Вальтер фондер ФОГЕЛЬВЕЙДЕ

ЗЫМӔГ

Куыннӕ у зымӕг масты хос нӕ бӕстӕн?
Сӕ хуызтӕ ивынц хъӕдтӕ ӕмӕ фӕзтӕ,
Нӕ хъуысы зарын, митыл сынт дзыназы.
Нанайы буц чызг йе ‘мгӕрттимӕ хъазы:
Хуыцауӕй разы, амондӕй – ӕфсӕст!

Мӕйдар ӕхсӕвты ратыхсын зымӕгӕй –
Ӕнӕхуыссӕгӕй арты раз тызмӕгӕй
Фӕбадын бонмӕ, сонт зӕрдӕйы сайын:
«Йӕ рад ӕрцӕуы, фендзынӕ йӕ, Майӕн!
Нӕ салд дыргъдоны ‘рттивдзӕни Мӕтӕг…»

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ