Валентинæ ГРИЩЕНКО-КОКОЙТЫ

МЫСЫН ДÆ, МÆ РАЙГУЫРÆН УÆЗÆГ

ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ ХУЫЛЫДЗ АВГЫЛ

Тахти урс фæрссаджы рухсмæ
Гæлæбу, мæгуырæг!
Тахти тар æхсæвы суссæй
Хъармагур, зынг курæг!

…Ацы къæвда ныр кæй хъуыд?! –
Тухæнæй йæ мардта.
Авг – хуылыдз, ‘мæ йыл бырыд,
Зæхмæ-иу æрхаудта.

Фæлæ та-иу ног ‘мæ ног
Фæрссагмæ ыстахти.
Нал хæцыд йæ уæнгыл уæнг,
Хъомысæй ысафтид!

…Къаннæг хатæн. Пецы арт,
Стъæлфгæ, зынг æппæрста.
Нæлгоймаг йæ фарсмæ бадт,
Сыгъд тамако ‘ууæрста.

Фæкомкоммæ ис уый æваст
Фæрссаджы цъæх авгмæ.
Зынггур гæлæбу йæм каст;
– О, батав мæ дæ артмæ!

…Æрбайгом фæрссаджы цъæх авг, –
Нæу ацы цард æнæ фарн!
– Дæ зæрдæ мыл кæд худт, мыййаг?!.
Ды – къæвдамæ, æз – хъарм ран!

Æмæ йæм бадардта йæ арм,
Йæ фидар арм ныфсджынæй.
Æрцарди гæлæбу, æрхъарм,
Уым цары рагъæныл æрфынæй.

МЫСЫН ДÆ…

Мысын дæ, мæ райгуырæн уæзæг,
Гом къæхтæй цы къæмбыртыл ызгъордтон,
Хуры тынтæй къабатæ кæм кодтон,
Мʻ армæй мит кæм ысдæрдтон зымæг.

…Цас вæййы, о, цас вæййы ныхæстаг?!.
Райдай сæ – нæ сын вæййы фæуæн.
Стъæлфгæ цин, æнæзынгæ уылæн,
Уды тæгтыл абадти йæ фæндаг.

Сытынг вæййы дымгæйæн йæ хъазт,
Атулы мæ развæдыл йæ фарсыл:
Агуры мæ хъарм тары æмбæхсæн,
Хъары мын йæ баузæлд, йæ уарзт.

…Мæнæ хид!.. Йæ быны дон ысцад,
Сæрды бонты уырдыгæй нæ хызтæн:
Баста мæ йæ уылæнты рæхыстæй,
Йемæ мын-иу никуы уыд æнкъард.

Уый рох куырой!.. Йæ нучы хъуына ʻрбадт,
Ам рагæй ничи нал ыссы йæ хойраг,
Нæу никæмæн йæ мæт æмæ йæ койаг,
Ныр – тæхæг мæргъты ‘хсæвæддæ бынат!..

Уым Аргъуан!.. Йæ сыгъдæг номæн – кад!
Йæ сойдзырагъы ӕхцон уæлдæф ныхъуырын.
Йæ рæбыны уым уаз зæды ысуынын,
Мæ былтыл тайы хъарм дзулы хæрзад!..

ÆРХÆНДÆГ

Æмыр æхсæв!.. Лæдæрсы тар
Бæрзонд-бæрзæндтæй зæхмæ.
Мæ хуыссæг та фæлыгъдис дард,
Æмæ та…
Боныцъæхтæм

Хъуыздзæн æнкъард хъуыдыты хал
Мæ удрæбынты арфмæ.
Йæ кæрон нал фæуд кæндзæн, нал,
Нæ, нал ын уыдзæн
Рафтæн!

Æвдисдзæн фæрссагыл йæхи
Цъæх их
Æргом, бæгънæгæй.
Ызмæлдзæн тар амæстыл мигъ
Дызгъуынтæ ‘мæ лæзæрдæй.

Æмæ та…
Хатæны къуымты
Дыууæрдæм цоппайаг уыдзынæн.
Æрхæндæг тар-ахсты тыхты
Хъуызгæ
Мæ зæрдæмæ ныхылдзæн!..

…Кæд уыдзæн
Уасджыты ныууаст?!.
Хæрзæгау айзæлдзæн мæ хъусты.
Сæууон райсом!
О, хурæркаст!
Артау мæ фæрссагыл –
Дæ рухс тын.

ТАРЫ АГЪУДЫ БАХЫЗТИ БОН

Тары агъуды бахызти бон
Йе ʻлвæст, йе знæт цъæх бæхыл.
Райсом ноггуырдау рахиздзæн ног
Ирд сæууоны ‘ртæхыл.

…Сагъæс зæрдæйы рæбын æрцард
Уды тæгты ысбаста!..
Уалдзæг, урс дидинджытæн сæ мад,
Митрæдзæгъдтæй куы растад!

…Æгæрдæр банкъардтон царды ысхуыст,
Æгæрдæр бануæзтон маст дон!..
Нæ, дæ удмæ мæ лæгъстæ нæ хъуыст,
Æз мæ цæнгты рæхыс дæм куы дардтон…

Ныр – дыгъуырццаджы армы дæлбар!..
Размæ къах айсыны бар нæ дæтты…
Цæй, поэтæн йæ лæмæгъ ныббар –
Уый, мæ дыркъуым фæндæгтыл!

Ды куы зонис, куы зонис, мæ уд
Ныр цавæр зын æвзары?!.
Хъусты зæлы дæ уæлæхох худт!
Æз – цъысымы тæразыл!

…У æндæр ысконд, мæ бон, поэт!
Нæ! Дæ удæн нæ басгуыхт мæ цинаг.
О, уæддæр мын æхсызгон – дæ фенд,
Рагсагъæсау!.. Хæлбурцъ цин!..
Бæллиццаг!..

Уырыссаг æвзагæй КОКОЙТЫ Эльзæйы тæлмац