Даур НАЧКЕБИА

Ирон чиныгкæсджыты размæ хæссæм зындгонд абхазаг фыссæг Даур Начкебиайы чысыл уацмыстæ. Йе сфæлдыстадимæ йын фыццаг хатт базонгæ дæн 2014 азы. Уæд, зымæджы Цъæйы улæфгæйæ, мæ къухтæм æнæнхъæлæджы æрбафтыдис журнал-альманах «Южный Кавказ»-ы 3-аг номыр 2013 азæн. Бакастæн дзы сомихаг, гуырдзиаг, азербайджайнаг, ирон æмæ уæлхох-карабахаг фысджыты æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ.

Фысджыты æмæ ныв-гæнджыты уацмыстæ æвдыстой нырыккон кавказаг адæмты хиæмбарынад, иу нацийы ахаст æндæр адæмыхæттытимæ, уыдоны зондахаст, сæ цæстæнгас фидæнмæ. Иу цыбыр ныхасæй, журналы фæрстыл цыди алы адæмты курдиатджын минæвæртты культурон диалог – архайдтой дзы сомихаг Сусаннæ Арутюнян, ирон Хъазиты Мелитон, азербайджайнаг Эльчин Гусейнбейли, гуырдзиаг Като Джавахишвили, абхазаг Даур Начкебиа æмæ æндæр фысджытæ.

Уыцы культурон мадзалæн йæ сæйраг нысан уыд, цыфæнды зынвадат уавæрты дæр бахъахъхъæнын адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, сæ алфамбылай цы адæм ис, уыдонæн хорздзинад æмæ удæнцой хæссын.
Журналы авторты уацмыстæй раивтон ирон æвзагмæ Тадтаты Тамерланы радзырд (Мах дуг, 2018, №8.) æмæ Даур Начкебиайы уацмыстæ.

Даур Начкебиа у зындгонд фыссæг, публицист, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг, Дмитри Гулиайы номыл Паддзахадон премийы лауреат. Райгуырд 1960 азы 24 июлы Абхазийы Очамчиры районы Пакуашы хъæуы. Каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты физикон факультет. Йæ куыстадон дæсныйадмæ гæсгæ у физик. Уыдис Абхазы республикæйы ахуырады министр, у шахмæттæй хъазынæй спорты мастер. Фыссы абхазаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл, кæны тæлмац йæхи уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ.

Дыууæ ныхасы зæгъын хъæуы йæ прозæйы тыххæй. Йе `рмдзæф у хæдхуыз, ивддзаг ын никæимæ кæны, хъæздыг – йæ аивадон ма-дзæлттæй. Йæ уацмыстæ йын кæсын хъæуы тынг лæмбынæг. Зæгъæм, радзырд-роман «Бæлас»-ы автор нæ сæвæрдта иунæг æрхæцæн нысан дæр. Радзырд у иугуыр текст, хъуыдыйæдтæ нæ райдайынц сæйраг дамгъæйæ. Цæуылнæ? Уый дæр чиныгкæсæгæн у хъуыдыйаг. Науæд ын йæ жанр та фыссæг «роман» цæмæн рахуыдта? Цæмæн афтæ сфæлдыста йæ радзырд фыссæг фыццаг хъуыдыйадæй фæстаг хъуыдыйадмæ?

Æрмæст ацы романы кæронмæ куы бахæццæ уа чиныгкæсæг, уæд бамбардзæн уацмысы æгæрон философон æмæ гуманистон-адæмуарзон мидис æмæ йын уæд райхалдзæн йæ сусæгдзинæдтæ æмæ банкъардзæн фыссæджы прозæйы иннæ хицæндзинæдтæ дæр.

МЗОКТЫ Аслæнбег,
фыссæг, литературæиртасæг

ПИСМО

Писмойы загъдæуыди, цæмæй æз ахæм æмæ ахæм бынаты æмæ ахæм æмæ ахæм афон уымæ æнхъæлмæ кæсон.

Нысангонд æмгъуыдмæ ма дзæвгар хъуыдис, фæлæ уæддæр æз нæ фæлæууыдтæн æмæ раздæр æрбацыдтæн. Нæ ацы фембæлдмæ æз бирæ цæмæдæрты æнхъæлмæ кастæн æмæ, куы фехъуыстон уый тыххæй, уæд мæхицæн бынат нал ардтон, батагъд кодтон.

Райдианы, куы йæ бамбæрстон, уый йæ ныхас кæцырдæм аразы, уæд арвы цæфау фæдæн, мæхимæ æрцæуынхъом нал уыдтæн, дзæвгар рæстæг мæ нæ уырныдта, уый мæнмæ исты бар кæй дары. Цæмæн? Цæй тыххæй? Йæ ныхæсты уазал, раджы уа – æрæджы, уæддæр мыл иуахæмы искуы æмбæлдзæн.

Мæ зæрдæ æппындæр нæ загъта уыимæ фембæлын, зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ равзæрстон æндæр, мæн чи нæ уыди, ахæм фæндæгтæ. Мæнмæ афтæ каст: рæстæг йæ кæнон кæндзæн, цæудзæн æнæфæивгæйæ æмгъуыдмæ, æз мæхи бахиздзынæн нысангонд бынатæй, чи зоны, æз бахиздзынæн мæхи, Хуыцауæй мын цы нысангонд æрцыд, уыцы адзалæй.

Афтæ æз фæхаттæн æнæнымæц фæндæгтыл, æмæ бирæ рæстæг цыма сылæг мигъы фæцардтæн…

Фæлæ иубон банкъардтон: писмойы амынд ис, æз афойнадыл куыд сæмбæлон мæ бынатыл, байрæджы кæнæн мын кæй нæй. Мæнмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсдзысты. Хивæнд уай, уымæй цы пайда ис, дарддæр фæндаг нывæндын æмбæлы. Кæдæм?

Дæ фæндаг дæ кæдæм хоны, уырдæм.

Мæ уаргъ фæрогдæр ис, цыма мæ хæххон дон йæ уæлныхты фескъæфы. Æмæ мæм, цы мæ домдæуыд, уый дæр афтæ зынфæразæн нал касти, фæлæ ныр уыд цымыдисаг, мæхи фарстон: цы фадат ис уый сæххæст кæнынæн?

Рæстæгæй-рæстæгмæ ма æз уæддæр гуырысхо кодтон: уæдæ æцæгæй уыд уый, уыцы писмо?.. Цыма йæ æз мæхæдæг æрхъуыды кодтон, æви дзы мæхæдæг мæхи сайын?..

Фæлæ куыдфæстæмæ мæхи дæр бауырныдта, писмойæн нæй æнæ уæвгæ, æмæ уæдæй фæстæмæ нал тагъд кодтон уыцы фембæлдмæ…

Мæ хъустыл уайы йæ къахдзæфты уынæр, уымæн ницæимæ ис схæццæ кæнæн. Мæнмæ æнхъæлмæ кæсы цыдæр æхсызгон, нæ, уый нæу, нырмæ цы уыд, ахæм, æмæ æз цæттæ дæн æппæтдæр мæхимæ райсын æмæ бамбарынмæ.

Хæстæгæй-хæстæгдæр мæм кæны.

Æнæсыппæй мæм æрбацыд.

Уый мæ размæ æрлæууыд, æз æрвыстæг кæмæй райстон. Æмæ уый уыд… Уый уыд — æз мæхæдæг…

УАЗÆГ

Тæккæ абоны бонмæ уыдтæн ацы хæдзары хицау, стæй йæ иунæг цæрæг. Фæлæ æрæджы æнкъарын байдыдтон, хæдзары ма мæнæй уæлдай чидæр цæрын кæй байдыдта, уый. Ныр мæн бынтон бауырныдта уыцы хабар: иннæ хæттытау мæ хилдасæнтæ ныууагътон сыгъдæгæхсадæй, райсомæй та сæ ссардтон чъизийæ – сапоны фынк æмæ сыл лæджы рихийы хъуынтæ ныххус сты…

Æз нæ хæдзары агъуыстытыл æрзылдтæн, æмæ-иу алы хатæны дæр уайтагъд ссардтон йæ фæдтæ, мæ уæзæг мын бацахсынвæнд чи скодта, уымæн. Фыццаг æппындæр ницы фиппайдтон, фæлæ алцæмæй дæр бæрæг уыд, уый æнæмæтæй раджы кæй æрбынатон ам. Æмæ уæд мæ зæрдыл æрлæууыди: иухатт æнафоны райхъал дæн цыдæр æнахуыр уынæрæй, æндæр хатт та – уæд та архайдтон чингуытимæ, сæ рыг сын сæрфтон æмæ сæ тæрхæгыл сæ бынæтты æфснайдтон, – мæ хъустыл ауади, дуæрттæй иу хъæрæй куыд нытътъæппластæуыд. Æз æй ницæмæ ’рдардтон, мæхинымæр загътон, уый дымгæ, дыууæрдыгæй дымгæ у, уымæн æмæ, æнæ мæн бафæрсгæйæ, чи хъуамæ æрбацыдаид мæ цæрæнуатмæ. Æмæ куыд бацыдаид хæдзармæ, кæд æмæ йæ дæгъæлтæ æрмæст мæхимæ уыдысты, уæд?

Куыдфæндыдæр фæуæд, фæлæ йæ æз афтæ æмбæрстон, зæгъгæ, уый мидæмæ бацыд æмæ рæстæгмæ не ’рбынатон, фæлæ цыма ацы хæдзармæ исты бар дардта. Уый цы нысан кодта?

Уазæг ахæм митæ нæ фæкæны, уый йæхи уæзданæй равдисы, фысымы уазæгуарзон æгъдауы сæрты нæ ахизы, фæлæ йæхи фæдары сабыр, хъæрæй дзурын æфсæрмы фæкæны, йæ ныхас нæ баппары, кæм æй ницы хъуыддаг вæййы, ахæм ранмæ. Иу дзырдæй, зæгъын ма йæ ноджыдæр: йæ бынат фæзоны. Уæдæ ай та у æнæгъдау æмæ æдзæсгом: куыд æй фæндыд, афтæ хæдзары дзаумæттæн сæ бынæттæ баивта, æндæр гæххæттын гауызтæ баныхæста къултыл, уыимæ ма хуымæтæг дидинджыты бæсты дурыны сæвæрдта цавæрдæр æбуалгъ ирдхуыз дидинджыты баст…

Цæвиттон, уый дæр фагыл нæ банымадта, æмæ-иу куы ацыд искуыдæм, уæд рудзгуытæ се ’ппæт дæр гомæй уагъта, дуæрттæ дæр афтæ, иу дæр дзы нæ сæхгæдтаид. Ахæм ма дзы æнæмæт уыдзæн! Цыма хуыснæджытæн сæ кой дæр никуыуал уыд. Фæстаг заман æз мæ хæдзарæй æддæмæ арæх нал цыдтæн, фæлæ-иу раздæр хатгай искæдæм цæуынвæнд куы кодтон, уæд-иу дуæрттæ æмæ рудзгуытæ æмырæхгæдæй ныууагътон…

Хæдзары дзаумайæ цыдæриддæр уыдис, уыдон иууылдæр мæн уыдысты, æмæ сыл куыд нæ тыхстаин, мæнæ диссаг.

Фæлæ чидæр, æппындæр кæй нæ зыдтон, ахæм чидæр сфæнд кодта мæ бынтæ мын дымгæмæ ныддарын, æмæ йæ нæ зыдтон, цы хос ын счындæуа, уый. Цы ‘фсонæй йæ ис феддæдуар кæнæн? Йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ мæм раздæр афтæ фæкасти, цыма йæ уый дæр хорз æмбæрста, – ацы хæдзармæ кæй ницы бар дары, йæ хицау æз кæй дæн, æмæ уымæн ахæм уыд йæ ахаст, уæлдай йын ницы уыд! Æндæра-иу дуæрттæ нæ ныууагътаид æнæ сæхгæнгæйæ, кæннод, кæм-иу æй бафæндыди, уым-иу æрцагъта йæ бапъирозы зынгхæццæ æртхутæг – хæдзарæн басудзынæй дæр нæ тарсти. Нæ-а, йæ зæрды нæ уыд хæдзары хицау суæвын, ахæм хъуыды, æвæццæгæн, йæ сæры æвзæргæ дæр никуы ’ркодта, алцыдæр уый кодта хъазæгау, нæ ахъуыды кæнгæйæ.

Алы райсом дæр-иу кæдæмдæр ацыд, чи зоны, æмæ йæ куыстмæ. Æмæ-иу уæд хæдзар дæр цыма мæ зæрдæйау сулæфыдис. Раздæр-иу куыд уыд, афтæ!

Фæлæ та мæнæ изæрæй æрбаздæхти, стæй иунæг дæр нæу, фæлæ йе ’мбæлттимæ æмæ æхсæв бонмæ – зарын, кæфтытæ… Хæдзарыл-иу ризæг бахæцыд. Бæргæ-иу уыд мæ зæрды бацæуын сæм æмæ фæзагъд кæнын, суанг ма сæ уырдыгæй фæтæрын дæр, фæлæ-иу мæхиуыл фæхæцыдтæн – кæд, зæгъын, йæхæдæг йæхи зондæй ахъуытты уаид рæхджы… Афон дæр ын уыд бамбарынæн ахæм æнæхæдзар уаддзалхæн, ам ын бынат кæй нал ис, уый. Æмæ уæд йæ муртæ рамбырд кæндзæн æмæ йæхи искуыдæм айсдзæн.

Фæлæ куыннæ! Фæндид уæ, афтæ куыд уа, уый! Бонæй-бонмæ уый кодта налатдæр: куы-иу йæ къухтæй цыдæр æрхауд пъолмæ æмæ-иу ныддæрæн, уæд та-иу дуар ныггуыпп ласта, кæнæ та-иу кæимæдæр хъæрæй телефонæй ныхас кодта… Цыма æз æппындæр хæдзары нæ уыдтæн, уыйау.

Иуахæмы йæ бамбæрстон, фæстаг рæстæг афтæ цæмæн дардта йæхи, уый. Æппæт дæр, æз дæргъвæтин рæстæг кæй фембырд кодтон, уый уыдон хæдзарæй рахаста æмæ, йæхи чи уыд, уыдон уырдæм бахаста.

Уый бамбарынхъом мæ бон нæ баци. Æмæ уæд цæхгæр стæрхон кодтон: лæгæй-лæгмæ йемæ фембæлын æмæ йын кæдæй-уæдæй йæ митæн кæрон скæнын.

Æз, цы дæн, уымæй иууылдæр хъустæ фестадтæн: сбæрæг æй кæнон, кæм ис, уый. Уæттæй иуæй цыдæр хъæлæба хъуысти. Мæхи уырдæм аппæрстон, фæлæ, цалынмæ хæццæ кодтон, уæдмæ уый æндæр уаты смидæг, зарыд цавæрдæр зарæггонд, йæхицæй тынг ныббуц, афтæмæй.

Уым дæр та йæ нæ баййæфтон — æрбацыдæр, цыма уæлдæфы атади…

Ратæх-батæх кæнгæйæ, уый сургæйæ, æнæнхъæлæджы бандон скъуы-рдтон. Диссагæй цы кæныс: бандон атахт, йæ тъæпп пъолыл ссыд, æцæг дзы иу уынæр дæр нæ райхъуыст! Æз та йæ фелвæстон æмæ йæ мæ тых-мæ бонæй пъолыл ныффæртт ластон. Бандон ныллыстæг, йæ къæхтæ алырдæм фæтахтысты, фæлæ та дзы иу гуыпп дæр нæ райхъуысти!

Æз сагъдæй мæ бынаты баззадтæн: цы бандон ахауд, уый иунæг хъист дæр нæ фæкодта. Æз æй систон мæ къухтæм æмæ мæ тых мæ бонæй уый пъолыл ныххафт ластон. Бандон ныллыстæг, тæригъæддаг хæлд фæкодта, йæ саст къæхтæ алырдæм фæтахтысты, фæлæ уæддæр йæ хъæлæсæй иунæг зæл дæр нæ райхъуысти.

Хæдзары – мæхи хæдзары – æз мæхи нæ хъуыстон.

Уæд айдæнмæ мæхи аппæрстон. Уый дыл сайдæй никуы рацыдаид, уый иудадзыгдæр алцæуылдæр разы вæййы. Фæлæ та мæ коммæгæс айдæны дæр мæхи не ссардтон, чидæр мæн уырдыгæй ссæрфта, растдæр зæгъгæйæ та, айдæн мæн нал уыдта, нæ йæм зындтæн. О, фæлæ алцыдæр æвдыста, мæ иувæрсты цы уыдта, уыдонæй, æрмæст мæн та – нæ…

Уый зарæггонд зарæг хъуысти иу уатæй иннæмæ.

Мæ бон нал уыд хæдзары уæвын. Æз фæйнæрдæм ахæцыдтæн уæззау дуæрттыл æмæ къæсæрæй ахызтæн.

Мæнмæ æнхъæлмæ касти æхсæвы тар, рухсы цъыртт никæцæй калд…

БÆЛАС

Роман

зæххыл адæм æппæт хъæдтæ куы ныццагътой уæд фæстаг бæласы алыварс цæлхдымбылæй æрлæууыдысты алкæйы къухы дæр дзы уыд фæрæт æмæ афтæ зынд цыма æмраст сæ гуыртæй рæзынц афтæ цыргъ уыдысты æмæ сæрыхъуын цалдæр дихы фæкодтаиккой иннæтæй иуцасдæр æддæдæр лæууыд сæрыстырхуызæй æнæдзургæйæ балхон æмæ йæ галиу къухæй йæ риумæ нылхъывта цавæрдæр стыр чиныг йæ рахиз къухы та фæйлыдта тырыса йæ кæрдæгхуыз быдыры нывгонд уыд тугæй амæст кард йæ цæстытæ уазал æрттывд кодтой афтæмæй кастысты æбæрæг дардмæ æмæ нæ уыдтой уыцы тырыса бæлас арвы цъæхы куыд сфардæг ис йæ цъупп та мигъты тары аныгъуылд адæм фыр тæссæй фегуыппæг сты суанг ма тæрсгæ дæр фæкодтой æмæ сæм цы фæрæттæ зынди уыдон дæр сæ кæмттæ æруадзæгау кодтой цыма сæ раздæры тохмондаг монц фæцудыдта уымæн æмæ сæм ахæм стыр æмæ фидар бæласыл фæуæлахиз æнцон хъуыддаг нæ каст уый та сæрты джихæй фæлгæсыд адæмы æгуыппæгдзинад æй мæты баппæрста æмæ хъуыды кодта ай цы уа зæгъгæ æмæ йæм йæ зæрдæ сдзырдта æнæрцæугæ диссагыл кæй сæмбæлдысты фæлæ не ’мбæрста цæимæ бæтгæ у уыцы диссаг æнæнцайгæ кæуыл тæрхæттæ кодтой уыцы арвимæ æви се ’нæуынон бæласимæ куыдфæнды уæд æнхъæлмæ кæсæн нал ис исты амал уыцы бæласæн хъæуы уыцы рæстæг адæмы `хсæнæй рацыд иу чидæр æрлæууыд дзыллæйы раз æмæ адæм куы федтой йæ къухтæ фæрæтыл кæй нæ хæцынц уый уæд ыл фæбылысчъил сты æмæ та ногæй сæ цæстæнгас бæласмæ сарæзтой фæлæ уый куы сдзырдта уæд æм æнæбары разылдысты æмæ ныр ноджы тынгдæр дисы бацыдысты уымæн æмæ уый загъта зæгъгæ дам бæласы марын нæ хъæуы æмæ уыцы ныхæстæй тынг фæтарстысты æмæ мæстджын хъæртæ байдыдтой уый фæстæ басидтысты сæ балхонмæ æмæ сæ уый цалынмæ афарста сæ рæстаг маст не ссыди уæдмæ уыцы чидæр цы загъта уый уæ исчи фехъуыста зæгъгæ адæм сæ балхоны хъæлæс фехъусгæйæ басабыр æмæ фегуыппæг сты æмæ цы уыдысты уымæй хъустæ фестадысты уымæн æмæ ныр бирæ мæйты дæргъы уыдон фиппайдтой зæххæй цы фæйлаугæ тæф цыд уым æрвгæроны сæрмæ тары бæласы къабузты аууон æмæ йæм цыдысты æнæсулæфгæйæ хус быдырты сæрты фæлæ йæм нæ хæццæ кодтой бæлас дардæй дарддæр кодта къахдзæфæй къахдзæфмæ фæлæ се стырдæр мæт уый нæ уыд абон уа райсом искæд æм хæццæ кодтаиккой се уæнг сын мардта сæ балхоны æдзæм уымæн æмæ арвы судзгæ зынг рæхыс бæласыл куыд сæмбæла афтæ сын сæ зæрдæтæ бацагайдта йæ уарзон хъæлæс рагæй кæй никуыуал фехъуыстой уыцы æхсызгон хъæлæс æмæ уымæн уæнгмард æрхуым уыдысты уый та улæфты рæстæг æнæ уæлæмæ скæсгæйæ чиныджы йæ цæстытæ ныццавта æмæ та-иу куы араст сты сæ дард фæндагыл уæд сæ разæй сæрыстырхуызæй уый дæр фæцæуæг афтæмæй бахæццæ сты стыр бæласы аууон кæм айтынг уыцы бынатмæ æмæ се ’хсæнæй райхъуыст фыццаг бустæхуыз ныхас æмæ куыдфæстæмæ æргомæй-æргомдæр кодта æмæ балхон уый куыддæр фехъуыста афтæ сæм бартхъирæн кодта уæ фæрæттæ уын байсдзынæн зæгъгæ æмæ уыдон дæр разыйæ баззадысты нæ раздзæуæг йæ сæрмæ æрхаста немæ дзурын зæгъгæ æмæ уæдæй фæстæмæ цалынмæ бæласмæ хæццæ кодтой уæдмæ æндæр кой нæ кодтой уæдæ нæ балхон цæй зондджын цæй æрхъуыдыджын у цæй диссаджы парахат зæрдæ йын ис куыд ныл тыхсы ныййарæг фыды хуызæн куыд ныл ауды æмæ бæстон ахъуыды кодтой фыццаг сæм зыст цы ныхæстæ фæкастысты уæ фæрæттæ уын байсдзынæн зæгъгæ уыдоны арф æмбæхст хъуыды кæй ис ууыл уый сæ кæй домы цæмæй сæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кæной æмæ фидар фæлæууой уымæн æмæ сæ бирæ нал хъæуы сæ нысанмæ ууыл цингæнгæйæ бæласмæ бахæццæ сты иттæг разæнгардæй æмæ та ногæй райхъуыст сæ балхоны хъæлæс æмæ йын иумæ дзуапп радтой уыцы кæйдæры хæраймаг дзырдтæ кæй фехъуыстой æмæ сын балхон загъта сæ зæрдæтæ сын кæй фæриссын кодтой уыцы ныхæстæ абоны онг тымбыл къухау æнгом кæй цыдысты сæ рагфыдæлтæ сын цы фæндаг бацамыдтой уыцы фæндагыл цæуынц сæ уæлмонц нысанмæ баззади ма сын иунæг къахдзæф æмæ никæй ба-уадздзысты сæ раст фæндагæй сæ фæиуварс кæнын уый се знаг уыдзæн æмæ балхоны ныхæстæ адæмы æрбангом кодтой æрбаиу кодтой æмæ адæм ахæм æвæджиауы хъару банкъардтой сæхимæ æмæ сæм афтæ фæкаст цыма арвы цъæх арвæй æрыскъæфиккой æмæ йæ зæхмæ нылхъивиккой æмæ та райхъуыст æнæфæрæтджыны хъæлæс бæласы ма марут (фæлдахут) æз мæ фыдыфыдæй фехъуыстон адæм дæр бæласæй равзæрдысты зæгъгæ уыдис фыст чиныджы мæ фыдыфыд æй касти æмæ сын балхон загъта æнæмæнгæй фæлывд ныхæстæ кæны æнæфæрæтджын уымæн æмæ зæххыл ис æрмæстдæр иу чиныг æмæ уый мæнмæ ис зæгъгæ чиныг йæ риумæ нылхъывта стæй йæ систа бæрзонд æмæ йæ адæммæ равдыста адæм фыр амондджынæй сцъиувæдис сты фæлæ уæддæр æнæфæрæтджын нæ сабыр кодта æндæр чиныг дæр ма уыдис зæгъгæ æмæ уым фыст ис цард фын æмæ æцæджы æхсæн кæй ис бон æнæ бæласæй æххæст бон нæу æмæ бон къахыр куыд уа афтæ адæймаджы фынтæ дæр æцæгдзинад хъуаг сты æмæ сæ уæд балхон бафарста цы нысан кæны уыцы фын æмæ йæ чи федта зæгъгæ æмæ адæм схор-хор кодтой ахæм фын никуы ничи федта зæгъгæ фæлæ æнæфæрæтджын нæ састи æмæ та загъта йæ чиныджы кæй ис фыст мæлæт æмæ уарзты тыххæй фæлæ балхон йемæ не сразы мæлæт нæй раджы йын скодтой кæрон æмæ уæд адæмы æхсæнæй райхъуысти цины хъæртæ адзал нæй адзал нæй зæгъгæ æмæ иу цасдæр рæстæг бæстæ басабыр бæлас та арвы къуырфмæ уæлдæр сивæзта йæхи адæмы ницæмæ даргæйæ æмæ уæд балхон загъта зæгъгæ мæ бон нæу уыцы æнæхуыцауы ныхæстæ сфæлхатт кæнын уымæн æмæ сты хæцгæ низау æмæ иннæтыл дæр бахæцдзæн уыцы емынæ æмæ уый тыххæй зæгъы чиныг дæр уым ис рох кæнын кæй хъæуы зиан чи хæссы ахæм дзырдтæ æмæ сæ аппарын кæй хъæуы æмæ байгом кодта йæ чиныг æмæ дзы йæ цæстытæ нал иста æмæ загъта кæй нæ уырны уый æрбацæуæд æмæ йæхæдæг æркæсæд æмæ адæмæн фæхъыг сты уыцы ныхæстæ мах дæуыл æууæндæм уæд ныл цæмæн гуырысхо кæныс æмæ фæзæрдæхæлд сты уымæн æмæ не ’мбæрстой кæм фæаххосджын сты цæмæн семæ афтæ дзуры сæ балхон æмæ кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууыдысты ауынаффæ кодтой стæй се ’хсæнæй иу рацыд æрлæууыд балхоны цур æмæ загъта ныххатыр кæн не ’дылы сæртæн кæд дæ мыййаг æнæнхъæлæджы бафхæрдтам кæд дын дæ уарзæгой зæрдæ фæриссын кодтам уæд зæгъгæ æмæ балхон иудзæвгар æнæдзургæйæ алæууыд цалынмæ адæм джискъус кодтой уæдмæ стæй чиныг бахгæдта йæ риумæ йæ балхъывта æмæ уыцы æдзæстхуызæй загъта æнæфæрæтджын тæппуд у уымæн æмæ æнæ фæрæт у адæм та дисы бацыдысты уæдæ нын балхон нæ курдиатæн куыд ницы дзуапп радта зæгъгæ фæлæ уый куы райдыдта дзурын цыма æппындæр ницы уыд уыйау уæд се ’муд æрцыдысты æмæ æмхъæлæсæй загътой æнæфæрæтджын æцæгдæр тæппуд у йæ фæрæт аппæрста ноджы загътой уый уæйгæнæг у æнæфæрæтджын та йæ кæнон кодта хъусгæ дæр ницы кодта уынгæ дæр ницы уыдта æмæ дзырдта зæгъгæ мах дæр стæм бæлæстæ кæддæр йæ уидæгтæ чи стыдта æмæ дард æнæзонгæ ранмæ рæстæджы дымгæ кæй фæхаста уаддзæлхтау бафæндыди нæ уыцы бæллиццаг ран басгарын æмæ нæ амынд фæндагæй иуварс азылдыстæм чи зоны ацы бæласмæ куы нæ бавналæм уæд фæстæмæ цы уыдыстæм уымæ раздæхдзыстæм æмæ сраст кæндзыстæм нæ рæдыд фæлæ йæ балхон дарддæр дзурын нал бауагъта æмæ йын загъта бæласимæ абаргæйæ куыд ницæйаг уы-дысты адæм куыд тæригъæддаг уыдысты бæлас сæ куыд дæлдзиныг кодта куыд æнæуынон ын уыдысты уый æмæ адæм уыцы иу хъæр ныккодтой бæлас не `фхæрдта йе ’нæуынон уыдыстæм зæгъгæ æмæ та бæстæ басабыр æмæ уæд балхон загъта зæгъгæ мах кæддæриддæр бæллыдыстæм арвмæ йæхинымæр та ахъуыды кодта зæгъгæ ныр æз дæр æппынфæстаг фендзынæн арвы цъæх æмæ бамбардзынæн уадиссагæй дзы цы федтой уый адæм æваст базмæлыдысты фесхъиудтой балхон æмæ æнæфæрæтджыны сæ быны афсæрстой афтæмæй абырстой бæласмæ арвмæ уæларвмæ зæгъгæ хъæргæнгæ æрмæст ма дымгæ рафæлдах-бафæлдах кодта зæххыл цы чиныг лæууыд уый æнæфыст сыгъдæг сыфтæ

Уырыссаг æвзагæй
Мзокты Аслæнбеджы тæлмацтæ