УЫРТАТЫ Сæрмæт

Райгуырд 1999 азы Дæр- гъæвсы комы Фæзыхъæуы. Уым 9 къласы каст фæцис, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы 24-æм скъо- лайы.

– Фæстаг аз, иумæйаг паддзахадон фæлварæнты размæ, райдыдтон хъуыды кæнын мæ райсомы дæсныйадыл æмæ сфæнд кодтон Хетæгкаты Къостайы номыл университеты журналистикæйы факультетмæ бафæлварын мæхи. Цыппар азы фæцахуыр кодтон уым, райстон дзы зонындзинæдтæ. Цы хорз у, ахæм дæсны, æмбаргæ æмæ зæрдæхæлар ахуыргæнджытæ дзы кæй кусы, уый.

Уарзын аив дзырд, литературæ, музыкæ, æрдз æмæ адæймаджы æцæгдзинад æнкъарын. Æмæ хатгай афтæ рауайы, æмæ цавæрдæр хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ раивылынц гæххæтмæ уацмысты хуызы, – зæгъы Сæрмæт.

Абон ахуыр кæны магистратурæйы ирон филологийы факультеты 2-æм курсы литературæйы хайады. Уыимæ ма кусы национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы уацхæссæгæй.

Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыста 13-аздзыдæй.

 

АРТЫ ЗЫНГ

Арты зынг мӕ зӕрдӕ тавы,
Уазал маст фæци дӕлзӕхх,
Ихджын суг йӕ цӕссыг уадзы,
Арты тӕф тӕхы уӕлзӕхх.

Халас зӕххы комыл бады,
Бӕстӕ урс хъӕццулӕй – тыд.
Мит лыстӕг гагатӕй уары,
Ногӕй та зымӕг ӕрцыд.

 

* * *

Нӕ удты нӕй сыгъдӕгзӕрдӕйы апп,
Уӕларвон хур, Хуыцауысконд цӕхӕр.
Нӕ удты нӕй ӕгӕрон уарзты тӕпп.
Нӕ туджы байсыст рагфыдӕлты ‘хсар.

Хуыцауы ном нӕ ферох ис бынтон,
Нӕ зонд – къуындӕг, нӕ сӕнттӕ – дзаг мӕнгӕй.
Рӕдыд фӕндагӕй нал хизӕм ныронг,
Фыдӕлты фарн нӕ дадзинты – фынӕй.

 

УРС БӔЛОН

Урс бӕлон мӕнмӕ тӕхы,
Цины хабар мӕм хӕссы.
Зонын, сау ӕмыр сӕфдзӕн,
Ногӕй уды зард хъуысдзӕн.

Раст цыма мӕ уазал дур
Судзгӕ тынтӕй тавы хур,
Афтӕ хъарм кӕны мӕ риу
Уыцы рухсдар зараг цъиу.

Уый мӕнӕн – мӕ ныфс, мӕ цин,
Царды рухсдӕттӕг, мӕ дин.
Ногӕй райдыдтон цӕрын,
Арвыл цӕргӕсау тӕхын.

 

* * *

Зӕгъ-ма, ирон, дӕ цард, дӕ исбон
Цӕмӕ ӕрцыд, куыд уыдзӕн райсом?
Мӕнгард ӕмӕ фыдвӕнд дӕ ныр,
Дӕ зӕрдӕ нал исы Хуыцауы мыр.

Ӕркӕс дӕхимӕ, ссыгъдӕг кӕн дӕ уд.
Дӕ хивӕнд ми ныууадз! Скув!
Ӕгъдауы фӕд дӕ рахиз фарс цӕуы,
Бӕрзонд цӕуы, уым Уастырджи лӕууы.

 

МЫДÆЙСÆРСТ ХЪАМА

Мӕнгард дӕлимон тых мӕ къухмӕ дары кард,
Фӕнды, цӕмӕй ӕдылы ми мӕ зӕрдӕ скала.
Мӕ бонты рыстыл зӕры судзгӕ цӕхх ‘мӕ арт.
Мӕ хуылфы гуыры пиллон, калы уындӕй ала.

Куыдзау хӕцы мӕ къахыл маст, мӕнгард хъуыды,
Фӕлӕ мӕ размӕ рацыд худгӕ, хъазгӕ, саби,
Мӕ сау ӕдылы зонд ныххауд хъӕлдзӕг мыды,
Фӕлыгъд зындон, мыдыбындзӕй фӕтарст ӕрраби.

 

ÆРГОМДЗИНАД

Цыдтӕн кӕдӕмдӕр сау ӕхсӕвы балцы.
Цӕмӕдӕр ӕз мӕ цӕст сдардтон арвмӕ,
Бӕрзонд мӕ сӕрмӕ иу бӕлццон цыдис,
Уый рухс тыдта мӕ тар фӕндаджы раз.
Мӕ амонд, уарзгӕ, худгӕ, мидбыл худт,
Йӕ ӕртдзывдзаст мӕ уды сӕрты ахызт,
Мӕ уды ахызт рухс ӕргомдзинад.

 

У ИРОН!

Кӕд ирон мыггаг хӕссыс,
Кӕд ирон зӕххыл цӕрыс,
Зон ирон лӕджы ӕгъдау!
Зон нӕ фыдӕлты ӕвзаг!

Кафгӕ рацу махмӕ тагъд,
Рагон симд ӕрсимӕм мах.
Уадз, цӕгъдӕд ӕнусты цагъд,
Уадз хъуысӕд нӕ Иры зард!

 

* * *

Нӕй цӕрӕн
Уӕздан лӕгӕн,
Арвы бынмӕ абон.

Нарты фарн,
Ӕгъдау мӕ ‘фсарм
Дард кӕмдӕр лӕууынц.

Цард – мӕнгард,
Ӕрцыд та рад,
Бадӕтты йӕ марг.

Нӕй ӕууӕнк.
Рӕстуд та – мӕнг,
Удтыл бады сау сынкъ.

Бирӕгътӕ,
Ӕгъатыртӕ,
Ногӕй Иры адӕмтӕ.

Хицӕуттӕ,
Фыдызнӕгтӕ,
Хиуарзон ӕлдӕрттӕ.

Давджытӕ,
Гуыбындзӕлтӕ,
Бухъкӕнгӕ цӕрынц.

Иннӕтӕ,
Хӕлӕггӕнгӕ,
Фыр мӕстӕй фыцынц.

Аннӕтӕ та,
Койгӕнгӕ,
Хахуыртӕ мысынц.

Афтӕмӕй
Сыл зарджытӕ
Бинӕгтӕ кӕнынц.