ÆЛБОРТЫ Беллæ

ИУ РАЙДЗАСТ БОН УАЛДЗÆДЖЫ

Абон дæр нæ рох кæнын мæ зæрдæйæ,
Фембæлынмæ демæ мын куыд байрæджы.
Кастæ ды мæнмæ æнхъæлмæ доны был
Рухс фæндтимæ иу райдзаст бон уалдзæджы.

Радтай мæм дæ мидбылхудгæ дидинбаст.
Аив уыди, срасыг дæн йæ хæрздфæй.
Быдыр дæр йæ хуыз ыскалдта хъарм тынтæм,
Цыллæ гауызæй æмбæрзт – цъæх кæрдæгæй.

Астымыл нæхи æруагьтам сабыргай,
Стæй кæцæйдæр урс гæлæбу ’рбатахти.
Зилдух систа дидинбастæн й’ алыварс
Æмæ йын йæ адджын къускыл абадти.

Кастыстæм æдзынæгæй нæ дыууæ дæр,
Раст цыма цыкура уыди, арвы цæст.
Дидинæгыл байтыгьта йæ базыртæ,
Ба кæнынæй нал æмæ йын нал æфсæст.

Ехх, кæм дæ, мæ цинæфсæст – мæ цардуалдзæг,
Зæрдæйы та уарзты цырен агайы.
Къахвæндагыл æз фæуайын быдырмæ,
Цæстытыл рæсугъд дидинбаст ауайы.

Мысын æй æз абон дæр рæсугъд фынау,
Фембæлынмæ демæ мын куы байрæджы.
Раргом кодтай ды мæнæн мæ сусæг уарзт
Мадзурайæ иу райдзаст бон уалдзæджы.

 

ФÆЗЗЫГОН СЫФТÆРТÆ

Фæззыгон бон, хуры тых фæсасти,
Йæ тынтæ ма гæзæмæ хъарм кæнынц,
Зырнæджытæ сæ ахстæттæ ныууагътой,
«Хъуырру» хъæргæнгæ, хуссармæ тæхынц.

Лæууы бæгънæг хъæд гобийау æмырæй,
Фæллад мигътæ сæ сурдымæн дымынц.
Кæрз бæласæн йæ сыфтæртæ йæ быны
Зæлдаг нывæфтыд гауызау зынынц.

Сæ сыбар-сыбур сыфтæртæн ыссыди,
Хæрдмæ сæ дымгæ фелвæста æваст,
Бæндæнау сæ, мæ алыварс ыздухгæ,
Æрбатыхта кæлæнгæнæгау раст.

Æхсызгонæн æз ахæм лæвар райсин,
Къленц чызгау мæхи дзы хъал кæнин.
Хъуырбæттæнау мæ хъуырыл æй æртухин,
Фæззыгон дымгæ, бузныг дын зæгъин.

Цæстылуайæн фæлгъуызтæй конд хъуыртухæн
Кæркæ-мæркæ, цъæх, бурбын, морæ, сырх,
Фæхаста йæ сыфгай фæйнæрдæм дымгæ,
Уыджы пакъуыйау уæлдæфы ныппырх.

Рæсугъд фæндтæ, зæрдæйы рухс бæллицтæ,
Фынау вæййынц æнæ буар, уысмæн,
Кæнынц мæ сæрмæ хус сыфтæртæ зилдух
Æнæрæнцой гæлæбуты хуызæн.

2019 аз

УАЛДЗÆДЖЫ РУХС

ОДÆ ЦÆССЫГÆН

О ды! Цæсты хъæбул æнæлаз,
Сæумæйы ‘ртæхау ирд цæссыг.
Æдæрсгæ рустыл ды æвдисыс
Лæгæн йæ цин æмæ йæ хъыг.

Дзындзы фæрдыг, ды салд цæссыг дæ,
Уæддæр дæуæн дзы нæй æмбал.
Дæу равзарынц фыр буцæн алкæд,
Кæнынц зæрин тагыл дæ хал.

Цæрддзугæнæг рæубазыр мигътæ,
Æмбæрзут арвы цъæх сымах.
Йæ дойны сау зæххæн ысуадзы
Уæ цæссыг – царды хос – æртæх.

Ды – уаз æнкъарæнты æвдисæн –
Æрвыгау аив дæ, сыгъдæг,
Кæндзынæн рухс зæдау дын табу,
Мæ цæст уа цалынмæ уынæг!

Поэт!.. Куы басур уа дæ цæссыг
Дæуæн дæр (ма ‘руадзæд Хуыцау).
Йæ фæрцы адæмæн нæ кæныс
Дæ уарзт æмæ дæ цин æвгъау!

Лæгæн цæрдзæн æдзухдæр йемæ
Цæссыг – сæууон æртæхы ‘рвад,
Цалынмæ не ‘рцъынд уа æнустæм
Дунеты рухс уынæг – йæ мад!

04.12.2020

 

ОДÆ УАЛДЗÆГÆН

О, зарæгау æвидигæ, æгæрон,
Зæххыл цæрæгæн царды тых дæттыс,
Дзындзы æрттывд уæлтæмæнты цæхæрау
Рæууон бæллицты базырджын кæныс.

Æрвон рухс та мæ зæрдæмæ ныккасти,
Цъæхдзаст уалдзæг, ыскодтай мын кæлæн.
Мæ лирæтæ зæрдæрайгæ æристон –
Æнæ зарæг нæй а зæххыл цæрæн!

Дæ комулæфтæй дуне райгас ногæй,
Йæ риуы дзаг ысулæфыди зæхх,
Дыргъ бæлæстæ хæмпус дидинæг калынц,
Йæ уæлцъар зæххæн ахуырстау фæцъæх.

Тæрккъæвдатæ та фемæхстысты арвæй,
Фæтынгдæр и цæугæдæтты уынæр,
Æрдзы мырон хъæлæсæй мæргътæ зарынц.
Цы ис нæ царды уалдзæгæй хуыздæр!..

Сырхмæтæджы æнæмæлгæ хæрздæфтæ,
Йæ дидин сыфтыл – райсомы æртæх.
Зæрин хуры тын, урс мигъы бындзыг дæ,
Æхсæрдзæны æнæуромгæ тæх.

Мæ зæрдæйы ныфс, буц уалдзæг, дæ фæрцы,
Дæ тавицæй ысвæййын æз цæрдуд,
Уæлмонцæй та мæ лирæйыл æрцагътон,
Ды зарæгау – æнæкæрон, рæсугъд!..

04.12.2020

 

ОДÆ ДИДИНÆГÆН

О дидинæг, цъæх гауызыл хæдныв
Дæу бакодта кæлæнгæнæг цъæх уалдзæг.
Рыст зæрдæйæн æвдадзы хос фæдæ.
Æрдзы фидауц, лæварæн айс мæ зарæг.

Йæ комулæфтæй райгас кодта дæу,
Зæрдæскъæфæн рæсугъддзинад дын радта,
Адджын тæфæй фæхайджын кодта дæу,
Ыстæй дыл уæд йæ цæстысыг ныууагъта.

Ныккæсы дæм мæйрухс æхсæвты мæй,
Дæу Бонвæрнон – сæууон ыстъалы – уарзы,
Дæ дидинсыфтыл уаз æртæх – тæнгъæд,
Йæхи сæм арвæй хуры тын ивазы.

Рæубазыр дымгæ – быдырты зæлдæф –
Мæйрухс æхсæв йæ хъæбысы дæу узы.
Ныссабыр вæййы æрдз дæр, цыма раст
Авдæны зарæг – алолаймæ хъусы!

Кæй цæст æрхæцыд фыццаг хатт дæуыл,
Кæй зæрдæ байдзаг ронджы кæхцау уарзтæй,
Кæмæн разылд дæ хæрздæфæй йæ сæр,
Дæ дидин сыфтæн чи бафсæсти батæй?

 

ÆГЪГЪÆД ФÆУÆД ЦЪÆХДЗÆСТ
УАЛДЗÆГЫЛ ЗАРЫН

ÆВЗОНГАДЫ ХЪÆЛÆС

Кæйдæр хъæлæс мæ хъустыл уайы,
Зæланг у уадынау æхцон,
Куы мæм зæххон зæлтæ фæкæсынц,
Куы та – алæмæттаг, æрвон.

Цымæ, кæй хъæлæс у, фæзæгъын,
Мæ удæн чи кæны кæлæн,
Фæсвæд мæм чи дзуры мæ номæй,
Æви… мæ адыл кæд нæ дæн…

Фæнды мæ, азгъорон йæ размæ,
Фæлæ фæхъус вæййы уæдмæ.
Мæ мидхъæлæс мæм кæд ысдзуры,
Фæкæсы афтæ дæр лæгмæ.

Хуызивæгау мæстæй мæ марыс,
Æви дын удау нæй уынæн.
Уый ме ‘взонгад куы дæ, мæ хурдзаст,–
Дæхимæ хоныс дардæй мæн.

Цæмæй нæ буц кæна цъæх уалдзæг,
Æз дæр æмбал ын уон дæуау,
Тæхуды, базыртæ тæхынæн
Зæххыл кæмæн радта Хуыцау!

Бæргæ ма раздæрау куы уаид
Рæвдыд уæлмонцадæй мæ уд.
Ныууадз… мæлæт бонмæ уыдзынæн
Мæ зæры бонтимæ хъæрмуд.

НЫХАС МУЗÆИМÆ

Фыццагау нал дæн зарынæн, мæ музæ,
Зæлбыд рæнхъытæ сфæлдисон цæмæй,
Мæ лирæ, загътон, сауындзон нæ къулыл,
Хæрзбон зæгъæм нæ кæрæдзийæн, цæй!

Тæрсын, мыййаг, куы нал фæтаса иубон
Æмдзæвгæтæ ныффысынмæ мæ къух.
Фæлмæн зæрдæ сфæлмæцыд æрвылбон
Йæ буц æвзонгад мысынæй æдзух.

Мæхи хуыдтон-иу уалдзæгæн йæ фаззон,
Æз уарзты монц æлутонау нуæзтон,
Сæрдзæг мæ сæрыл доны чызгау хастон,
Мæ рухсамонд дæ цæстыты уыдтон.

Æгъгъæд фæуæд цъæхдзæст уалдзæгыл зарын,
Æгъгъæд мын фод сырх мæтæджы хæрздæф,
Фæци мын фаг, сырх дидинджытæ тонгæ,
Цъæх уыгæрдæнты сусæны æнтæф!

Нæ, нæ, нырма хæрзбон дын æз нæ зæгъын,
Нæ комы зæрдæ ‘нкъард бонтæн сæттын,
Дæ хъæлæс суадз, мæнмæ дæр кæд æрцæуид
Дæ зарынмæ мæ лирæйыл цæгъдын.

Ды дæ мæнæн мæ рухс уалдзæг, мæ амонд,
Сырх мæтæджы хæрздæф мæнæн кæныс,
Ды ме ‘взонгады хæлдих дæ, йæ фаззон,
Цы дын зæгъон, мæ зæрдæмæ цæуыс…

2. 11. 2021

МÆ ЗАРÆГ

Æз зарæг снывæзтон зæлаив
Æмæ мæхицæн загътон, цæй,
Æрцамонон мæ лирæ ногæй, –
Æхцондæр удæн ницы нæй!

Мæ зарæджы мæнмæ фæзыны,
Зæрин тынтæ нывæндгæ, хур.
Мæйрухс æхсæвтæ дзы фæуынын,
Ыстъалыты тыбар-тыбур.

Куы та мæ зарæджы æз фенын
Рæсугъд хæрздæфгæнаг мæтæг,
Мæ цæстытыл цыма нæ уайы,
Фæлæ у ‘нæмæнгæй, æцæг.

Мæ зарæгæй мæнмæ фæхъуысы
Хæххон суадоны хæл-хæл,
Зæливылæнтау æм куы хъусай,
Нæ кæны зæрдæ уæд мæтъæл.

Цъæхбазыр уалдзæг нæм æртахти, –
Æрмæст ыскæн мын ды йæ кой,
Æмæ та, гъæйтт мардзæ, мæ лирæ,
Йæ тæнтæн нал вæййы æнцой!

Зæливылæнтæ зæлынц дардыл,
Нæй хъæлдзæг зарæгæн кæрон,
Æз дæр та ‘рцагайын мæ лирæ,
Цæуылнæ, уд куы уа рæмон!..

2. 11. 2021