ нæм кастысты. Хъæдæй рахизæны чызджы сбастой, сбæгънæг æй кодтой, цыдæр хæцъилтæ ма йыл уыд. Бирæ йæ надтой, фæлæ уый хъыпп-сыпп дæр не скодта, æрмæст йæ рустыл дыууæ адагау, сындæггай лæсыдысты цæссыгтæ. Тасол бацыд немыцагмæ, фæндыд æй чызджы фервæзын кæнын, бирæ фæдзырдтой уырыссагау. Хъусгæ ницы фæкодтам сæ ныхасæй, нæ зоныс, куыд сабыр æмæ фидар фæныхас кæны? Кæсæм, æмæ рацæуы æд чызг, мах сулæфыдыстам, фæлæ уæдмæ – Гæрах! Нæ нæ бауагъта хистæр, фæцæгъддзысты дам нæ. Тасол ма фæзылд æмæ фехста немыцаджы. Чызг та… Чызг йемæ фæмард. Рахастам сæ изæрæй. Тасолы дæумæ фæхæццæ кодтам, чызджы уым хъæды баныгæдтам…» – афтæ дзырдта Гаспар.

– Æмæ æз та кæм уыдтæн, куы дзырдта, уæд?

– Мæнæ гъенырау куыдтай æмæ никæмæ хъуыстай, – райхъуыст базджын хъæлæс.

Рæстдзинад адæймагмæ æрæгмæ бахъары, мæнг уымæй тагъддæр у.

* * *

– Цæй! Бирæ ма ниудзынæ? – Хъуысы уаты къуымæй хъæлæс. – Цу, дæ дзаумæттæ скæн æмæ атезгъо кæн.

Азæ рахызт æддæмæ. Асæст. Кæмдæр уæле хур хъазы, фæлæ зæххыл цæрæг адæммæ нæ хæццæ кæны. Сындæггай фæцæуы парчы ‘рдæм. Фæлмæн дымгæ йын йæ хауд рустæ хъыдзы кодта. Йæ риу æнцонæй улæфыд уазалгомау уæлдæф. Бахæццæ бандонмæ æмæ æрбадт. Йæ рахиз уæхсчы сæрты бакаст фæрсæгау: «Абадæм уал»–сдзырдта Хæлуарæг. Сылгоймаг бадт, каст адæммæ: чидæр тагъд кæны, чидæр – нæ. Цымæ, цæмæн тагъд кæнынц? Сахатæй фылдæр рацыдаид, афтæ хъæлæс загъта:

– Ныр цом.

Азæ сыстад. Тезгъогæнгæйæ, фæцæуы. Йæ разæй цæуæгмæ æдзынæг кæсы – базыдта йæ! Йæ цыд фæтагъддæр кодта. «Аухæй! Дугътæ уадзы ацы чызг? Кæдæм згъоры афтæ рæвдз?» Фæхъæр æм кодта:

– Чызгай!

Чызг æм разылд, æмæ æцæгдæр: уартæ йын хостæ чи æвæрдта йæ хызыны, уый мæнæ йæ разы лæууы.

– Вы меня звали? – бафарста уый.

– Иронау-ма дзур! – йæ лæф-лæф ссыд Азæйæн.

Чызг æм йе ‘рфгуытæ фелхынцъ кодта.

– Мæнмæ дзырдтай, нана?

– О,о. Нал мæ хъуыды кæныс, и?

– Бахатыр кæн, нæ дæ хъуыды кæнын… – азымджынæй загъта чызг.

«Агъа, мæнæ куыд хорз у! Кæддæр цы хорз сарæзта, уый йæ ферох», – разыйæ ахъуыды кодта Азæ.

– Дыууæ мæйы размæ мæм хостæ æлхæнынмæ фæкастæ. Æхца мын нæ фаг кодта, – загъта æмæ чызджы цæсгоммæ бакаст, цыма дзы исты æнкъарæн агуры, уыйау, фæлæ уый æдзæмæй лæууыд.

–Дæ ном ма мын зæгъ?

–Æз Аннæ, ды та?

«Цыма йæхи карæн ис йæ разы, уыйау куыд дзуры, – амæсты ус, фæлæ уайтагъд ахъуыды кодта Хæлуарæджы æххуысæй, – æмæ уый хорз куы у – йæ сæрмæ мæ хæссы».

– Азæ дæн. Цом-ма махмæ, истæмæй дæ барæвдауон, – мæ та лæмбынæг кæсы Аннæйы цæсгоммæ, фæлæ та йыл ницы æнкъарæн фæбæрæг.

– Бахатыр кæн, æнæвдæлон дæн. Мæ телефоны номыр мын афысс, æмæ дæм иннæ хатт æрбауайдзынæн.

Ус фæджих. Чызг йæ хордзенæй систа фыссæнгарз æмæ сыф. Тагъд дзы афыста номыр. Азæйы къухы йæ фæсагъта. Ныхъхъæбыс ын кодта æмæ фæтары. Азæ каст йæ фæстæ, стæй сыфмæ æркаст, йæ дзыппы йæ нывæрдта æмæ хæдзармæ фæцæуæг.

Æдде сывæллæттæ хъазыдысты. Хъæлæба, зарджытæ æмæ æхситт хъуыстысты рудзынджы зыхъхъырæй. Хур йæхи чысыл равдыста, æмæ æнахуыр сырх рухс æрбакалд уатмæ. Стæй талынгæй-талынгдæр кодта. Азæ каст рудзынгмæ, йæ хъуыдытæ уыдысты сыгъдæг, йæ зæрдыл бадт фæлмæн æхсызгондзинад. Фыссы: «Мæ дыууæ уаты мæ мæлæты фæстæ лæвар кæнын Абысалты Геуæры чызг Аннæйæн».

Дыккаг бон Аннæ йæ къæсæрыл фегуырд дидинджытæ, дыргътæ æмæ балджынимæ.

– Мæ царды мын дыууæ хатты лæвæр кодтой дидинджытæ: мæ чындзæхсæвы мын сæ мæ фыд æрбахаста, дыккаг хатт та мæ лæг мæ гуырæн бонмæ… – Йæ цæстыты æртах ферттывта.

Фынджы уæлхъус æрбадтысты, æмæ йын Аннæ балæггад кæнынмæ хъавыд, фæлæ Азæ фæраздæр:

– Хъæбул мын нæй. Нæй, кæй барæвдауон, æмæ мæ бауадз.

Æрæвæрдта цæхæраджынтæ, адджын дон балæвæрдта чызгмæ æмæ скуывта:

– О, Хуыцау, сылгоймагыл нæ фидауы кувын, фæлæ дын бузныг. Фехъуыстай мын кæдæй-уæдæй мæ лæгъстæ – æрбарвыстай мын æцæг уазæг. Мæ фæстаг бонтæ мын срухс кæна йæ цæстыты рухсæй. Зæдтæ, Дауджытæ, Бардуæгтæ, хъахъхъæнут мын мæ хъæбулы. Уа, Лæгты дзуар, йæ фæндæгтæ дæ бæрны! Фæдзæхс æй, æвзæр фæндæгтæй йæ хиз. Уа, Мадымайрæм, сылгоймагæй æрмæст Иры нæ, фæлæ дунейы хуыздæр амонд кæй фæцис, уый æмбал æй бакæн! Аннæ, фыццаг хатт дæ федтон æмæ дын уынын дæ уды сыгъдæгдзинад, де ‘гъдау, æмæ мын хорзæй цæр! Мæнæн мæ балц а дунейы фæвæййы, дæу та цæрын хъæуы, æмæ дын арфæ канын! Рæдыдæй макуы фæтæрс, тæрс æвзæр адæмæй, дæхи æнæхъуаджы макуы æфхæр; æфхæр æфхæрджыты, фæстæмæ макуы кæс. Кæс размæ æмæ хаттæй-хатт дæ къæхты бынмæ. Хъуыды кæн алцыдæр, хорз уа, æвзæр уа, адæймаг уа æви гæды, алкæй дæр хъуыды кæн. Дæ уд цы домы, уый кæн! Уый Хуыцауæй амынд у! Адæймаг цæрынмæ райгуыры, фæлæ цард тох у, æмæ алы хатдæр у уæлахиздзау! Гъе уый дын мæ арфæ! Оммен, кæстæр, цы ныхъхъус дæ!?

Аннæйы цæссыгтæ мызтысты, цы загътаид, уый нæ зыдта. Сылгоймаг ын йæ зæрдæмæ ныккаст, йæ миддуне йын сфæлдæхта. Ахæм ныхæстæ ма хъуыста, куыд нæ, фæлæ йын сæ Азæ йæхицæн дзырдта, зæрдæйæ зæрдæмæ. Йæ хъуыдыйы æрбалæууыдысты йæ рæдыдтытæ: йæ намыс куыд фæчъизи æмæ йæхи марынмæ куыд æрцыд, фæлæ йæхимæ йæ къух куыд не сси сисын. «Мæ уд мын сфæйлыдта… Сыгъдæг мæ хоны, фæлæ мæхæдæг мæхи ахæмыл нæ нымайын…» Йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ загъта:

– Хистæр, дæ арфæйæ бузныг. Дæ царды фæззæг æрцыд, æмæ, дæ фæндаг рæсугъд куыд уа ахæм амонд дын радтæд Барастыр, фæндид ма мæ, цæмæй ацæрай Хуыцауы фæндæй. – Кæсы сылгоймагмæ, ома цы зæгъид, фæлæ Азæ разыйы тылд бакодта йæ сæр. – Мæнæн дæхи хъæбулы лæггад куы скодтай, уæд дын æз хъæбулæн фæбæззон! Мæ сæр дæ истæмæн куы хъæуа, уæд дæм мæ номыр ис, фæдзур-иу. Дæ зæрдæ æрмæст лæгъз ныхас куы агура, уæддæр.

Ануæзта йæ дон Аннæ æмæ æрбадт. Чъиритæм бавнæлдта, скомдзаг дзы кодта.

– Куыд адджын дын сты! Фæрнæй фæдар дæ къухтæ, нана.

– Хæргæ, мæ чызг, ды ахæмтæ никуыуал бахæрдзынæ.

* * *

«Никуыуал бахæрдзынæ…» – зылдысты Аннæйы сæры Азæйы ныхæстæ. Санахъоты Азæ йын йæ фатер кæй ныууагъта, уый никæмæн загъта. Фыццаг рæстæджы уæндгæ дæр нæ кодта мидæмæ, ссыд-иу, фæлæ та-иу дуары разæй раздæхт. Абон бакъахдзæф кодта къæсæрæй, йæ дзабыртæ раласта, кæсы: Азæйы фæлмæн цъындатæ æрбахизæны уыдысты æвæрд, цыма сæ сæ хицау ныртæккæ сабыргай йæ къæхтыл скæндзæн, уыйау. Аннæ каст йæхимæ кæсæнмæ, йæ цыбыр къабамæ æмæ æрхъуыды кодта Азæйы ныхæстæ: «Æгъдау къабайæ нæу, зæрдæйæ у. Æрхæц-æрхæц ыл ма кæн, кæд дæ зæрдæмæ цæуы уæд æй дæр. Фылдæр дæ уд нычъчъизи кæнынæй тæрс, дæу баныгæндзысты, фæлæ дæ рæсугъд уды нырма уæлæрвтæм хъæуы».

Бацыд уатмæ. Скаст Цæрæгмæ, Тасолы фыдмæ, уый йæм цыма рæвдаугæ цæстæнгас раздæхта, афтæ йæм фæкаст. Йæ зæрдыл та æрбалæууыдысты Азæйы ныхæстæ: «Уый мæн цы уарзт кодта… Ахæм уарзондзинад – дæ хай, фæлæ дын ахæм амод ма уæд. Чызг æй тынг хъуыд, фæлæ фыццаг лæппу рауад, иннæ гуыбыны фæмард. Стæй нæ нал равдалд чызгмæ, революци, стæй хæст. Фæсмон ницæуыл кæнын. Раздæр, мæхи цы фæкæнон, уый нæ зыдтон, фæлæ нын мæнæ Хуыцау цы хорз чызг радта», –æмæ та-иу ын сылгоймаг йæ хауд уадултæ алæгъз кодта. Аннæ ныуулæфыд. Йæ къухмæ систа Тасолы къам. Уый хил дардта, йæ тызмæг цъæх цæстытæ кастысты тæккæдæр зæрдæмæ. Чызг йæхи æруагъта уатыл.

– Дæ къæхтæ сис, афынæй кæн, – дзуры бæзджын хъæлæс.

Фæллад нæ уыд, фæлæ йыл цыма исчи хъарм хъæццул бамбæрзта, æмæ уадидæгæн афынæй æмæ уыны:

Тасол, Цæрæг, Азæйы къухты сывæллон, сæ цуры ма ноджы цавæрдæр чызг. Лæууынц æмæ йæм рæвдаугæ цæстытæй кæсынц.

– Бузныг дын, Аннæ, – зæгъынц, фæлæ сæ былтæ не змæлыдысты.