АБАЙТЫ Эдуард

ЗЫМÆГОН ХУР

Хур нæм ныккасти æдзынæг,
Дзаг цæстæй зæхмæ ныккаст.
Ратагъд æрæгмæ тæдзынæг,
Дысоны хъызтæй фæтарст.

Æхсæвы ирды фæрчытæ
Кодта къæркъадæвдæг хъызт,
Фæлæ ныр ихын фæдджытæй
Митдон уæгъдвæдæгæй мызт.

Хуры хъарм къулрæбын сæмбырд,
Цыма чырвазы йæ пырд,
Æви фæтагъди æхсæмбал
Уымæн йæ цæхæрæй ныр?

Хурзæрин, мах стæм дæ уазæг!
Кæрчытæн хурварс – дзæнæт.
Хурмæ – цъынд, дзуллагбадт уасæг,
Нал дзы ис кæрчыты мæт.