Фаинæ РАНЕВСКАЯ

РÆСТДЗИНАД – МИДБЫЛХУДГÆЙÆ

Æвæджиауы дзырдарæхст æмæ стыр актрисæ Фаинæ Раневская райгуырд Таганроджы 1896 азы. 1992 азы йæ англисаг энциклопеди «Кто есть кто» бахаста, ХХ-æм æнусы зынгæдæр дæс актрисæйы номхыгъдмæ.
Фаинæ Раневскаяйы ном айхъуыстай, зæгъгæ, уæд зæрдыл æрбалæууынц, театралон сценæйы æмæ кинонывты цы бирæ ирд сурæттæ сарæзта уыдон, стæй, æнæмæнг, йæ цыргъзонд ныхæстæ. Цы арф куырыхон хъуыдытæ сæ бавæрдта, уыдон ахсджиаг сты абон дæр – сты зонды æмæ сатирæйы суадон.
Æмæ иугæр афтæ у, уæд дзы иукъорд нæ журналкæсджыты зæрдыл дæр æрлæууын кæнæм.

Фаинæ РАНЕВСКАЯ

Базæронд дæн къоппы сагъд дидинæгау – хъæугæ дæр никæй кæнын, аппарынмæ дæр – æвгъау.

Склерозæй сдзæбæх уæвæн нæй, ис ын æрмæстдæр ферохгæнæн.

Рынчыны цæрын тынг куы фæнда, уæд ын дохтыры бон дæр ницы у.

Цы у æнæниздзинад? Алы бон дæр дæ æндæр исты куы рисса, уæд уый.

Мæхи бæргæ æнкъарын, фæлæ – тынг æвзæр.

Кинойы хъазын сæрмæ хæссинаг хъуыддаг нæу – æхца уайтагъд фæвæййынц, йæ худинаг та баззайы.

Зын у зæронд кæнын, фæлæ бирæ фæцæрынæн æндæр мадзал нæй.

Куы амæлон, уæд-иу мæ ингæны къæйыл ныффыссут: «Амард æлгъ кæнынæй».

Царды уалдзæгмæ хъуыдытæ сæхи ивазын байдыдтой, уæд æй зон, дæ цард йæ кæронмæ кæй фæхæццæ кæны, уый.

Лæппу бинойнагæн хæфс равзæрста, æмæ йын фæстæдæр саурæсугъд фестад, зæгъгæ, уый аргъау у, уæдæ цы! Царды æцæгдзинад та – хъуыддаг иннæрдæм куы рауайы, уæд.

Цард нæ рæзты ивгъуыйы мæстджын сыхагау, фæрсмæ дæр дæм нæ фæкæсдзæн, афтæмæй.

Иунæгдзинады адзалæн дæр мадзал нæй.

Мæ зонд сфаг ис æрмæстдæр æдылыйы цард фæкæнынæн.

О, куыд ничи йæ ‘мбары, куыд иунæг дæн, уый! Æнæуынон фæуæд мæ курдиат, мæн чи фенамонд кодта.

Орфографион рæдыдтытæ урс гæххæттыл зынынц раст хъæдысыстытау.

Бинонтæ сты алцæй бæсты дæр. Уымæ гæсгæ бинонты хъуыддаг бакæныны размæ бæстон ахъуыды кæн: ахсджиагдæр дын цы у – алцыдæр æви бинонтæ.

– Нæ дæ бауырндзæн, Фаинæ Георгийы чызг, нырма мын ба дæр никуыма ничи акодта.
– Нæ дæ ‘мбарын, мæ зынаргъ, уымæй дæхицæй æппæлыс æви дзы хъæстаг дæ?

Хъуыдытæ сты зæры бонты хъæздыгдзинад.

– Цард у уызыны балцау æнусон дунемæ фæцæуыны агъоммæ.
Ацы хъуыддаг мæ алкæддæр дисы ‘фтыдта: мæгуырдзинадæй адæм къæмдзæстыг кæнынц, хъæздыгдзинадæй та – нæ.

– Абон амардтон фондз бындзы: дыууæ дзы уыдысты нæлбындзытæ, æртæ та – сылбындзытæ.
– Куыд сæ раиртæстай?
– Дыууæ дзы бадтысты бæгæныйы авгыл, æртæ та – айдæныл.

Адæймагæн йæ конд афтæ у: æххормагæй йæм нæдæр хъуыды кæнын цæуы, нæдæр кусын, æфсæстæй та йæ фæндгæ нæ кæны.

Мæ зæронд сæры ма ис æрмæстдæр дыууæ-æртæ хъуыдыйы, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ ахæм хъæлæба сисынц, раст цыма минæй къаддæр не сты.

Иуæй-иутæн сæ риуы цæры Хуыцау, иннæтæн – дæлимон. Фæлæ ис ахæмтæ дæр, йæ хуылфы зулчъытæй уæлдай кæмæн ницы ис.

– Дзæнгæрæг нæ кусы, фæлæ, куы ‘рбацæуай, уæд-иу дуар дæ къахæй бахой.
– Къахæй та цæмæн?
– Уæдæ мæм уазæгуаты афтид къухæй цæуынмæ хъавыс?

Æфсармджын, хæрзæгъдау адæймæгтæ куы уыд, æз ма ахæм рæстæджытæ дæр хъуыды кæнын. О, Хуыцау! Мæнæ цы зæронд бадæн!

Мæн тыххæй хъуыды дæр, дзургæ дæр кæнут, цыдæриддæр уæ фæнды, уыдæттæ. Мыстытæ гæдыйæ цы дзурынц, уый йæ æппындæр не ‘ндавы.

Ацы дунейæн йæ конд афтæ у, æмæ, адæймагæн йæ зæрдæ цы зæгъы, уый йын кæнæ зиан хæссы, кæнæ æнæгъдау ми у, кæнæ дзы адæймаг нард кæны.

Ссæдз азы мыл куы цыд, уæд мæ хъуыдытæ уыдысты æрмæстдæр уарзондзинадыл. Ныр та ма уарзын æрмæстдæр хъуыды кæнын.

Адæймаг дын исты фыд куы ракæна, уæд ын къафетт ратт. Уый дын – зæрдæниз, ды та йын – адджинаг. Æмæ афтæ кæн, уыцы ‘взæрмæ цалынмæ сæкæрниз нæ фæзына, уæдмæ.

Курдиатджын адæймаг йæхицæй разы никуы вæййы, уый йæ удæн æнцой нæ дæтты, иудадзыг йæхи æфхæры, раппæлинагæй мæм ницы и, зæгъгæ. Уыцы миниуджытæй цух сты, æцæг курдиат кæмæ нæй, ахæмтæ.

– Тынг хъыг мын у, Фаинæ Георгийы чызг, мæ ног пьесæйы премьерæйы кæй нæ уыдтæ, уый, – зæгъы йын зындгонд драматург Виктор Розов. – Кассæтæм адæм бырстой, кæрæдзи ссæндгæ.
– Гъы, æмæ куыд? Се ‘хцатæ фæстæмæ сæ къухы бафтыдысты?

Сылгоймаг нæлгоймагæн, «дæуæй хуыздæр нæй», дзуры, зæгъгæ, уæд уый афтæ амоны, æмæ йæ кæй фембары: дыккаг ахæм æдылыйыл нал фæхæст уыдзæн.

Цæрæнбонты зондцухтæй тарстæн. Уæлдайдæр – æдылы сылгоймæгтæй. Нæ йæ бамбардзынæ: дæхи се ‘мвæзадмæ не ‘руадзгæйæ, семæ куыд ныхасгæнгæ у, уый.

Сылгоймагæн йæ райгуырæн бон рох чи нæ кæны, афтæмæй, цал азы йыл сæххæст, уый чи нæ зоны, – уый дын æцæг лæг.
Сылгоймагæн йæ райгуырæн бон йæ зæрдыл чи нæ дары, фæлæ йыл цы кары бацыд, уый чи зоны, уый та вæййы йæ сæрыхицау.

Хæдзары телефон куы уа, фæлæ йæ дзæнгæрæг та айдагъ будильникæн куы хъуыса, уæд уый зон, æмæ адæймаг иунæг кæй у.

«Мæлæт нæй, ис æрмæстдæр уарзондзинад æмæ, зæрдæйы чи баззайы, ахæм хуыдытæ», – загъта Толстой. О, фæлæ нæ куыд удхарæй марынц уыцы хъуыдытæ! Уый бæсты æппындæр куы нæ уаиккой… Ноджы хуыздæр, – адæймаджы бон зæрдыл дарын æппындæр куы ницы уаид…

Иунæгдзинад у кады æмдзугæнæг.

Æмбарут мын мæ уæлæнгай хъуыды?

Цæрын хъæуы афтæ, цæмæй дæ сæ зæрдыл бадарой суанг цъаммартæ дæр ма.

Курдиат бызычъийæ уæлдай нæу – кæнæ ис, кæнæ нæй.

Ай цавæр æнахуыр дуне у? Цас æдылытæ ис нæ алыварс, цас, æмæ адæймаджы куыд хъæлдзæг дарынц!

Сылгоймагæн царды цæмæй исты бантыса тæхудиагæй, уый тыххæй хъуамæ уа дыууæ миниуæджы хицау: æдылыдзæф нæлгоймæгты зæрдæмæ цæмæй цæуа, уый тыххæй – фаг зондджын, зондджын нæлгоймæгты зæрдæмæ цæмæй цæуа, уый тыххæй та – фаг æдылы.

Сылгоймæгты Хуыцау рæсугъдæй уымæн сфæлдыста, цæмæй сæ уарзой нæлгоймæгтæ, æдылытæй та сæ уымæн сфæлдыста, цæмæй уарзой нæлгоймæгты.

Йæ конд, йæ уындæй разы чи нæу, уыдон бирæ сты, фæлæ йæ зондæй чи нæу разы, ахæм та иунæг дæр нæ разындзæн.

Æнхъæл дæн, хъизæмарæй чи мæлы, Хуыцау дæр уыдоны уарзы. Искуы уæ исчи амондджын гени федта? Нæ, се ‘ппæт дæр фыдæбойнаг, цард сæ фæратон-батон кодта.
Амонд, рæстæмбис кæй фæхонынц, ахæмты фæдыл æфтыд у, æмæ ацы ран рæстадæн йæ кой дæр нæй.

Иунæгдзинад у зæрдæйы ахаст – хос ын нæй.

Стæм цæрæгойты бахастой Сырх чиныгмæ, бирæ цы цæрæгойтæ сты, уыдоны та – хæринæгты чиныгмæ.

Артистыл сахуыр кæнæн нæй. Сахуыр кæнæн ис æрмæстдæр рæсугъд дзурыныл, хъуыды бамбарын кæныныл, курдиат фæпарахатдæр кæныныл, фæлæ зæрдæйы уидæгтæ банкъуысын кæныныл – нæ. Уый тыххæй адæймаг актерæй гуыргæ хъуамæ ракæна.

Кинойы хъазын цы у, уый зонут? Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, абанайы дæхи найыс, æмæ дæм уырдæм экскурси æрбакодтой… Раст уыйау у кинойы хъазын.

Суанг хиуæтты цæсты дæр æнтыстау у, ныххатыргæнæн кæмæн нæй, ахæм тæригъæды куы бацыдæуа, уæд, уый.

Æвзæр кинонывы ахъазын – æнусы цæсгомыл бату кæнынæй хъауджыдæр нæу!

Ахæм уарзондзинад дæр вæййы, æмæ фæлтау мæлæт – хуыздæр.

Роль куы дома, уæд актрисæ хъуамæ дзæгъæл æфсæрмытæ мауал кæна.

Джокондæйы цæстытæм арæх куы кастаин, уæд, æвæццæгæн, сæрра уыдаин: уый мæн тыххæй алцыдæр зоны, æз та уый тыххæй – мур дæр ницы.

Иунæгдзинад ахæм зæрдæйыуаг у, æмæ йæ кой дæр никæмæн ракæндзынæ.

Мемуартæ фыссын куыддæр райдайын, афтæ «Райгуырдтæн мæгуыр нефтепромышленничы бинонты ‘хсæн», зæгъгæ, ацы хъуыдыйадæй дарддæр ныссуйтæ вæййын.

Цæмæй дын аргъ кæнын райдайой, уый тыххæй хъæуы амæлын. Æнæмæнг. Æмæ дын æрмæстдæр уæд уыдзæн, цы кады аккаг дæ, уый.

Иуæй-иу адæймæгтæм кæсгæйæ мæ тынг фæфæнды сæ бафæрсын, æнæ сæрызондæй цæрын уын зын нæу, зæгъгæ.

Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтæй фылдæр уымæн цæрынц, æмæ алкæдæм дæр æдзух æрæджы фæкæнынц.

Цы у дзырд «хъазын», цы амоны? Хъазгæ фæкæнынц къамæй, шахмæттæй, бæхты дугъы. Сценæйыл та хъазын нæ – цæрын хъæуы.

Æнæнизы æфсон кæнынæй бафæлладтæн.

Хъуыдытæн сæ къуымтæ уырзæй сгарын нæ хъæуы, фæлæ – удæгасы цардæй цæрын.

Цард диетæтыл, чъынды нæлгоймæгтыл æмæ зæрдæсаст кæныныл хардз кæнынæн æгæр цыбыр у.

Кæнæ зæронд кæнын байдыдтон, кæнæ æдылы кæнын, кæнæ та абоны æрыгæттæ бынтон æнахуыр систы! Раздæр сæ фарстытæн дзуапп нæ ардтон, ныр та, цæмæй мæ фæрсынц, уый дæр нал æмбарын.

Цæрын æппындæр нæ зонын! Æхцатæ, фæнды уой, фæнды ма уой, – хъыгдаргæ мæ кæнынц.

Табугæнджытæ – хæрх, афтекмæ кæй арвитай, ахæм та иунæг дæр нæй.

Цыппæрæм хатт кæсын ацы кинонывмæ, æмæ мæ бон зæгъын у: актертæ дзы абон куыд ахъазыдысты, афтæ нырмæ никуыма.

Дæ фынтæ кæмæн радзурай, ахæм адæймаг дын кæд ис, уæд дæхи иунæгыл ма нымай…

Куыд тынг хæлæг кæнын, йæ сæры магъз кæмæн нæй, уыдонмæ!

Ацы журналисттæ, ацы! Цыдæриддæр мæ дзурынц, се ‘мбис – гæды ныхæстæ.

Бирæ театртимæ цардтæн, фæлæ дзы цины хъæстæ иуимæ дæр нæ фæдæн.

Æвзæр фынтæ нæ, фæлæ дæ æнæрай æцæгдзинад дæр тыхсын куы кæна, уæд уый дæ зæрондыл дзурæг у.

Афтæ базæронд дæн, æмæ мæ мæхи мемуартæ дæр рох кæнын райдыдтон.

Театры, курдиатджын чи уыд, уыдон мæ уарзгæ кодтой, курдиатæй цух чи уыд, уыдон мæ сæ удхæссæг уыдтой, куыдзы хъæвдынтæ та мæ дæндагæй æхсыдтой.

Æппæт бæллицтæ дæр сæххæст вæййынц, адæймаджы зæрдæ сæ куы нал фæрайы, уæд…

Зæронд кæнынæй æнаддæр ницы ис. Уый у Хуыцауы æлгъыст. Тæхуды, Хуыцау, иннæтæ се ‘цæг дунемæ куы фæцыдысты, æз та цæрын æмæ цæрын… Бирман дæр ма амард, уый æнхъæл ын никуы уыдтæн.

Уырыссаг æвзагæй ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæйы тæлмац