ГУЫЛДЗЫГ МÆСГУЫТÆ
Уац
Ирыстоны хæхбæсты ахæм хъæу стæм ис, хъахъхъæнæн арæзтад кæм не ‘мбæлы. Кæд дзы ныртæккæ бирæтæн сæ фæд дæр нал зыны, уæддæр ивгъуыд дугты сæ нымæц дзæвгар уыд. Уымæн æвдисæн сты сæ арæзтадты хæлд бындуртæ, – æрмæстдæр ма кæцыдæр хъæуты бæрæг дарынц. Зæгъæм, Дзауы цæгат хайы Санахъоты мæсгуытæ, Æхслебы зылды Цхуырбаты мæсгуытæ сæ галуантимæ, Тыбылты мæсгуытæ Кърозы хъæуы, стæй ма Гуфта, Къобеты æмæ æндæр рæтты. Кæцыдæр хъæуты та æрмæстдæр сæ бынæтты нæмттæ баззадысты: Мæсыгуат – бынаты ном æмбæлы Итраписы, Фæзы хъæуы, Бæгъиаты хъæуы, Чысангомы æмæ а.д.
Хъахъхъæнæн арæзтадты райрæзты дуг куы уыд, уæд сын стыр аргъ уыд æхсæнадон цардыуаджы. Рæстæг æмæ дуджы домæнтæм гæсгæ, стæй æрхъуыды æмæ арæхстдзинады руаджы, хъахъхъæнæн арæзтадты æрмдæсныйад азæй-азмæ рæзыдис. Хиисад æмæ бинонты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн, стæй ма цардарæзты руаджы фæзындысты хъахъхъæнæн арæзтадты хицæн хуызтæ – гæнахтæ, мæсгуытæ, галуантæ æмæ фидæрттæ. Мæсгуытæ дæр уыдысты хицæн хуызтæ: расткъуымон мæсгуытæ æмæ гуылдзыг мæсгуытæ. Ноджы ма Ирыстоны æмбæлы, тымбыл бындур кæмæн ис, ахæм мæсгуытæ, фæлæ уыдон арæх не сты.
Иумæйагæй гуылдзыг мæсгуыты арæзтадтæм сæ хъус æрдардтой ахуыргæндтæ Дзаттиаты Руслан, Пармен Закарая, Тменаты Витали æмæ æндæртæ.
Закараяйы хъуыдымæ гæсгæ, гуылдзыг мæсгуытæ парахатгонд кæм сты, уыцы кæмтты сæ нымæц хæццæ кæны 40 бæрцмæ.
Мæ быдырон куыстыты рæстæджы нырмæ сбæрæг кодтон 60 бæрц ацы хæдхуыз мæсгуыты арæзтадтæй. Кæцыдæр кæмтты мын нæма бантыст хъахъхъæнæн арæзтадтæ бабæрæг æмæ сахуыр кæнын.
Ме ‘рмæджытæм гæсгæ, ацы арæзтадты хуызтæ фылдæр парахатгонд сты Чысыл Леуахигомы – 30, Чысангомы – 16, Стыр Леуахидоны комы – 9, Медзыдайы комы – 4 æмæ иу та Лехурагомы.
Зонадон литературæйы ма зындгонд сты Арагуийы комы. Иугæйттæ дзы æмбæлы Тырсыгом æмæ Зруггомы. Ацы арæзтадтæй ма æмбæлы Гуырдзыйы хицæн кæмтты дæр, кæцытæ сыхагиуæг кæнынц Ирыстонимæ.
Гуылдзыг мæсыг разæрдыгæй у расткъуымон, фæстæрдыгæй та – зылд къулимæ. Ома йæ фæрсаг къултæ куыд фæстæрдæм кæрæдзимæ æрбазилынц. Йæ бындур раззаг расткъуымон фарсæй фæстаг зылд къулæрдæм фæстæрдæм у ивæзт, цыбыр ныхасæй – даргъæццон.
Гуылдзыг мæсгуытæн сæ бахизæнтæ арæзт сты расткъуымон къулыл æмæ се ‘ргом здæхт у коммæ, ома дæлæрдæм. Цы мæсгуытæ бæрæг кодтон, уыдонæй æрмæст дыууæйы ацы миниуæг хъахъхъæд не ‘рцыд. Фыццаг у Едысгомы Гæлыуаты гуылдзыг мæсыг – амæн йæ бахизæн æвæрд ис фæрссаг къулыл. Дыккаг та у Алеугомы мæсыг. Кæд ацы мæсыгæн йæ бахизæн расткъуымон къулыл ис, уæддæр йе ‘ргом у фæстæрдæм, хохмæ арæзт, йæ зылд къул та комы ‘рдæм дæлæмæ кæсы.
Гуылдзыг мæсыгæн йæ раззаг расткъуымон къул тæнæгдæр у фæрссаг къултæй. Фæрссаг къултæ та тæнæгдæр сты фæстаг зылд къулæй.
Иумæйагæй, цы арæзтадтæ федтон, уыдонæн сæ раззаг къулы бæзджын у 1,55 м, фæрссаг къултæн – 1,6 м æмæ фæстаг зылд къултæн та 2,2 м бæрц. Сæ бындуры дæргъ арæхдæр у 7,62 м æмæ уæрхырдæм та 6 м. Сæ хуылфмæ бахизæнтæн сæ 75% сты расткъуымонтæ, 20,5% – трапецион формæтæ æмæ 3,5% та уæлæрдыгæй сты зылд арæзт бахизæнтимæ.
Расткъуымон мæсгуытæн сæ бахизæнты 50% сты расткъуымонтæ, уæлæрдыгæй зылд арæзт та – 10,5%, фатхуыз (стрельчатый) æмæ æндæр хуызтæ та – 39,5%.
Гуылдзыг мæсгуытæн ма характерон у, æддæмæ хъавæнтæ сын фылдæрхатт арæзт кæй цыдысты раззаг расткъуымон къулыл, фæрсæрдыгæй æмæ фæстæрдыгæй та – стæмдæр хатт. Æмткæй райсгæйæ, дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ацы арæзтадтæн расткъуымон мæсгуытимæ абаргæйæ.
Иумæйагæй, хъахъхъæнæн арæзтадты ахуыр кæнын зын фарст у, уымæн æмæ сæ фылдæр пырх æрцыдысты æддагон знæгтимæ тохты, стæй ма æрдзон фæзындтæ æмæ æндæр аххосæгтæй. Ме ‘рмæджытæм гæсгæ ма дзы цы баззад, уыдонæй дæр æнæхæлд уыдзæнис цыппар-фондзы бæрц, иннæтæй чи æрдæгпырх у, чи та бынтон пырх, æмæ сын сæ фыццаг конд, хæдхуыздзинæдтæ рабæрæг кæнын къухы зынæй æфты.
Йæ рæстæджы Пармен Закарая фыста: «В большинстве полукруглые башни построены до появления огнестрельного оружия». Ахæм хъуыдыйыл лæуд сты æндæр ахуыргæндтæ дæр.
Арæзтадтæ бæлвырдæй кæд фæзындысты? Царциаты калачы нæ зындгонд археолог Дзаттиаты Руслан сбæрæг кодта дыууæ мæсыджы бындуры. Сæ иу – расткъуымон бындуримæ, дыккаг та – фæстæрдыгæй зылд къулимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы калак хауы астæуккаг æнустæм. Уый дзурæг у ууыл, уыцы рæстæджы кæй уыдысты мæсыгамады дыууæ хуызы дæр.
XVI – XVII æнустæй зындгонд хъахъхъæнæн арæзтадты арæх фæрсæй-фæрстæм æмбæлынц дыууæ мæсыджы хуызы – куыд гуылдзыг, афтæ расткъуымонтæ дæр: Гæлыуаты мæсгуытæ, Гнугъы хъæуы мæсгуытæ, Лекъуаны мæсгуытæ æмæ а.д. Сæ хъавæнтæм гæсгæ, арæзт уыдысты, артуадзæг æхсæнгарз Кавказмæ куы ‘рбахауд, уыцы дугты. Ома расткъуымон æмæ гуылдзыг мæсгуыты арæзтад Ирыстоны рæзтис астæуккаг æнустæй суанг XVIII æнусмæ.
Гуылдзыг мæсгуыты хæдхуыз арæзтады фæзынд дæр цымыдисаг у æмæ æвзæрын кæны бирæ фæрстытæ. Зындгонд ахуыргонд Тменаты Виталийæн ацы арæзтадты фæзынды фæдыл йæ хъуыды уыд ахæм: «Типологически башни с круглой спинкой являются, очевидно, переходным звеном в эволюции оборонительных сооружений – от четырехугольных в плане к круглоплановым (цилиндрическим)». Ацы хъуыдыйы фæдыл мæ фæнысан кæнын фæнды: ацы хицæнхуыз хъахъхъæнæн арæзтадтæ Кавказы зындгонд сты абоны Ирыстоны зæххыл кæнæ та, ирæттæ кæм цардысты, уыцы кæмтты. Æмæ кæд расткъуымон мæсгуытæй тымбыл мæсгуытæм райрæзты фæстиуæг уыдысты гуылдзыг мæсгуытæ, уæд тымбыл мæсгуытæ хъуамæ арæхдæр æмбæликкой Ирыстоны зæххыл. Бæрцæй та дзы абонмæ бæрæггонд хæххон Ирыстоны 7-8 фылдæр нæй (Похала, Сулаур, Бихъар æмæ а.д.).
Уыимæ Дзаттиаты Русланмæ та ис ахæм хъуыды: «Кавказские башни расположены в зоне интенсивных снегопадов… Этим можно объяснить закругленность задней стенки некоторых башен Осетии: направленная в сторону возможного схода лавин, она как бы помогала рассекать лавину, ослабляя тем самым удар». Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстаг къул зылд куы уа, уæд митзæйы тых сæтты æмæ йæ кæны дыууæ дихы, афтæмæй арæзтадæн ницы зиан хæссы. Мæсгуыты бæстыхæйттæ арæзт кæм цыдысты, уым зæйцæуæнтæ нæ уыдис, уыдон фылдæр æвæрд цыдысты хохрагъы суангтыл (ома на горном отроге хребта) æмæ къуылдымтыл, иу дзырдæй, арæзт цыдысты зæйтæ æмæ лæбырæнтæй æдас бынæтты.
Ацы мæсгуыты арæзтадтæ уæрæхæй кæм æмбæлынц, Арагуийы комæй суанг Стыр Леуахи доны коммæ, уым рагæнустæй фæстæмæ дæр цардысты ирон адæмы рагфыдæлтæ. Уымæн æвдисæн сты фыссынады ратæдзæнтæ æмæ æндæр археологон æрмæджытæ. Уымæ гæсгæ раст зæгъы Дзаттиаты Руслан, зæгъгæ, «башни с округлой спинкой почти совпадают с регионом проживания осетин, будь то верховья Арагви, обеих Лиахв и другие места».
Уæлдæр цы æрмæг æмæ зонæнтæ æвдыст æрцыдысты, уыдонæй ис скæнæн ахæм цыбыр хатдзæг: гуылдзыг мæсгуыты хæдхуыздзинад æмæ æндæр бæрæггæнæнтæ сты Ирыстоны мæсыгарæзтады уæрæх райрæзты æвдисæн. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы арæзтадты фæзынд дæр баст у ирон мæсыгамады культурæимæ.
МÆРГЪИТЫ Ирбег,
Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты зонадон кусæг