Фридрих НИЦШЕ

ФӔЗЗӔГ

Уый фӕззӕг у,
Зӕрдӕдзӕф мӕ фӕкодта, –
Ӕрбайсӕф, фӕззӕг, сыст мӕ разӕй, читт!
Бӕрзӕндтӕм хӕрдыл стайау хур ызгъордта,
Ыссӕндгӕ цыд цъӕх цъитийӕн йӕ мит…

…Стӕй Дуне бамыр,

Уад йӕ фӕндыр райста,
Ӕнкъард зарӕг дӕрдтыл йӕ тӕнтӕй азӕлд.
Фӕсырдта мын мӕ уды ныфс мӕ риуӕй,
Йӕ фӕдыл уад сывӕллонау фӕкуыдта…

Уый фӕззӕг у,
Зӕрдӕдзӕф мӕ фӕкӕны, –
Рӕвдз фесӕф, фӕззӕг, фест мӕ разӕй, читт!
Фӕззыгон дыргъ,
Ӕмризӕджы нырризыс
Ӕмӕ ныххӕссыс сау мӕрмӕ дӕ ных.

Зӕгъ-ма мын, цӕй,
Ӕхсӕв дӕуӕн цы дзуры
Нӕ сусӕгӕй?

Дӕ уадултыл сӕууонхалас
куы ‘ртӕфсы,
Кӕмӕ вӕййы дӕ сидт?

…Уый фӕззӕг у,
Зӕрдӕдзӕф мӕ фӕкӕны, –
Рӕвдз фесӕф, фӕззӕг, сыст мӕ разӕй, читт!
«Кӕм дӕн рӕсугъд, –
Сырхмӕтӕг мӕм ысдзырдта, –
Мӕн уарзынц адӕм,
Адӕмы ӕз уарзын!

Куы мӕм ӕртӕхы удхӕссӕг йӕ афон,
Уӕд мӕ ӕртоны,
Цӕстӕнгас ыссудзы,
Ӕрымысы йӕ рагуалдзӕджы ‘Хсины,
Йӕ судзгӕ уарзт йӕ зӕрдыл ног ӕрлӕууы, –
Мӕнӕн мӕ уд дзӕнӕты бафты цины!»
…Уый фӕззӕг у,
Зӕрдӕдзӕф мӕ фӕкӕны,
Рӕвдз фесӕф, фӕззӕг, сыст мӕ разӕй, читт!

Немыцаг ӕвзагӕй йӕ раивта
Золойты Аркади