Уильям БЛЕЙК

ДРАМӔ «ЦЫППӔРӔМ
ЭДВАРД-ПАДДЗАХ»-Ы ПРОЛОГ

Мӕ хӕлӕрттӕ, хъысмӕтыл нӕй ӕууӕнк:
Куы айзӕла ӕрвнӕрӕгау йӕ хъӕлӕс –
Сармадзантӕ куы бамыр уой сӕ ниудӕй,
Хъӕбатыртӕн куы байсыса сӕ хъомыс,
Сӕ зонд фӕлидза, – зонд фӕивой сонтӕй, –
Зӕгъӕд ма исчи: чи ‘рлӕудзӕн йӕ ныхмӕ,
Ӕгъатыр тохы чи бацӕудзӕн уӕд?

Куы хӕсса уад йӕ рыхӕн арвӕй зӕхмӕ,
Куы калой туг ӕппӕт дзыллӕтӕ иумӕ, –
Йӕ быны-иу сӕ ку’ аууӕрда тӕригъӕд,
Куы ‘рра кӕной Адзалы фурды наутӕ, –
Зӕгъӕд уӕ исчи: чи ‘рлӕудзӕн йӕ ныхмӕ,
Ӕгъатыр тохы чи бацӕудзӕн уӕд?

Куы бафӕллайа Удхӕссӕг йӕ куыстӕй,
Куы цин кӕной дӕлимонтӕ зындоны
Сӕ амӕддӕгтыл, – чи ‘рлӕудзӕн йӕ ныхмӕ, –
Зӕгъӕд-ма исчи иунӕг хатт ӕргомӕй,
Хуыцауы раз уӕ чи ратдзӕни дзуапп?

– Нӕ уӕздӕттӕ, нӕ паддзах ӕмӕ семӕ
Нӕ уарзон бӕстӕ, – не ‘ппӕт дӕр ӕмзондӕй.