МАМИАТЫ Таймураз: «Уд сыгъдæггæнæн фæрæз»

УД СЫГЪДÆГГÆНÆН ФÆРÆЗ

Уац

Нæ хæхбæсты фыдæлтыккон рухс кувæндæттæ тынг бирæ ис, табу се ‘ппæтæн дæр. Сæ равзæрды таурæгътæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц, фæлæ дзы алкæцы дæр йæхирдыгонау цымыдисаг у. Цас рагондæр уа кувæндон, уыйас йæ таурæгъ йæхимæ фылдæр æргом здахын домы. Сæ рагондзинадæй уæлдай ма дих кæнынц сæ ахадындзинадмæ гæсгæ. Иутæ дзы сты æппæт ирон адæмæн, æмæ ма æндæр адæмты дæр сæхимæ æлвасынц. Зæгъæм, Хетæджы Уастырджи æмæ Джеоры Уастырджи. Ис ма алы комбæсты дæр хицæн кувæндæттæ. Куывды сæм цæуынц кæцыдæр хъæубæстæ, кæнæ та – хицæн мыггаг. Ныртæккæ уыцы арæнтæ æмæ гæрæнтæ цард кæмдæрты йæхæдæг аиуварс кодта. Сыгъдæг зæрдæйæ бакувын кæй бафæнда кæцыфæнды зæдмæ дæр, уый ницы къуылымпыдзинадыл сæмбæлдзæн.

Хохы Дзуары кувæндон

Куывды цæуын хорз у. Сыгъдæг зæрдæйæ кувын та – ноджы хуыз- дæр. Фæлæ нæ кувæндæттæ цы уавæры сты? Сыгъдæг хъуаг, базилын хъуаг не сты, мыййаг? Бæгуыдæр сты! Хъыгагæн, нырма нæм фаг культурæ нæй, уæлдайдæр Дзуары бын. Ирыстоны æппæт кувæндæтты уавæры кой нæ кæндзынæн. Мæ ныхасы сæр уыдзæн, Нары зылды гыццыл аив фæллагкомы цы дæс кувæндоны ис, уыдоныл: Хохы Дзуар, Реком, Хуыцауы Дзуар, Аларды, Уацилла, Мусы Дзуар (Фæлвæра) Мады Майрæм, Сауыбыны Уастырджи, Сауыбыны Мыкалгабыртæ, Цыфыкомы Уастырджи.

Цыбырæй дзы алкæй тыххæй дæр фæйнæ æртæ ныхасы æмбæлы сæ равзæрд, сæ историйыл.

Се ‘ппæтæй бæрзонддæр, ома хъæуæй дæрддзæфдæр у Хохы Дзуары кувæндон. Йæ сæйраг кувæндон ис Гуыр- къуымты комы, Тербаты Уастырджи дæр æй хонынц. Лиайы комы бæрзонд хохрæбын уыдис йæ фыццаг. Æгæр бæрзонд æмæ зынвадат кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ дæлдæр æрхастой. Ардыгæй та Фæллагкомы хистæртæ æрбахастой æртæ дуры æмæ нæхи комæн сарæзтой хицæн кувæндон. Самадтой хохаг дурæй тымбылгонд æмбонд, йæ диаметр – 2 метры бæрц, йæ бæрзæнд – 0,7 – 0,8 м.

Рекомы кувæндон йæ æвæрдмæ гæсгæ хæстæгдæр лæууы Хохы Дзуары кувæндонмæ. Хаст æрцыд Цъæйы комы Рекомы сæйраг кувæндонæй, фæлæ кæцы рæстæг, уый ничиуал хъуыды кæны.

Хуыцауы Дзуар

Хуыцауы Дзуар, Хуыцауы аргъуан дæр æй хонынц. Ацы кувæндон, æвæццæгæн, се ‘ппæтæй рагондæр у. Плиты Таймураз, нæ зындгонд ахуыргонд дæр афтæ хъуыды кодта. Йæ равзæрдыл цалдæр таурæгъы ис, фæлæ дзы бынтон цыбырæй – иу. Кувæндоны сисамад кæм ис абон, уый, дам, кæддæр зæххы бын фæцис, зынгæ дæр нæ кодта. Регахы цæрджытæн загъдæуыд, ацы тъæпæнгонды бынæй кæй ис рагон кувæндон-аргъуан. Комбæсты иумæйаг Зиу расидтысты, скъахтой йæ æмæ дзы æцæгдæр разынд кувæндон-аргъуан. Йæ къуламадтытæ æцæгдæр – лæгъз дурæй амад, хырхæй лыгау æмраст.

Алардыйы кувæндон

Алардыйы кувæндон ис Хуыцауы Дзуары кувæндонæй гыццыл уæлдæр, рындзыл. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, комбæстæм кæцæй хаст æрцыд ацы кувæндон, уый дызæрдыггаг сси. Иутæ зæгъынц, Зджыдæй хаст æрцыд, иннæтæ – Захъайæ. Кæцы растдæр у, уый абоны фæлтæрæн зын сбæлвырдгæнæн у. Иуæй, Захъа хæстæгдæр у, æмæ уымæ гæсгæ, иннæрдыгæй та, Зджыды Алардыйы кувæндон рагондæрыл нымад цæуы.

Уымæн дæр хохаг дурæй тымбылгонд сисамад скодтой, нæзы тала дзы ныссагътой, фæлæ рæстæг йæ куыст бакодта. Йæ хуылф ын дымгæ байдзаг кодта сыджытæй. Бæласæн дæр йæ рæстæг æрхæццæ, бамбыд æмæ акалд. Йæ сисамад дæр зæххы аныгъуылд.

Мусы Дзуары (Фæлвæрайы) кувæндон кæм ис, уым кæддæр Джиоты Алыкситæн уыдис стыр мус. Иу рæстæджы, изæрмилтæ кодта, афтæ мус ныррухс. Афтид уыд. Хор, хосы мæкъуылтæ дзы нæй, уæд дзы цы судзы, зæгъгæ, адæм фæфæдис сты. Кæсынц, æмæ дзы къонайы рæхыс сырх зынгæй лæууы. Уый охыл дзы, хистæрты уынаффæйæ, кувæндон скодтой – Мусы Дзуар (Фæлвæра).

Уацилла та, 95-аздзыд Джиоты Сергейы ныхасмæ гæсгæ, хаст æрцыд Дæргъæвсгомы сæйраг кувæндон «Уацилла»-йæ.

Мады Майрæмы кувæндон дæр, Сергейы ныхасмæ гæсгæ, хаст æрцыды Зруджы Мады Майрæмы кувæндонæй. Хистæртæй, зæгъы, куыд хъуыстон, афтæ æмбис кары лæппулæгтæ æртæ æртыдзыхонимæ, къуымæл сæрмагондæй сфыхтой, Зруджы комбæсты хистæртæй бар ракуырдтой, Дзуары бынæй æртæ дуры рахæссæм, зæгъгæ. Хатыр ракурыны фæстæ фæйнæ рæстæмбис дуры рахастой. Дзæвгар куы рауадысты, уæд æрлæууыдысты, нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Скуывтой та Хуыцаумæ, Мады Майрæммæ, æмæ та дарддæр сæ фæндаг дарынц. Афтæ – цалдæр лæуды. Лæппутæ нал фæрæзтой, дуртæ ныууæззау сты, цалынмæ Регахмæ хæццæ кодтой, уæдмæ.

Сауыбыны Уастырджи æмæ Мыкалгабыртæ дæлдæр комрæбын æвæрд сты. Уæлбыл нæухох къуылдымы тæккæ рындзыл лæууы, цалдæр æнусы кæуыл цæуы, ахæм нæзы бæлас – Сауыбыны Уастырджийы кувæндон. Иу 300 – 400 метры уæлдæр та – къаннæгдæр пæлæхсар тулдз бæлас, уый бын та – Сауыбыны Мыкалгабырты кувæндон. Ацы дыууæ бæласы уæллаг фарс нæухох фæхстæ раджы кæддæр хъæдæмбæрст уыдысты, ома тар хъæд, саугъæд. Саугъæды бынмæ хъæу кæй сæвзæрд, уымæ гæсгæ йыл ном дæр сæвæрдтой Сау хъæды бын. Топоним зын дзурæн кæй уыд, уый охыл æй рæстæг йæхæдæг фæивта æмæ йæ хонын байдыдтой «Сауыбын» – Мамиаты мыггаг кæцæй рантыст, уый. Мыггаджы хистæртæ та ацы дыууæ бæласы бын скодтой сæхицæн кувæндонтæ. Бæлæсты фæйнæфарс самадтой мæсыг- гонд (часовня) сæ алыфарс та – æмбонд хохаг дурæй æд сæрмагонд гыццыл рудзынггонд мысайнæгтæ æвæрынмæ.

Цъыфы комы Уастырджийы кувæндон. Джинатмæ фæзилæнæй суангдæр Тъунелмæ цы хид цæуы, уырдæмты нымад у Цъыфы комыл. Цъыфы комы Уастырджийы кувæндон та ис, Захъадон æмæ Джинатдон кæм баиу вæййынц, уым тæккæ рындзыл хъæды астæу бæрзонд ран. Ацы дзуармæ куывтой Джинатгом, фæлæ Фаллагкомы дæр нымад уыд комы зæдыл. Алы аз дæр Атынæджы фæстæ къуырисæры Фаллагкомы скæнынц иумæйаг куывд.

Ныр ацы кувæндæттæй дыууæ – æртæ æнусы кæуыл нæ цæуы, иу дæр дзы ахæм нæй. Уал æнусы, хурæй, къæвдайæ, уадтымыгъæй цы уавæрмæ хъуамæ æрцыдаиккой уыцы дурамад къултæ æмæ систæ? Сæ сисамадтытæ-иу сын кæд рæстæгæй-рæстæгмæ бадзæбæхтæ кодтой бынæттон цæрæг адæм, уæддæр дзы цалдæр дуры барастытæ кæндзынæ, уымæй йæ фыццаг, ног хуыз нæ райсдзæн. Сисамад куы ныггæлиртæ, ныззылынтæ уа, уæд æй хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Ахæм куыст та хъæуы Фаллагкомы кувæндæтты се ‘ппæты дæр. Фыццаджыдæр, сæ сисамадмæ дымгæ цы бырон фæхаста, уый ныссыгъдæг кæнын хъæуы, сисамад кæм ныккалд, ныззылынтæ, уый ногæй самайын аив æмæ рæсугъд. Куыст – бирæ. Рæстæг та бонгай, къуыригай нымайгæ нæу, мæйгæйттæ бахъæудзæн. Сæйрагдæр та – чи? Комбæстæ федзæрæг, кæд кæстæртæ бæрæгбæттæм бамбырд вæййынц, уæддæр дзы ацы ахсджиаг хъуыддагмæ йæ хъус ничи дары. Бирæтæ фæдзурынц, кувæндонмæ хуымæтæджы бавналæнтæ кæй нæй. Уый дæр кæмдæр раст у, фæлæ, Хуыцау æмæ зæдтæй хатыр ракургæйæ, ахæм хъæугæ æмæ пайдайы куыст бакæнæн ис. Кувæндоны æнæуаг митæ ма бакæн, æндæр ын балæггад кæн, базил æм, уæд уый у æхцондзинад адæмæн æмæ зæдтæн дæр.

Гъемæ уыцы ахсджиаг æмæ бæрнон хæс барвæндонæй йæхимæ райста нæхи комбæстаг Джиоты Сергейы фырт Хъазыбег (Гадзе). Хъазыбег райгуырд æмæ хъомыл кодта Фаллагкомы бæрзонддæр хъæу Регахы. Йæ фыд Сергей 96 азы фæцард, æмæ ма йæ фырттæ Руслан, Хъазыбег, æмæ Асланæн йæ фæстаг фæдзæхст дæр, комбæсты кувæндæттæ æгуыдзæгæй ма ныууадзут, зæгъгæ, уый уыд.

Хъазыбег бацæттæ кодта сæрмагонд кусæнгарз, æмбæлгæ æрмæг, сæрмагонд хæдтулгæ, хæххон зын фадæтты чи сарæхса, ахæм. Специалисттæ дæр бацагуырдта. Хатыр æмæ бар ракуырдтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæй, цæмæй сæ æнæкъуылымпыйæ æмæ æнæ фыдбылызæй кусын бауадзой.

Уæлдæр æй ской кодтон, кувæндæттæй æппæты дарддæр æмæ бæрзонддæр у Хохы Дзуары кувæндон. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, æрыгонæй куыд цыдыстæм куывды. Иу-50 метры бæрц ма-иу нæ куы хъуыди, уæд-иу нæ къахыдарæс раластам æмæ йæ бынмæ цыдыстæм бæгъæввадæй. Уыдæттыл нæ ахуыр кодтой нæ комбæсты хистæртæ. Нæ мысайнæгтæ кæм æвæрдтам, уыцы тымбыл сисамады бæрзæнд уыдаид, æвæццæгæн, 0,7 – 0,8 метры бæрц, бæлвырд ма йæ чи хъуыды кæны. Фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ ма уыцы сисы бæрзæндæй зæххы уæлвæзæй зыны 0,3 метры бæрц. Иннæ зæххы бын аныгъуылд, рæстæджы фæлм æй аныхъуырдта. Диссаг у, æвæдза, рæстæг æппæтдæр куыд ивы…

Сергейы фырттæ кувæндæтты цалцæджы куыстытæ райдыдтой Хохы Дзуары кувæндонæй. Фыццаг уал фæзылдысты нæхи комы, доныбылты февзæрстой къæйдуртæ, фæстæдæр та иннæ кæмтты дурдзуан фæкодтой. Комы сæ Газаты хъæумæ фæластой, фембырд кодтой. Æфсымæртæ къæйдуртæ бæстон æхсад кодтой æмæ сæ сыгъ- дæгæй кувæндонмæ ластой. Зæронд сисамад скъахтой суангдæр йæ бындурмæ æмæ йын йæхи зæронд бындурыл райдыдтой амайын ног, гыццыл мæсыггонд. Диссаджы аив рауад кувæндоны ног хуыз. Ноджы ма йын йæ алыварс æфсæн быру æрæвæрдтой бахизæн дуаримæ уæлдай сыгъдæг дарыны охыл.

Афтæ аив, уыцы иу уагыл, фæцалцæг кодтой иннæ фондз кувæндоны бынæттæ дæр. Зæгъæн куыд нæй, афтæ рæсугъд, зæрдæмæ- дзæугæ сæ хуыз скалдтой, æмæ сæ уындæй лæг сæрбæрзонд кæны, фæзæгъы арфæйы ныхæстæ: «Хуыцау æмæ уын Регахы Авд Дзуары æххуысгæнæг æмæ арфæгæнæг фæуæнт, Гекъейы фырттæ (хæдзары номæй сæ афтæ хонынц)».

Фаллагкомы Хуыцауы Дзуар нымад у сæйрагдæр кувæндоныл. Ам дыууæ сисамады ис. Кувæндонæн – йæхи рагон, аргъуанæнгæс лæгъз дурæй амад, хырхæй лыггондау æмæ ма йæ алыварс хохаг дурæй амад къултæ. Рæстæгæн ницы фæразы. Сисамадтытæ кæмдæрты ныккæлдтытæ сты, ныггæлиртæ сты. Афтæ сын уæлæнгæйтты срастгæнæн нал уыди. Къул куы фæцуда, уæд уый йæ бындуры аххос у, æмæ йæ уырдыгæй райдайын хъæуы цалцæг кæнын. Бахъуыди дзы къултæн сæ фылдæры райхалын суанг йæ бындуры онг, сæ зылынтæ-гæлиртæ сын барæстытæ кæнын, бындур та – аив самайын. Ам къултæ ногæй амайгæйæ ахсджиагдæр уыд, цæмæй дуртæ сæ рагон бынæттæ ссарой. Систы ног амад ахаста дзæвгар рæстæг, уымæн æмæ адæм нымдгæнгæ куыстой.

Бынтон бæстон æмæ зæрдиаг куыст домдтой кувæндонæн йæхи сæйраг къултæ – дурæвæрдæн йæ бынатæй фæиппæрдгæнæн нæй ницы хуызы. Сисамайджыты бæстон, зæрдиаг архайд фæрæстмæ, æмæ кувæндон йæ хуыз фæивта, сфидыдта.

Гъеныр ма бабæстонгæнинаг сты Сауыбыны Уастырджийы æмæ Мыкалгабырты кувæндæттæ. Уырдæм Гнучъы доны сæрты хизын фæхъæуы, æмæ, сæйрагдæр, доны былæй уæлвæзгондмæ схизын вæййы тынг зын, уымæн æмæ схизæны былтæ ивылд дон бахордта, бæрзонд былгонд дзы рауад. Цæхгæрмæ хæрд сси, иу-50 метры бæрц дзы цыппæртыл быргæ у. Уымæ гæсгæ уал доны былæй схизæн бабæстон хъæуы, уый фæстæ та – кувæндæттæм бавналын. Фыццаг асингæндтæ скæнын сæ зæрды уыдис, фæлæ уый фæстæ ахъуыды кодтой, уыдон дæр та рæстæгмæ хъуыддæгтæ кæй сты, хуыздæр кæй уыдзæнис ауындзгæ хид дзы аивазын иу былгæронæй иннæмæ. Чи цæра æмæ чи цæуа, уыдон та ам дæр бузныг уыдзысты Сергейы фырттæй.

Рагагъоммæ нымадæй ауындзгæ хидæн йæ дæргъ рауад 52 метры. Дæргъæй-дæргъмæ рæтæнтæ иу былгæронæй иннæмæ ивазын хъуыд, æмæ уый та бирæ кусæг къухтæ домдта. Куыстытæ амидингæнæг æфсымæрты фарсмæ балæууыдысты Джиоты Валерий йæ фырт Асланимæ. Руслан ма фæсидт Мамиаты фæсивæдмæ дæр, æмæ иумæйаг зиумæ фæзындысты Аслан, Эдик, Тимур æмæ Хетæг йе ‘ртæ æмбалимæ. Æцæг ирон зиу дзы рауад, æмæ хид цыбыр рæстæгмæ сцæттæ.

Дзуарæн балæггад кæнын – уый алкæмæн дæр йæ хæс у, фæлæ йæ алчи æмхуызон не ’ххæст кæны. Балæггад кæнын иу хъуыддаг у, фæлæ ма уыцы лæггад йæ фæстæ радомдта дзæвгар хæрдзтæ. Хъазыбеджы куы фæрсай, уæддæр цас схардз кодтай, зæгъгæ, уæд сæрбæрзондæй фæзæгъы: «Кувæндоныл хæрдзтæ нымайын нæ хъæуы, уыдон мысайнаджы хуызы цæуынц». Æмæ ма бафтауы: «Мах æртæ æфсымæрæй, фыццаджыдæр, нæ рагфыдæлты рухс кувæндæттæн сыгъдæг зæрдæйæ баллæггад кодтам, дыккаджы та, нæ фыды фæдзæхст нæ зæрдыл дардтам».

Кувæндон аив вæййы æрмæст йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ ма архайынмæ зæрдæмæдзæугæ дзаумæттæй дæр. Хъазыбег сæрмагондæй саразын кодта диссаджы хæрзаив аг сыгъдæг бронзæйæ уагъдæй. Раст аргъæутты кæй кой фæкæнынц, ахæм. Нарты гуыппырсартæм дæр, дам, ахæм мигæнæнтæ уыдис. Суанцъæт æмбæрзæнимæ. Уæдæ алы кувæндонмæ дæр бацæттæ кодта сæрмагонд бæгæны нуазæн кæхцытæ («уацамонгæтæ»), сæ фæрстыл Дзуары нæмттæ рæсугъд фыстæй. Цы ма хъæуы хуыздæр æмæ фылдæр? Æрмæстдæр сыгъдæг зæрдæйы уаг, уарзондзинад! Нæ кæстæртæ хъуамæ зæрдæйæ банкъарой Дзуары ахадындзинад, ирон фынджы рæсугъд æгъдау æмæ фарн уæлдæр скъола кæй у, уый. Æмæ уæд Иры дзыллæ комы зæдты, хохы зæдты хорзæхтæй хайджын уыдзысты кæддæриддæр.