КÆРКУЫСТЫ Динæ

Кæркуысты Динæ райгуырд 2004 азы 10 мартъийы. 2019 азы æн- тыстджынæй каст фæци Алагиры районы Рамоновойы хъæуы скъола. Кæддæриддæр тырныдта мадæлон æвзаджы сусæгдзинæдттæ иртасынмæ.

У Дзæуджыхъæуы медицинон колледжы ахуыргæнинаг. Дарддæр æй фæнды дохтыры дæсныйад уæлдæр кæнын.

ХАЛОН ÆМÆ ХЪАЛ ЧЫЗГ

Аргъау

Царди-уыди иу зæронд æлдар, æмæ йын уыдис иунæг чызг, хъал æмæ къулбадæг. Æлдары фæндыд йæ чызджы чындзы раттын, цæмæй æнæ бындарæй ма баззайа. Чызг та, цыма ницы зоны, афтæ дары йæхи, æнæмæт цард кæны. Мæсты кæны æлдар, фæлæ йын цы кæна, уый йæ сæр нæ ахсы. Уæд дын æм иуахæмы йæхимæ фæдзырдта æмæ зæгъы:

– Мæ зæрды ис, мæ чызг, ерыс расидын. Уыцы ерысы ды дæхицæн мой равзардзынæ. Æз зæронд дæн, æмæ мæ фæнды мæ хъæбулы хъæбулты дæр фенын…

Чызг ын дзуапп радта:

– Хорз, мæ фыд, уæд афтæ. Æз чындзы ацæудзынæн, æрмæст ахæммæ, згъæлст нартхор чи бахæра, бæхыл бадгæйæ, æмæ дзы иу гага дæр зæхмæ кæмæн не ‘рхауа. Кæмæн дзы ‘рхауа, уый та-иу фæндараст уæд.

Æлдар зæгъы:

– Хорз…

Баныхас кодтой. Ерысмæ дуне хъæбатыр адæм æрбамбырд. Æлдар йæ бинойнаг æмæ йæ чызгимæ дæр уым уыдысты. Чызг-иу куыддæр радон ерысгæнæджы ауыдта, афтæ-иу ыл йæхæдæг фæсномыг ном авæрдта æмæ-иу худынæй бакъæцæл. Уыцы ерысгæнджыты ‘хсæн уыдис иу зæронд усгур. Чызг ын худтис йæ зачъетæ æмæ йæ фындзыл. Йæхиуæттæ йын дзырдтой:

– Бакæс-ма йæм, куыд дзæбæх у!

Чызг та:

– Æцæг халон куы у. Афтæ йæ хондзынæн – Халон, – æмæ кæл-кæлæй худтис.

Фæлварынц тæхгæ-тæхын нартхор бахæрын ерысгæнджытæ, фæлæ гагатæ æрхауынц зæхмæ, æмæ æлдары чызг худæгæй артæнхæлдтæ кæны. Æрмæст Халон фесгуыхт – иу гага дæр зæхмæ не ‘руагъта. Фæлæ дзы иу йæ зачъеты ныссагъдис. Чызгмæ æрбахæстæг, уый ныххудтис æмæ йын загъта, дæуæн та гага дæ зачъеты ис, зæгъгæ. Уæд æлдар нал фæлæууыд:

– Зæххыл нæй! Дæ ныхас дæ ма уæд рох!

– Мæ ныхас? Æмæ уæдæ Халонмæ ацæуон чындзы?

Æмæ иууылдæр ныххудтысты.

Æлдар смæсты:

– Уæдæ æз сомы кæнын, ард хæрын мæ адæмы раз, фыццаджыдæр цы мæгуырыл фембæлон, уымæн дæ усæн ратдзынæн!

Чызг æнхъæлдта, æмæ хынджылæг кæны йæ фыд, фæлæ æлдары адæмæй иу хъæрæй загъта:

– Æлдар, æрбацыд иу мæгуыр лæг, æмæ домы, цæмæй дæ ныхас сæххæст кæнай…

Фæзынд мæгуыр лæг, скъуыд, бызгъуыртæ дарæсы, йæ къухы – æмпъызтытæ дзæкъул.

Æлдар дзуры йæ адæммæ:

– Хъусут, рахæссут мæ чызгæн исты бызгъуыртæ æмæ йыл сæ скæнут!

Ацыдис чызг йæ лæгимæ. Цæуынц-цæуынц æмæ уынынц: быдыры фысты дзугтæ хизынц, стырвосы рæгъæуттæ. Бæхтæ дæр ма! Фæрсы чызг:

– Адон кæй исбон сты?

– Халоны!

– Ай та кæй галуан у?

– Халоны!

– Æвæццæгæн, тынг хъæздыг у уыцы Халон.

– Æлдарæй хъæздыгдæр!

Хъуыды кæны чызг: «Сæрхъæн митæ куынæ кодтаин, уæд афонмæ уый бинойнаг нæ уыдаин?»

Уалынмæ бахæццæ сты сæ хæдзармæ æмæ йын лæг дзуры:

– Арт скæн. Сарæхсдзынæ?

– Цæй кой кæныс – арт та циу?

– Мæнæ замана! Арт – зæххыл æй скæнынц, къалиутæй æмæ зынгæй. Уæртæ ма нæм дзидза дæр ис, æмæ дзы лывзæ акæн.

Ницæмæ сарæхст чызг, алцыдæр лæгæн йæхи кæнын бахъуыд.

Райсомæй дзуры чызгмæ:

– Мæнæ тъæсчъы æйчытæ. Ауæй сæ кæн, æхца та мæнмæ æрбахæсс!

Араст ис чызг базармæ. Бацыд æмæ уыны: чи халсартæ уæй кæны, чи – дыргътæ, чи – æндæр цыдæр. Тæскъ зæххыл куыд æрæвæрдта, афтæ йæм иу ус бауадис:

– Цас кæны иу айк?

– Туман.

– Æри-ма мын дзы дыууæ.

Чызг ын сæ радта. Ус дзы иу асаста, æмæ йæ хуылфы разынд дæс туманы. Иннæ асаста, æмæ та уым дæр – афтæ.

– Мæнæ дын дæ дæс айкæн сæдæ сомы.

Раздæхт чызг йæ хæдзармæ æмæ лæгæн алцыдæр радзырдта. Уый та йын:

– Æнæсæр, æнæсæр чи дæ! Æйчытæ хæдзармæ цæуылнæ æрбахастай, кæд уыдтай, сæ хуылфы сæдæгай сомтæ ис, уæд? Кæм ис дæ сæр?

Кæуы æмæ кæуы чызг.

– Æгъгъæд фæуæд! Ахæсс ацы хъуыраутæ æмæ сæ ауæй кæн.

Æрæвæрдта чызг хъуыраутæ. Хъуысы цæфхæдты къупп-къупп. Алыварс хъæлæба:

– Халон! Халон!

Уыны чызг: æртæхы бæх, сау-сауид, æмæ йыл бады цыдæр лæг. Æмæ куыд тахт, афтæ йæ бæхы комкоммæ хъуыраутыл баскъæрдта, æмæ сæ ныммур кодта. Чызгмæ иуварсмæ кæсгæ дæр нæ фæкодта. Скуыдта чызг:

– Мæ бон уыдис йæ бинойнаг суæвын!

Раздæхт фæстæмæ хæдзармæ æмæ алцыдæр йæ лæгæн радзырдта.

– Ницæйаг, ницæйаг! Ницæмæн бæззыс! Фæлæ Халоны, йæ галуаны тæбæгътæ чи ‘хса, ахæм кусæг хъæуы. Тæккæ райсом уым уыдзынæ!

Райсомæй акодта чызджы галуанмæ. Райстой йæ тæбæгътæ æхсæгæй. Алы бон йæ куыстмæ цыдис, хæдзармæ та-иу фæлладæй æрхæццæ. Иуахæмы дзуры йæ лæгмæ:

– Фехъуыстай, Халон тагъд æлдары чызджы куры?

– Уæдæ дзы диссаджы хæринæгтæ æрæвæрдзысты! Гъемæ мын-иу исты адджинæгтæ амбæхс. Мæнæ ацы дзæкъул демæ айс æмæ.

Райста чызг дзæкъул, ацыдис куыстмæ æмæ йе ‘мкусæгæн афтæ:

– Цы тынг мæ фæнды чындзæхсæв фенын!

– Мæн дæр. Чындз диссаджы рæсугъд у, зæгъгæ, дзырдтой.

Уæртæ уыцы æмбæрзæны фæстæ бамбæхсдзыстæм æмæ уырдыгæй фендзыстæм æлдары æмæ йæ бинойнаджы дæр.

Чызг дзæкъулы йæ лæгæн адджинæгтæ сæвæрдта. Халон иу сылгоймагимæ кафын райдыдта. Стæй чызгмæ бацыд, уаты астæумæ йæ ракодта. Афтæ тагъд æй кодта, æмæ йæ дзæкъул æрхаудис. Адæм худыныл схæцыдысты. Фыр æфсæрмæй чызг зæхмæ æрхаудис. Халон æй фелвæста, уатмæ йæ ахаста æмæ йæ сынтæджы æрæвæрдта.

Йæхимæ æрцыдис чызг, уыны: чидæриддæр уыдис чындзæхсæвы, уыдон æм кæсынц, рахизырдыгæй йæ фыд лæууы, галиуырдыгæй – йæ мад.

— Кæм дæн? Цы мыл æрцыд?

— Ды Халоны галуаны дæ, нæ чызг.

— Æмæ Халон йæхæдæг кæм ис?

Ничи ницы дзуры. Æвиппайды дуар байгом æмæ уатмæ æрбахызт мæгуыр лæг. Сынтæгмæ бацыд, йæ мæнгдзæсгом систа æмæ… чызджы раз æрлæууыд Халон.

Лæг æмæ ус кæй уыдысты ныронг, уымæ гæсгæ фынджы уæлхъус æрбадтысты, æмæ чындзæхсæв дарддæр ноджы хъæлдзæгдæрæй цыдис. Мæнмæ та дзы хонæг дæр нæ уыд!