Амирхан ЕНИКИ

РÆСУГЪДДЗИНАД

Тæтæйраг радзырд

Уый раджы уыд, тынг раджы. Фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз лæууы: мах, æртæ студентæй, сбадтыстæм иу бæхыл æмæ араст стæм горæтæй нæ хæдзæрттæм. Растдæр та, мах Гилемдаримæ æмхъæуккæгтæ уыдыстæм – Чуаркулæй, Бадретдины та хъуамæ ныууагътаиккам Ишлеийы хъæуы, ууылты уыд нæ фæндаг. О, стæй ма иу хъуыддаг: ацы хатт нæ зивæггæнгæ нæ ласта Гилемдары фыды бæх. Сыхæгтæ кæй уыдыстæм, уымæ гæсгæ-иу радгай цыдыстæм: иу уалдзæг – уыдоны бæхыл, иннæйы та – махоныл.

Бадретдин нын æнæнхъæлæджы æмбæлццон уыд. Кæд нын горæтæй уыцы иу рæстæг цæугæ уыд, уæддæр раздæр иумæ никуы рабалц кодтам. Бадретдин нæ уарзта искæй хъыгдарын. Ахуырты фæстæ-иу базары йæ хъæуккæгтæй искæй рацагуырдта, цæмæй йемæ ацæуа, кæнноддæр-иу фистæгæй араст дæс æмæ ссæдз версты сæ хъæумæ. Ацы хатт æй мах нæхæдæг сразы кодтам немæ ацæуыныл.

Бадретдин æппæты мæгуырдæр студенттæй уыд, кæм ахуыр кодтам, уым. Хъæуæй йæм æххуыс ницы хауд, æрмæст ын-иу тынг стæм хатт, базармæ чи ссыд, уыдонæй исчи сласта йæ мадæй дзул хæцъилы тыхтæй æмæ гарачъийы къæртт. Бадретдин-иу, æфсæрмыгæнгæйæ, дзырдта: «Цæмæн хъуыд? Зæгъут мæ мадæн, æххормаг нæ дæн, йæхицæй сæ цæмæн тоны!» Æмæ-иу цæмæндæр гарачъи та хордта туасæй, къæрттытæ æппаргæйæ. Афтæ цæмæн хæрыс, зæгъгæ-иу æй куы фарстой иннæ студенттæ, уæд-иу сын дзуапп лæвæрдта: «Туасæй хæргæйæ фылдæр фаг кæны».

Бадретдин ахуыр кодта стыр хъизæмæрттимæ, æхцахъуагæй. Фæлæ куыд ахуыр кодта, уый та? Цард бирæ хæттыты сбæрæг кодта, мæгуыр студент, æнахъинон зын уавæрты ахуыр кæнгæйæ, курдиатджын вæййы. Æндæр гæнæн дзы нæй. Хъæздыг студентæн суанг сæры бæсты къабуска куы уа, уæддæр ахуыр кæндзæн. Мæгуыр студент æвзæр куы ахуыр кæна, уæд æй уайтагъд феддæдуар кæндзысты фыццаг зымæджы. Ноджы, тынг хорз ахуыр кæнгæйæ, мæгуыр студентæн йæ бон уыдзæн йæ царды уавæр фæхуыздæр кæнын.

Æмæ мах Бадретдинмæ дæр, нæ рæстæджы æвзагæй дзургæйæ, цыдæртæ хауд хъæздгуытæй. Зæрдæргъæвд æмæ куыстуарзаг студент уæвгæйæ, æххуыс кодта ахуыргæнджытæн алыхуызон куыстытæ æххæст кæнынмæ, æххуыс кодта, æвзæр чи ахуыр кодта, уыцы ахуыр- дзаутæн сæ хæслæвæрдтæ цæттæ кæнынмæ, рæсугъд фыста рынчынтæн Хъуыраны куывдтытæй. Цыбыр дзырдæй, æгуыст никуы уыд. Фæлæ уыцы куыст кæнæ æххуыс йæхицæн никуы никæмæй куырдта. Мах иу хатт дæр никуы федтам йæ цæсгомыл хъуыдыйы фæд «æз мæгуыр дæн, хъуамæ мын исчи аххуыс кæна».

Æрдзæй йын лæвæрд уыд цæрдæг æмæ алцæмæн фæразон характер. Нæ уыд нæдæр сæрхызт, нæдæр лæгъстæйаг, зæрдæхæлар адæмимæ уыд зæрдæхæлар, фыдзæрдæтимæ та йын иумæйагæй ницы уыд, йæхи сæ хызта. Цымыдисаг уый уыд, æмæ, мæгуыр уæвгæйæ, кургæ уый нæ кодта, фæлæ йын йæхицæй куырдтой иннæтæ, уымæн æмæ йæ хиарæзт чырынæнгæс цæрмын хызыны уыд, студенты цæрынæн цы хъæуы, уыдонæй алцыдæр: судзин æмæ æндæхтæ, æнгуырстуан, туас, дзыппыдаргæ кард, гыццыл аркъаугонд, кæсæн æмæ алыхуызон кърандæстæ тетрæдтимæ, суанг ныхасæн æмæ мыдадзы онг. Куыд сæ фембырд кодта? Æвæццæгæн, цæмæй макæмæй мацы кура, уый тыххæй йæ мæгуыр капеччытæй атонгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæзджын чингуытæ дæр æй бæргæ хъуыд. Цы йæм уыд ахæмæй, уыдон дардта гæркъæраг гæххæтты тыхтæй, цæмæй йын се ‘ддаг цъæрттæ ма счъизи уой.

Уæд, революцийы агъоммæйы азты, студентты тынг цымыдис кодта ног литературæ. Чингуытæ сын дзулы æмрæнхъ лæууыдысты!.. Бæзджын тетрæдты фыстой чингуытæй æмдзæвгæтæ, суанг романтæй дæр ма скъуыддзæгтæ. Æмдзæвгæтæ фыстой сæхæдæг дæр. Бирæтæ дзæгъæлтæ кодтой Сагит Рамиевыл, фæзмыдтой йæ, зæрдывæрдæй йын кастысты йе ‘мдзæвгæтæ.

Æмдзæвгæтæ фыссыны низ бахæцыд Бадретдиныл дæр, фыста, фæлæ сæ никæмæ æвдыста, никæмæн сæ хъардта. Зынæй йæ уыд сразы кæнын, цæмæй дзы исты бакæса, фæлæ-иу куы райдыдта кæсын, уæд бæрæг уыд, куыд тынг ын хицæн кæнынц, уый: иннæты æмдзæвгæтау ын тæригъæддаг, цæссыглæмарæнтæ нæ уыдысты, фæлæ хуымæтæг æвзагæй фыст æрдзы нывтæ кæнæ та йæ философон æмæ царды цæстæнгас æвдисæг. Ахæм æнахуыр, сусæгдзинады æвæрæнтау уыдис нæ бакастджын æмкурсон Бадретдин.

Цæй, æгæр ахæцыдтæн ныхæстыл. Æмæ цыдыстæм хъæлдзæгæй æртæйæ йæ фæрстæ уистæй быд уæрдоны (тарантасы) нæхимæ. Уымæл, æнæ иу рыджы мур фæндагыл гуыртт-гуыртт кæнгæ нæ халас бæх размæ схуыста… Æрæджы, майы æмбисы, фæлмæн къæвдатæ сарæх сты, æмæ бæстæ цъæх кæнынмæ фæци: æвзонг лæппуйы рихитау сæхиуыл схæцыдысты сысджыйы хуымтæ, цъæх-цъæхид кæрдæг фароны хус нæуу йæ быны фæкодта, суанг ма йыл кæмдæрты дидинджытæ дæр фæзынд… Уæртæ фæндаджы былтыл фыццаг дзæгъдзæгъджытæ… Иу ныхасæй, æрдзæн йе ‘ппæты сыгъдæгдæр, уæздандæр æмæ æхсызгондæр афон!..

Махæн даргъ зымæджы фæстæ ацы сæрибар хъарм рæстæг уыд æвдадзы хосау, не ‘фсæстыстæм нæдæр йæ тæфæй, нæдæр йæ уындæй. Нæ тарантасæй та-иу æрхызтыстæм, гом къæхтæ ахстой зæххы æхсызгон хъарм, æмæ ратæх-батæх кодтам. Бадретдин хъæддаг хъæдындз ссардта, æз – адджын зайæгхал цыппæрдигъон хъæдимæ, хъæуы йæ «адджинаг» хуыдтой. Йæ цъар ын стыгътам æмæ йæ хордтам ныр мах дæр. Бадретдин афтæ, башкиртæ, дам æй «сиахсы ехс» хонынц, уымæн æмæ, йæ цъуппытыл дидинæг куы ракалы, уæд æцæгдæр свæййы дзыкъуыладжын (коцораджын) ехсы хуызæн.

Дæргъындзæг Гилемдар та хъулон уыры агурæг ратæх-батæх кодта, æрлæууыд-иу, йæ къухтæ-иу къусгонд акодта æмæ-иу сæ æхситгæнæгау фæзмыдта, фæлæ гыццыл хинæйдзаг сырды афтæ æнцонтæй нæ уыд асайæн, цæмæй йæ хуынкъæй сбыра: бамбæрста, æвæццæгæн, уый адæймаджы æхситт кæй у æмæ не сбырыд, не сбадт йæ фæстаг къæхтыл, йæ гыццыл хъустæ ивазгæ.

…Уый хыгъд нæ иунæгæй нæ ныууагътой хæрдмæдзутæ. Раст ныл цыма æрттиваг цъæх-цъæхид арвæй æнæскъуыйгæ мелоди ивылд. Уыцы маргъæн йæ зарды кæлæнгæнæн тых цæй мидæг ис, уый зонут? Куы райдайы зарын, уæд æрдз ныхъхъус вæййы, литераторты загъдау, йæ бынаты бандзыг вæййы, æрмæст ма фæхъусы уый зардмæ æмæ аныгъуылы æхсызгон æмæ æнкъардгомау удæнцойы. Дуне цыма фæуæрæхдæр, фæрухсдæр вæййы. Раст цыма, уыцы гыццыл цъиу арвыл кæй ис, уымæй зæхх арвæн йæхи хуызæн æнæкæрон, æнцад æмæ рухс свæййы.

Нæ зонын, иннæ цъиутæ дæр фæзарынц уыцы рæстæг æви нæ, фæлæ дзы иуы зарæг уæддæр бабырсы хъустæм. Уый у гакк-гукк! Æрдз, адæймаджы цæст кæй нæ ахсы, уыцы æнахуыр маргъы сфæлдыста, цæмæй адæмæн сæ зæрдыл лæууын кæна цыдæр ахсджиаг хъуыддаг. Ныр дæр, тар хъæды цурты куы фæцæйцыдыстæм, уæд нæм йæ арфæй райхъуыст, цыма нæ истæмæй фæдзæхста, уыйау йæ хъæлæс æмæ нæ ныхъхъусын кодта йæхимæ.

Гъе ахæм хорз зæрдæхаттимæ хъæлдзæгæй цыдыстæм уæд нæ фæндагыл æмæ æрхæццæ стæм Ишлеимæ. Хъæу æрбынат кодта лæгъз дæлвæзыл хæхты сырх фæрсты акомкоммæ. Куыддæр горæтæй рараст стæм, афтæ нæ Бадретдин рагацау бафæдзæхста, цай сæм кæй цымдзыстæм, уымæй, æмæ нын ныр бирæ лæгъстæтæ нæ бахъуыд – де ‘мкурсоны хæдзары цай бацымын æмæ фæллад суадзын æгъдау амыдта.

Хъæумæ куы бахæццæ стæм, уæд Бадретдин бæхы рохтæ райста йæ къухмæ æмæ йæ сæйраг фæндагæй рахизæрдæм æппæты кæройнаг уынгмæ сарæзта. Стæй æрлæууыд, иннæ хæдзæрттæй дæрддзæфгомау цы хæдзар лæууыд, уый раз.

Мах зыдтам, хъæздыг хæдзармæ кæй нæ цæуæм, фæлæ ахæм мæгуырдзинад фенын æнхъæл нæ уыдыстæм. Быгъдæг быдыры лæууыд зæронд, йе ‘мбис зæххы кæмæн аныгъуылд, ахæм хæдзар. Йæ æрдæг- æмбыд хъæмпын сæр фаджысбыроны æнгæс ссис. Цыма уый уæзæй ныкъкъæдз сты, афтæ йæ хъæдтæй кæцыдæртæ æддæмæ рабырæгау кодтой, дуар æмæ рудзгуытæ дæр фæзылынгомау сты. Рудзынджы æвгты рæстæг цыдæр æнахуыр кæрдæгхуыз-лылахуыз скодта. Кæрты дуар нæй, æмбонды бæсты – дыууæ рæнхъы фæйнæджытæ хост быдыр æмæ уынджы ‘рдыгæй. Кæрт – кæрдæгæй æмбæрзт, цъырцъырæгтæ дзы гæппытæ кæнынц: фос сæм кæй нæй, уый нысан…

Мах фыр диссагæй фæкуыддæр стæм, фæлæ архайдтам не ‘нкарæнтæ ма равдисыныл. Кæрты уæрдонвæндаджы фæд нæ уыд. Баурæдтам пыхсытæй æмбæрзт скъæты цур. Хæдзарæй рахызт ныллæггомау бурдзалыгбоцъо фæлмастхуыз лæг. Йæ уæлæ – четæнæй хæдон æмæ хæлаф йæ уæрджытыл стыр æмпъузæнтимæ, йæ сæрыл – рæтыд худ, къæхтыл дæр – хихуыд зæронд дзабыртæ. Æрбацыд тарантасмæ, Бадретдинмæ сдзырдта «Хъæбул!», стæй нын æнæдзургæйæ нæ къухтæ райста, йæ дыууæ къухы æрбадаргæйæ, æмæ бæхы уæгъд кæнынмæ фæци…

Бадретдин йæ чырынæнгæс цармын хызын райста æмæ хæдзары ‘рдæм фæраст. Къæсæрыл фæзынд сылгоймаг, фæлæ цæмæндæр фæстæмæ фæзылд æмæ мидæмæ бацыд. Уый, æвæццæгæн, Бадретдины мад уыд, фæлæ нæ размæ кæй нæ рауад, ууыл тынг бадис кодтам.

Цалынмæ фыд бæхы уæгъд кодта, уæдмæ Бадретдин рахаста дон хæцæнджыны æмæ хисæрфæн. Мах кæрдæгмæ нæ цæсгæмттæ æрæхсадтам. Мæ сæры фæмидæг: «Хъуывгъан сæм нæй, æвæццæгæн».

Нæ раздæры æвæлмондзинадæй ницыуал аззад истæуылтыл дзурынæн. Фæлæ Бадретдин йæхæдæг уыд æвæлмас, истæмæй æфсæрмы кæныны фæд æппындæр нæ уыд йæ цæсгомыл.

Хæдзармæ бацыдыстæм.

Талынггомау хæдзар мидæгæй дæр уыд фæлахст æмæ зæронд, фæлæ йæ хъæдтæ уыцы райдзастхуыз бур дардтой, бирæ фенæг пъол фыр сыгъдæгæй цæхæртæ калдта… Агъуысты фылдæр хай ахста стыр, сгæлладæй æмбæрзт саке, дыууæ бандоны – иу даргъ бандон пецмæ хæстæг æмæ ма ноджы гыццыл бандон. Пецы цур ауыгъд хуызивд хъуымацын къулæмбæрзæны фæстæ чидæр æхсныфтæ куыд кæны, уый хъуыст.

Фыццагдæр кæй ауыдтам, хæдзармæ бацæугæйæ, уый уыд, агъуысты бæстастæу цы зæронд лæг бадт, уый. Бадт тынг æмрастæй, йæ цæстытæ къулмæ арæзтæй. Уындæй – раст Хызыр Ильясы хуызæн, урс-урсид боцъо æмæ урс дарæсы, æрмæст йæ сæрыл – тъæпæн сау тюбетейкæ. Нæ къухтæ йæм бадардтам салам раттынмæ, фæлæ уый змæлгæ дæр нæ фæкодта.

Бадретдин æм фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта:

– Дада, шакирдты дæм сæ къухтæ раттын фæнды.

– Хуыцау уæ саразæд! – фæцæрдæгдæр зæронд лæг æмæ нæм йе стыр хусгомау дæрзæг къухтæ æрбадардта.

Йæ цæстытæ кæд гом уыдысты, уæддæр сæ æппындæр нæ уыдта. Мах æрбадтыстæм, скуывтам, стæй скъоладзаутау нæ къухтæ нæ уæрджытыл æвæрдæй æнцад бадтыстæм. Ныхас райдайын нæ никæй бон уыд, цыма нын исчи не ‘взæгтæ бæтгæ бакодта, уыйау. Хæдзары бинонтæ сæхæдæг дæр дзураг кæй нæ уыдысты, уый уайтагъд фæхатыдыстæм. Дада æдзæмæй йæхи хъуыдыты аныгъуылд. Бадретдин рацу-бацу кодта, цыма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ дзырдтæ нæ ардта. Йæ фыд гыццыл абадт ныллæг бандоныл пецы цур, махмæ бакæстытæ кодта, стæй стъолы кæрон цай æвæрынмæ бавнæлдта. Стъолыл сыгъдæг стъолæмбæрзæн айтыдта, пецы сæрмæ тæрхæгæй æртæ хæцæнджын цайцымæны райста (уыдонæй кæмæн йæ хæцæн ныхæст уыд, кæмæн та æппындæр нал уыд), цæвæджы састæй арæзт гыццыл кард, сыгъдæг хæцъилы тыхт тымбыл дзул, æхсыр хъæдын хæцæнджыны.

Бадретдин систа йæ хызынгонд чырынæй цалдæр сæкæры къæртты æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. Уалынмæ æмбæрзæны фæстæ райхъуыст сабыр хъæлæс: «Хъæбул, цæттæ у!» Бадретдин уырдыгæй рахаста хæдфыцгæ цайдан, уымæн дæр йæ фындз æмæ йæ хæцæнтæ здыйæ ныхæст.

Стæй нæ Бадретдин æрбадын кодта сакейыл нæ къæхтæ дзуарæвæрдæй, æртæкъахыгыл æвæрд тебæйы хъайла рахаста. Мах хæринагмæ не ‘внæлдтам, æнхъæлмæ кастыстæм, бинонтæ дæр кæд æрбаддзысты, уымæ. Фæлæ зæронд дæр нæ фезмæлыд йæ бынатæй, фыд дæр нæ сыстад йæ гыццыл бандонæй. Æмæ уæд Бадретдин æмбæрзæны ‘рдæм рæвдаугæ хъæлæсæй адзырдта:

– Мамæ, рацу дæхæдæг нын æркæн цай!

– Дæ фыд та? – сабыр хъæлæсæй та бафарста æмбæрзæны фæстæ мад.

– Папæ? Нæ, фæлтау дæхæдæг, – дзуапп ын радта Бадретдин тынг зæрдиагæй курæгау.

Сылгоймаг рахызт, йæ уæлæ – хуымæтæг къаба, куатæ, хихуыд дзабырты æмæ, йæ цæсгом кæлмæрзæнæй æмбæрзгæ, йæ сæр бынмæ уагъдæй æрбадт хæдфыцгæ цайданы цур.

Куы йæм бакастæн, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Растдæр та мæ иннæрдæм ахызт цыдæр æлгъæнгæс æнкъарæн: æнамонд сылгоймагæн йæ цæсгом æмæ йæ цæстытæ уыдысты æнахъинон хæлдтытæ, кæддæр ын ыл дзуары низ цы фæдтæ ныууагъта, уыдонæй. Йæ галиу цæст уыд бынтон æхгæд, рахиз та – æнæ цæстыхау, æнæ æрфыг, ахæм æнахуыр хъоппæг уыд, цыма мæгуыр сылгоймаджы уды иунæг æвдисæн уыд. Æмæ, æцæгдæр, уыцы цæссыгæйдзаг æнкъард цæсты йе ‘ргом уд айдæнау зынд.

Æлгъæмхæццæ тæригъæды æнкъарæны фæстæ мæ сæры фæмидæг иу фарст: Бадретдин нын куыд фенын кодта йе ‘намонд æвирхъау фыдуынд мады? Мах фылдæр хатт куынæ февдисæм нæ рынчын æмæ цæнкуылтæ хæстæджыты æцæгæлон адæммæ, æфсæрмы куы фæкæнынц. Бадретдин та æппындæр нæ уыны йæ мады фыдуынддзинад. Æви йе ‘нкъарæнтæ йæ бон у арф æмбæхсын?

Сылгоймаг нын цай кодта æмæ нæм-иу сæ æрбадардта, йæ цæсгом цайданы фæстæ æмбæхсгæйæ. Мах дæр æнæдзургæйæ цымдтам цай.

– Цымгæ кæнут цай, хæрут! – дзырдта Бадретдин æмæ иунæг, мах цæмæн æнхъæл уыдыстæм, иунæг ахæм æфсæрмы кæныны кæнæ тыхсыны рог фæд дæр нæ уыд йæ хъæлæсы.

Хъайла ахæрыны æмæ фæйнæ дыууæ цайы бацымыны фæстæ нæ цайы мигæнæнтæ æрæмбæрзтам, ома фаг у, зæгъгæ. Бадретдин зына-нæзына ныуулæфыд мæгуыр фынджы тыххæй, цырд фестад æмæ сдзырдта:

– Æз уын мæ чингуытæ фенын кæнон.

Гыццыл тæрхæгæй райста чингуыты баст, махмæ йæ æрбалæвæрдта. Мах дæр бацин кодтам æмæ сæм кæсын райдыдтам. Уыд дзы цалдæр романы ног литературæйæ, æмдзæвгæты цыппар-фондз æмбырдгонды, цалдæр тынг ихсыдцъар чиныджы «Æрыгон лæппу», «Фæзмын», «Лейлæ æмæ Меджнун», «Хъайтар-лæгмар» æмæ дыууæ ахуыргæнæн чиныджы араббаг æмæ фарсийыл. Аныхæстæ кодтам уыцы чингуыты тыххæй, æмæ та нæ фысым сдзырдта:

– Мæнмæ ма, мæ хæлæрттæ, сымахæн ис ноджы иу цыдæр цымыдисаг, – æмæ тæрхæгæй райста гыццыл хиарæзт фыдуындгомау хъисфæндыр.

Мах æй, дисгæнгæ, афарстам:

– Кæм дын уыди?

– Мæхæдæг æй скодтон, – дзуапп радта Бадретдин æмæ йæ цæгъдынмæ цæттæ кæнын райдыдта.

Мандолинæ æмæ кубызыл кæй цагъта, уый зыдтам, фæлæ ма хъисфæндырыл дæр арæхсы, уый нæ зыдтам.

– Гъей, Бадретдин, цæмæ йæ æмбæхстай, хъисфæндырыл дæр цæгъдыс, уый. Сагиты хъисфæндырыл-иу ацагътаис медресы!

– Хъуыддаджы дæсныйы цур дæ къухтæ æмбæхстæй дар, – хиуыл- хæцгæ мидбылты бахудт Бадретдин.

Бирæ фæцархайдта, мæйгæйттæ æвнæлд цы хъисфæндырмæ нæ уыд, уый цæгъдынмæ цæттæ кæныныл. Уыцы уысм ын æз йæ мадмæ фæкомкоммæ дæн: мады цæстæнгас йæ фыртмæ ахæм стыр уарзтæй уыд дзаг, ахæм, æмæ бадт амондæй кæлæнгондау, атади дзы, ферох дзы ис ацы дунейы алцыдæр. Æз фестъæлфæгау кодтон буарæй дæр æмæ удæй дæр. Бауырнæд уæ, уыцы иунæг гом цæсты разынд, æрмæст иу адæймаджы нæ, фæлæ, зæххыл цæмæндæриддæр уд ис, уыдонæн се ‘ппæты цины дис æмæ æнæкæрон æхсызгондзинад, дзырдтæй зæ- гъæн кæмæн нæй, ахæм сæрыстырдзинад уыцы стыр хиконд диссагмæ кæсынæй: ацы сывæллон уымæй райгуырд! Уый йын дардта æхсыр! Уый у ацы хæрзконд лæппуйы мад, шакирды мад, фидæны ахуыргонд лæджы мад…

Мæ цæстытæм æвастæй бахъуызыдысты цæссыгтæ, æмæ мæ сæр æруагътон.

Бадретдин уæдмæ сцæттæ кодта йæ инструмент цæгъдынмæ, йе уæхскæй йæ балхъивгæйæ, райдыдта цæгъдын. Хъисфæндыры зæлтæ уыдысты лæмæгъ, карчы цъиуы хъæлæсау, фæлæ махмæ фæкастысты тынг æхсызгон æмæ бæллиццаг. Раст цыма æгæрон тыгъдадæй хæ- дзармæ, æнусты зæронд чи нæ кæны, ахæм æнкъард мелоди ивылд. Цæуыл хъуыды кодта, йæ бынаты йæ астæу растæй чи бандзыг, уыцы зæронд дада; цæуыл уыд йæ мæт, гыццыл бандоныл чи бадт, уыцы фыдæн? Уыдæттæ нæ уыд раиртасæн. Æрмæст, цалхыдзаг мæй мигъты æхсæнæй куыд æрттива, афтæ æгомыг цины рухсæй цæхæртæ калдта Бадретдины мад. Цавæр хъысмæтты бастдзинад уыд ацы адæймæгты æхсæн, цавæр сусæгдзинæдтæ сæм уыд?..

Цалдæр мелодийы ацæгъдгæйæ, Бадретдин йæ мады афарста:

– Мамæ, цы дын ацæгъдон?

Мад сывæллонау фæсырх æмæ ноджы тынгдæр ныррухс цинæй, фæлæ сдзурын йæ бон ницы баци.

– Мамæ, ды мæнæ ацы зарæг куы уарзтай! – загъта Бадретдин æмæ цæгъдын райдыдта «Холодный ручей». Йæ ныхæстыл, растдæр та цы хъæлæсыуагæй загъд уыдысты, нызгъæлæнтæ мæ фæстаг гуырысхо: Бадретдинæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд йæ мады уындæй æфсæрмы кæнын!.. Цæй æфсæрмы! Абон уый цагъта æрмæст йæ мадæн, æндæр никæй уынгæйæ; цагъта, æрмæст йæ мады хæнкъуытæ цæсгоммæ, йæ иунæг хъоппæг дзагъыр æмæ иннæ цъынд цæстмæ кæсгæйæ. Цагъта, махмæ фыццаг æлгъæнгæс æнкъарæн чи райгуырын кодта, уыцы цæсгоммæ кæсгæйæ. Йæ гæзæмæ æнкъард æмæ хъуыдыдзаст цæстæнгасы æмбæхст уыд тæригъæд æмæ хъарм уылæн иумæ; æмæ уый æрмæст йæ мадмæ стыр уарзт нæ уыд, – уыд ма дзы, тынг æй кæй æмбары, аргъ ын кæй кæны æмæ кæндзæн, уыцы зæрдæвæрæн ахаст. Нæ зонын, цас тыхджын уарзты уылæнтæ хъуамæ цæуа зæрдæйы арфæй, цæмæй афтæ кæсай!? Æви уымæн гæнæн ис æрмæст фыдуынд мад æмæ рæсугъд сывæллоны æхсæн, кæнæ та рæсугъд мад æмæ фыдуынд сывæллоны æхсæн? Фæстæгтæ арæхдæр фенæн ис, фæлæ фыццаг никуы федтон ныры онг.

Мах цæуын хъуыди дарддæр, æмæ, Бадретдин цагъд куы фæци, уæд хæдзары бинонтæй бар ракуырдтам.

Фыд йе ‘мпъызтытæ уæрджытыл йæ къухтæ æруагъта, Бадретдин та, йæ фыдыфыды ‘рдæм фездæхгæйæ, раздæрау фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта:

– Дада, шакирдтæ ацæуыны бар курынц.

Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта, Скæнæгыл нæ бафæдзæхста, æмæ уæд мах дæр сыстадыстæм.

…Нæ халас бæх нæм ифтыгъдæй æнхъæлмæ каст, æмæ мах дæр рараст стæм кæрдæгæй æмбæрзт кæртæй уынгмæ. Бадретдин йæ фыдимæ нæ фæстæ рацыдысты æмæ кауы раз æрлæууыдысты… Нæ фæстæ ма каст хъæуы кæроны æппæты мæгуырдæрхуыз хæдзар йæ арф æмбæхст сусæгдзинадимæ æви æнамонддзинадимæ кæнæ та трагедиимæ. Æви уый уыд, мах бамбарынхъом цæмæн нæ уыдыстæм, ахæм бæрзонд амонды ныфс.

Хур ныгуылæнырдæм фæкъул, фæлæ ма уæддæр хæрдмæдзутæ, цыма боны рухсæй нæма бафсæстысты, уыйау уæлдæрæй-уæлдæр цыдысты æмæ ноджы тыхджындæрæй, удуæлдайдæрæй кодтой се ‘нæскъуыйгæ зарæг: дуне у уæрæх, уæрæх, уæрæх, ой-ой-о-ой!

Зæхх æмæ арв уыдысты æнцад, афтид æмæ æнкъард… Æрхæндæг мæ йæ быны скодта. Мæ бон дзы фервæзын нæу. Мæ цæстытæй нæ хицæн кæны, йæ фыртмæ цайданы фæстæйæ цы мад каст, уый цæсгом, æмæ мæ миднымæры кæуын райдыдтон. Фæнды мæ кæмæдæр тымбылкъухæй бадодой кæнын æмæ ныхъхъæр кæнын: Бадретдины мад æнахъинон фыдуынд нæу, уый рæсугъд у, рæсугъд у! Рæсугъд у Бадретдины мад!

Уырыссаг æвзагæй БЕЗАТЫ Фаризæйы тæлмац