Арно ХОЛЬЦ

КӔДДӔР

Уыдтӕн кӕддӕр
Ӕз,
Нӕ уыдтӕ уӕд
Ды
Дӕ къух мӕм авӕр
Тагъд.
Кӕны лӕггад
Хур
Фӕкӕны иу
Мах.
Ӕрттивы зӕхх.
Тар
Дӕрдтыл ныббӕзджын.
Маст
Йӕ мылазӕй цух нӕу,
Ӕдзух
Дӕуӕн вӕййы
Загъд:
Ӕри дӕ къух
Тагъд.

 

ДЫ АЦЫДТӔ

Ды ацыдтӕ,
Ызгъалы тархъӕд сыф.
Изӕры милты
Аныгъуылди ком.
Ӕдзынӕгӕй дыууӕ цӕстӕй
Нымдзаст дӕн
Гӕзӕмӕты ӕхсырӕнгӕстӕ мигъмӕ.
Ӕнкъардӕй дардӕй
Ӕз кӕсын дӕумӕ:
Дӕ кӕлмӕрзӕн фӕйлауы,
Мӕ къух дӕм ивазын,
Ныккӕрзы зӕрдӕ,
Риссы…
…хӕрзбон, хӕрзбон…
Нӕ мӕм кӕсыс,
Ӕривгъуыдтай мӕ рӕзты.
Бӕрзонд, фыд-зонд…
Гӕдыбӕласы саст къалиуыл маргъ
Йӕ зарӕг систа
Хурныгуылды кадӕн.

Ӕнахуыр маргъ мӕ заз бӕласыл зары
Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. Дидинӕг ӕрттивы.
Мӕ бӕлӕгъ цады стъалытӕ ыссӕнды,
Нывналын донмӕ урс хъоппӕгмӕ ӕз.
Мӕ науы бын – ӕгомыг арф. Ӕвӕдза,
Куыд дард у был.
Ӕрбайхуыст дардӕй зарӕг…

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ