МЗОКТЫ Аслæнбег: «Ирон туджы ‘ртæхтæ Америкæ æмæ Австралийы»

ИРОН ТУДЖЫ ‘РТÆХТÆАМЕРИКÆ ÆМÆ АВСТРАЛИЙЫ

Уац

Иугай ныйнстӕм, ныууагътам нӕ бӕстӕ…
Къоста

Мӕ къабаз хуссары, фӕсденджыз, рнссы, Мӕ зӕрдӕйы кӕрдихтӕ ихсийынц кӕмдӕр.
Цӕрукъаты Алыксандр

Мӕ размӕ диссаджы чиныг[1]. Фыццаг хатт дзы йӕ автортӕ ирон чиныгкӕсӕгӕн дзурынц, XIX ӕнусы кӕрон ӕмӕ XX ӕнусы райдайӕны нӕ фыдыбӕстӕйӕ Цӕгат Америкӕйы паддзахадтӕм (АИШ ӕмӕ Канадӕмӕ) ӕмӕ Австралимӕ чи афтыди хуыздӕр цард агурӕг, уыцы ирон адӕмы тыххӕй.

Рагӕй дӕр мӕ фӕндыди, чи уыдис уыцы ӕнӕзонгӕ фыссӕг – уацау «Ацӕмӕзы авд фырты» (Мах дуг, 1998, №10) автор, уый базонын. Ивгъуыд ӕнусы нӕуӕдзӕм азты ӕз бакастӕн уыцы уацау Уӕрӕсейаг Паддзахадон Чиныгдоны трофейон журнал «Горцы Кавказа»-йы. Журнал мыхуыры цыди Прагӕ ӕмӕ Варшавӕйы XX ӕнусы 20-ӕм ӕмӕ 30-ӕм азты. Уацауы хабӕрттӕ уыдысты ирон цардӕй, Уӕлладжыры комы Тыхамоны хъӕуы хицӕн бинонты хъысмӕты тыххӕй.

Абайты Вассойы номыл гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты сӕмбӕлдтӕн ӕфсармджын лӕг Мӕрзойты Исламбегыл. Иӕ кусӕн уаты стъолыл федтон, цы чиныджы кой уын кӕнын, уый ӕмӕ йӕ ракуырдтон бакӕсынмӕ. Къуырийы дӕргъы чиныгӕй нӕ фӕхицӕн дӕн. Бирӕ ирӕттӕ дзы ссардзысты сӕ мыггӕгты минӕвӕртты. Ирыстоны сын хицӕн ном дӕр ма ӕрхъуыды чынди – «уӕрӕседзаутӕ», «сыбырдзаутӕ», «мандзурдзаутӕ», «америкдзаутӕ».

Ӕз дӕр дзы бацагуырдтон мӕхионты – Мзокты. Разындысты 10: Мзокты Бза, Буца, Гамбол, Дженардыхъо, Дзе, Кирилл, Никитӕ, Пъауыл, Тамерлан ӕмӕ Темырхъан.

Мзокты Бза, Нузалы хъӕуы райгуырди 1859 азы. 1912 азы ацыди Цӕгат Америкӕмӕ, сахар Анкориджмӕ. Фӕстӕмӕ сыздӕхти 1932 азы 5 апрелы. Ацыди Нузалӕй 18-аздзыдӕй, сыздӕхт 37-аздзыдӕй.

 Мзокты Пъауыл дӕр Нузалы хъӕуы райгуырди 1896 азы. Ацыди Канадӕмӕ сахар Ванкувермӕ 1915 азы 24 сентябры. Уӕд ыл цыди 19 азы. Фӕстӕмӕ нал сыздӕхти, баззади Канадӕйы.

Мзокты америкдзаутӕй иуы ӕз дӕр ӕрӕййӕфтон. Йӕ кой ис чиныджы 450 фарсыл. Мзокты Химаны фырт Темырхъан, нузайлаг, райгуырди 1895 азы. Америкӕмӕ ацыди 1912 азы Ӕмбалты Алыксандримӕ. Куыста сахар Сан-Францискойы. 1919 азы бацыди АИШ-ы Коммунистон партимӕ, ссис активон архайӕг. Ирыстонмӕ ӕрбаздӕхти 1932 азы 5 апрелы Йӕхицӕй уӕздандӕр ӕмӕ ӕгъдауджындӕр лӕг нӕ уыди. Ӕрхаста Ӕмбалты Алыксандыры хо Елисӕйы. Рацыди сын хорз цот ӕртӕ лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы: Цӕрадзон, Ирмӕ, Къотт, Кларӕ ӕмӕ Къола. Ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ирон царды уаг уымӕй хуыздӕр Нузалы хъӕуы ничи зыдта. Туджджынты-иу бафидауын кодта. Хуыцауӕй йын лӕвӕрд уыди кувыны амонд. Уыди зондджын ӕмӕ стыр хъаруйы хицау. Уазӕгуарзаг бинонтӕ уыдысты, ӕнӕ кусарт акӕнгӕ уазӕджы нӕ уагътой сӕ хӕдзарӕй. Цалдӕр хатты Темырхъанмӕ уазӕгуаты фӕци нӕ зындгонд историк ӕмӕ этнограф Калоты Барис ӕмӕ йӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕфарста нӕ рагфыдӕлты цард ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй. Темырхъан амарди Нузалы 1969 азы, ныгӕд дӕр ӕрцыдис уым.

Темырхъаны цотыцот Андрей мын загъта, ивгъуыд ӕнусы 80-ӕм азты сӕ Америкӕйӕ агурӕг кӕй уыдис, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, АИШ-ы Темырхъанӕн баззади бинонтӕ, фӕлӕ уыдоны тыххӕй Андрей бӕлвырд хабӕрттӕ нӕ зыдта.

Темырхъаны чызг Кларӕ мын радзырдта йӕ фыды тыххӕй: «Америкӕйы мӕ фыдӕн баззади бинонтӕ: ус ӕмӕ дыууӕ лӕппуйы. Йӕ бинойнаг та уыди, сыгъзӕрин цы ӕрзӕткъахӕнты къахтой ирӕттӕ, уый хицауы чызг. Ирыстонмӕ мӕ фыд йе ‘мбӕлттимӕ ӕрбаздӕхти 1932 азы, фӕлӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ хорз уавӕры нӕ уыди – ам скодта ӕххормаг заман, бахӕрынмӕ ницы уыди. Темырхъаны ма бӕргӕ фӕндыди фӕстӕмӕ йӕ бинонтӕм ацӕуын, фӕлӕ йӕ нал ауагътой арӕныл. Уӕд йӕ бинонтӕн визӕтӕ райста, цӕмӕй уыдон ардӕм ӕрбацыдаиккой. Фӕлӕ ус зыдта Уӕрӕсейы уавӕр ӕмӕ не сразы Ирыстонмӕ ссӕуыныл. Фыдыбӕстӕйы хӕсты заман Темырхъан уыди фронты. Уым уӕззау цӕф фӕцис ӕмӕ бирӕ фӕхуыссыди госпиталы. Хӕсты фӕстӕ бинонтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой сӕ фыды тыххӕй. Оргӕнты кусджытӕ-иу цоты фарстой, цӕуыл семӕ фӕныхас кӕны сӕ фыд, цы радзуры Америкӕйы царды тыххӕй. Ракӕсын сӕ нӕ уагътой сӕрибарӕй. Темырхъан дӕр мӕсты куыд нӕ кодтаид, фӕлӕ хъуыди бинонты хӕссын, сыхы, хъӕуы, мыггаджы ӕгъдау дӕттын. Рӕстӕг – уӕззау, ӕргом дзурыны бар нӕ уыдис, ӕмӕ нӕ фыд уымӕн ницы дзырдта йӕ америкаг царды ӕмӕ йӕ уымы бинонты тыххӕй. Иу уӕлдай ныхас – ӕмӕ дӕ Сыбыры амӕддаг бакодтаиккой. Ахӕм замантӕ уыдис уӕд».

Америкӕйы цӕргӕйӕ баззадысты Мзокты Гамбол ӕмӕ Мзокты Тамерлан (царди Сан-Францискойы), Канадӕйы та – Мзокты Кирилл ӕмӕ Мзокты Пъауыл, иннӕтӕ сыздӕхтысты XX ӕнусы ӕртынӕм азты.

Ӕмӕ афтӕ ныхас цӕуы чиныджы фӕрсты иннӕ ирон мыггӕгты минӕвӕрттыл дӕр.

Чиныг арӕзт у фондз хайӕ: 1) разныхас; 2) алфавитон ранымад, йӕ райгуырӕн бӕстӕй Америкӕ ӕмӕ Австралимӕ чи ацыд, уыцы адӕмӕн; 3) хатдзӕгтӕ; 4) эмигрантты сӕрмагонд номхыгъд (ӕрмӕст мыггаг ӕмӕ ном ӕмӕ чиныджы фарсы номыр, адӕймагӕн йӕ кой кӕм ис, уый); 5) зонинӕгтӕ: Интернеты сайттӕ АИШ, Канадӕ ӕмӕ Австралийы; цавӕр чингуытӕ, газеттӕ, уацтӕ, хицӕн адӕймӕгты архивтӕй фӕпайда кодтой, уыдоны номхыгъд.

Цавӕр аххосӕгтӕ уыдис ирӕтты эмиграцийӕн? «Основным мотивом эмигрантов из Осетии чаще всего была возможность накопить за границей капитал, что позволило бы решить проблемы личного достатка и укрепить материальное благополучие всей семьи. Имели случаи переезда в указанные страны к ранее выехавшим членам семьи или родственникам. Это было многоэтапное явление, бытовавшие в различных формах – от сезонных заработков до многолетнего пребывания за границами Российской империи», – фыста йӕ иртасӕн куысты Хъаныхъуаты Зӕлинӕ («Женское пространство в пореформенной Осетии» //Северная Осетия: История и современность. Вып. 5, 6. Владикавказ, 2004).

Фылдӕр адӕм фӕсарӕнтӕм кусынмӕ цыдысты быдыры хъӕутӕй, Уӕлладжыры ӕмӕ Дыгуры кӕмттӕй, къаддӕр та – Тӕгиаты ӕмӕ Куырттаты кӕмттӕй. Зын сын куыд нӕ уыдаид цӕрын сӕ ног бынӕтты: нӕ зыдтой ӕвзаг, нӕ сын хӕстӕджытӕ, нӕ хиуӕттӕ уыди ног зӕххыл, не ‘мбӕрстой ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ царды уаг, кӕдӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ кӕм ӕрцардысты уыцы паддзахӕдты. Фӕлӕ дзы бирӕтӕ тагъд базыдтой англисаг ӕвзаг, уый руаджы та ссардтой куыст. Бирӕтӕ Америкӕйы райстой ног дӕсныйӕдтӕ: шофыры, слесыры, ӕфсӕнвӕндаджы кусӕджы, ӕрзӕткъахӕджы, механичы, амайӕджы. Ахӕмтӕ дӕр дзы разынди, Америкӕйы уӕлдӕр ахуыр кӕй къухы бафтыди. Цалдӕры нӕмттӕ дзы ранымайдзынӕн:

 Таболты Джеоры фырт Георги АИШ-ы фӕци хӕдтӕхджыты институт, сси хӕдтӕхджыты конструктор. Гуыргӕ та ракодта 1875 азы Салыгӕрдӕны (Алагиры). Каст фӕцис Ӕрыдоны дины семинар, куыста ахуыргӕнӕгӕй. Ирыстонӕй ацыди Канадӕмӕ 1906 азы. Цыдис ыл 29 азы. Йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ нал сыздӕхт. Царди АИШ-ы. Амарди 1932 азы 14 майы, уӕд ыл цыди 57 азы. Ныгӕд ис Чикагойы. Йӕ фырттӕ абон дӕр цӕрынц уым.

 

Зураты Ӕфсимахойы фырт Дзегка райста Америкӕйы бӕрзонд техникон ахуырад. Чикагойы фӕци техникон институт ӕмӕ куыста инженер-техникӕй. Райгуырд Ӕхсӕуы хъӕуы 1887 азы. Дзӕуджыхъӕуы каст фӕци реалон училищӕ, уыди РСДРП-йы уӕнг. 1907 азы йӕ ӕрцахстой, тӕрхонгонд ын ӕрцыд цӕрӕнбонты Сыбыры уӕвын. 1910 азы алыгъд. Тугъанты Батырбег ӕмӕ Дудараты Сафаримӕ ацыд АИШ-мӕ. Ирыстонмӕ нал сыздӕхт[2].

Чиныгкӕсӕджы фӕнддзӕн зонын, цал ироны ацыди Цӕгатаг Америкӕ ӕмӕ Австралимӕ ӕхца бакусынмӕ. Бӕлвырд зонинӕгтӕ ацы фарстӕн ничи ратдзӕн, фӕлӕ Тедтойты Аслӕнбегмӕ гӕсгӕ, «Ирыстонӕй Октябры революцийы агъоммӕ ацыд ӕппынкъаддӕр 15 мин адӕймаджы – Ирыстоны цӕрджытӕн сӕ 12 проценты (Ирыстоны 1913 азы царди 130 мин адӕймаджы)» (Тедтоев А. А. Временнопроживающие крестьяне в Северной Осетии во второй половине XIX иначале XX века. Дзауджикау, 1912).

Америкӕмӕ цӕуыны аргъ уыди 200 сомы, 100 сомы та лӕгӕн хъуамӕ йӕхимӕ уыдаид. Ӕдӕппӕтӕй 300 сомы. Гыццыл ӕхца нӕ уыдысты. Ӕмӕ ахӕм ӕхцатӕ кӕмӕ нӕ уыди, уыдон-иу хӕс ракуырдтой сӕ хӕстӕджытӕй, кӕнӕ та-иу банкӕй райстой ӕфстау.

Фӕсарӕнтӕм-иу ацыдысты наулӕууӕнтӕй: Америкӕ ӕмӕ Австралимӕ – Либавӕйӕ (Курляндийы губерни Уӕрӕсейы), Гамбургӕй (Германи), Роттердамӕй (Нидерландтӕ), Ливерпуль, Глазго ӕмӕ Саутгемптонӕй (Англис), Владивосток ӕмӕ Харбинӕй. Дзӕуджыхъӕуӕй Владивостокмӕ фӕндаг-иу бацахста 20 суткӕйы, уырдыгӕй Америкӕмӕ та – 12 суткӕйы. Ӕдӕппӕтӕй – фӕндагӕн хъуыди мӕй.

Эмигранттӕн сӕ фылдӕрыл цыдаид 20–30 азы. Уыдон уыдысты ӕрыгон нӕлгоймӕгӕ, сӕ бон уыди зынтӕн бабыхсын.

Нӕ курдиатджын фыссӕг Хъайтыхъты Азӕмӕт йӕ радзырд «Годжиты Пойда»-йы америкдзауты тыххӕй дзӕгъӕлы нӕ фыста: «Ӕвӕдза, ныхас мыдыбындзӕй уӕлдай нӕу. Дзыхӕй куы сирвӕзы, уӕд цымыдис хабар дидинӕгӕй дидинӕгмӕ фӕндыр цӕгъдгӕ скъӕфы. Иу ком, иу рагъ ын ӕнӕсгӕрст нал вӕййы… Амырычы, дам, ӕхца халамӕрзӕнӕй ссивынц, – ахӕм цымыдисаг хабар сӕнкъуысын кодта Иры фӕсивӕдӕй бирӕ кӕйдӕрты ӕмӕ сӕ цыбыр базыртӕ схъил кодтой». Годжиты Пойда дӕр хӕххон хъӕу Уыналӕй араст йе ‘мбӕлттимӕ – Уырымты Гӕбис, Хъайтыхъты Бӕтӕхъо, Черчесты Гӕгка, Икъаты Аслӕмырзӕ, Хъайтыхъты Афӕхъо ӕмӕ Хъайттаты Угъалыхъимӕ Америкӕмӕ ӕхца бакусынмӕ. Уыдонӕй Угъалыхъ ӕмӕ Аслӕмырзӕ Ирыстоныл нал сӕмбӕлдысты, Аслӕмырзӕ 1921 азы, Уӕрӕсемӕ здӕхгӕйӕ, Японийы фӕрынчын ӕмӕ амарди, ныгӕд дӕр уым ӕрцыди. Угъалыхъ та царди АИШ-ы.

Америкдзаутӕй цалдӕры кой ӕнӕракӕнгӕ нӕй: сӕ царды хабӕрттӕ сты цымыдисаг.

 Дегъойты Дзардаджы фырт Уырысби райгуырди 1882 азы Къаматы хъӕуы. 1916 азы йе ‘мбӕлттимӕ, уӕд ыл цыди 34 азы, ацыди Цӕгат Америкӕмӕ. Йе ‘мбӕлттӕй иу уыди Цӕлкосты Алимырзӕ. Раздӕр ӕрбынӕттон сты Канадӕйы – Ванкуверы. Уырысби уырдыгӕй йӕхи айста АИШ-мӕ. Уым фӕцарди 12 азы: Аляскӕйы ӕрзӕткъахӕны амал кодта сыгъзӕрин, Вашингтоны къахта стыр къанау, Чикаго ӕмӕ Сан-Францискойы арӕзта хӕдзӕрттӕ. Кусджытӕн мызд хорз фыстой. Иухатт ӕм ӕрбацыдысты ирӕттӕ, алагирӕгтӕ. Кӕм цардаиккой, уый сын нӕ уыд, ӕмӕ сӕ Уырысби ӕрбынӕттон кодта сахары кӕрон куыдздоны. Уыцы сарайӕн йӕ хицау уый куы базыдта, уӕд Уырысбийыл балӕвӕрдта тӕрхондонмӕ. Дыууӕ азы йын стӕрхон кодтой. Куыста ма ӕндӕр бынӕтты дӕр. Иухатт ыл бӕлас рахауд ӕмӕ йын ныццавта йӕ сӕр. Тынг уӕззауӕй йӕ аластой рынчындонмӕ, йӕхи ӕппындӕр не ‘мбӕрста. Афтӕмӕй йӕ мӕрддонмӕ куы арвитиккой. Уым йӕ чемы ӕрцыди. Бирӕ фӕхуыссыди рынчындоны ӕмӕ сдзӕбӕх. Арвыстой йӕ кусынмӕ улӕфӕн паркмӕ. Парчы хицауы зӕрдӕмӕ Уырысби фӕцыдис, арӕх-иу ӕй ӕрбахуыдта йӕ хӕдзармӕ. Ӕмӕ йын балӕвар кодта йӕ фӕссахайраг хӕдзар, йӕ фарсмӕ та – егъау зӕххы хай, ноджы – бӕх, хъуг, сӕгъ. Уырысби байдыдта кусын. Фыццаг аз йӕхӕдӕг иунӕгӕй зылди зӕхмӕ. Дыккаг аз та баххуырста кусӕг. Ныссагъта картоф, нартхор, алыхуызон халсартӕ. Йӕ хъӕздыг тыллӕг ауӕй кодта ӕмӕ дзы райста бирӕ ӕхца. Йӕхицӕн балхӕдта ног уӕлӕ ӕмӕ къахы дарӕс, сыгъзӕрин сахат, дамбаца ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ. Фӕлӕ тынг мысыди Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ 1928 азы ныууагъта, цы йӕм уыдис, уыдон иууылдӕр ӕмӕ рацыд Ирыстонмӕ. Йӕ фӕндаг рауад тынг зын ӕмӕ гуыргъахъхъ: цы йӕм уыди зынаргъ дзаумайӕ – ӕхцайӕ, сыгъзӕрин сахатӕй, хӕцӕнгарзӕй – иууылдӕр фесты уӕйгӕнинаг. Уӕддӕр сӕмбӕлди йӕ къонайыл. Амарди 1977 азы.

 Цӕгӕраты Атойы фырт Хъамболат (1876 – 1930). Уыди йын ӕртӕ ‘фсымӕры: Дахъо (Бӕппу), Хъайсын, Алихан ӕмӕ хо Цъӕхчызг. АИШ-ы Хъамболат уыди дыууӕ хатты. Фыццаг хатт йӕ мадырвадӕлтимӕ – Баситимӕ. Дыккаг хатт та ацыд йӕхӕдӕг ӕмӕ акодта йемӕ йе ‘фсымӕр Алиханы. Цӕмӕй дӕ Хъамболат йемӕ акодтаид, уый тыххӕй йын, Америкӕмӕ ацӕуын кӕй фӕндыд, уыдон лӕвӕрдтой стыр гал.

Хъамболат дыууӕ метрӕй даргъдӕр уыди, хъаруджын, стыр ныфсы хицау, иу цӕфӕй гал фӕлдӕхта. Америкӕйы ссардта куыст – хъӕддаг бӕхты – мустангты – тӕпсыгъуӕ кодта. Иу ахӕм бӕхӕн-иу ын фыстой 5 доллӕры сыгъзӕринӕй. Иу бонмӕ-иу ӕфсымӕрты бон уыди фӕйнӕ 3 – 4 мустанджы тӕпсыгъуӕ кӕнын. Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ тагъд слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Хъамболат балхӕдта тавернӕ бильярдимӕ. Ӕфсымӕртӕ Америкӕйӕ ӕрбаздӕхтысты революцийы размӕ. Цы ‘хца бакуыстой, уыдонӕй 1914 азы балхӕдтой Налцыккӕн йӕ астӕу стыр хӕдзар. Цардысты хъӕздыг.

 Хуытъинаты Осмӕны фырттӕ Дзанхотт, Ауызби ӕмӕ Михал. Адон Америкӕйӕ семӕ сластой хъӕууонхӕдзарадон техникӕ ӕмӕ куыстуаты ӕппӕт дзаумӕттӕ. Сластой тауӕн, хуымгӕрдӕн ӕмӕ найгӕнӕн машинӕтӕ. Уӕды заманы зӕхкусӕг нартхоры мыггаг къухӕй ӕппӕрста алырдӕм, рӕгъӕй нартхор нӕ сагътой. Ӕфсымӕртӕй иу нартхор ныссагъта рӕгътӕй, ӕмӕ йыл ӕмхъӕуккӕгтӕ худтысты: «Фӕззӕджы ай цы ӕркӕрддзӕн ам?» Коллективизацийы дуг куы ралӕууыдис, уӕд ӕфсымӕртӕ сӕ техникӕ иууылдӕр радтой колхозмӕ. Америкӕйы уарзтой кусын. Сахар Сиэтлы сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цыдысты. Ирыстонмӕ куы ‘рбаздӕхтысты, уӕд зӕххы куыст кодтой, дардтой фос, уыдысты цӕрӕг адӕм. Колхозтӕ аразыны рӕстӕг Дзанхотт хъыгдард баййӕфта – хаст ӕрцыди Казахстанмӕ.

Ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, чиныг чи сарӕзта, уыдоны тыххӕй. Сӕ иу – Мӕрзойты Темырхъаны фырт Исламбег – историон зонӕдты доктор, Абайты Вассойы номыл ГСИИ-йы хистӕр зонадон кусӕг, у фондз монографийы ӕмӕ бирӕ зонадон уацты автор.

Исламбегӕн стыр ӕххуыс бакодта Малхъарты Нателлӕ – чиныджы дыккаг автор. Нателлӕ кусы Тугъанты Махарбеджы номыл Дзӕуджыхъӕуы аивадон музейы чиныгдоны хицауӕй.

Сӕ арфӕйаг куысты тыххӕй Исламбег ӕмӕ Нателлӕйӕн зӕгъӕм стыр бузныг.

[1] Марзоев И. Т., Малкарова Н. 0. Эмиграция осетин в страны Северной Америки и Австралию в первой трети XX века. Владикавказ, Изд-во СОИГСИ ВНЦ РАН, 2016.

[2] Зураты Дзегка (Филипп) уыди зынгӕ ахуыргонд. Ныффыста чиныг «Северные иранцы Восточной Европы и Северного Кавказа», АИШ-ы, Англисы ӕмӕ Германы архивты цы ӕрмӕг ссардта, уыдон бындурыл. Чиныджы 1-аг том рацыди Нью- Йорчы 1966 азы. 2014 азы та йӕ рауагътой Дзӕуджыхъӕуы ЧОП «Юстас» ӕмӕ Насхъидаты Василийы ӕххуысӕй (Редакцийы фиппаинаг).