АЙЛАРТЫ Измаил

ЗÆРОНДЫ КЪУХТÆ

Кæсын зæронды бон мæ къухтæм,
Цыма сæ абон федтон æз!
Æнцъылдтæ – адаргæ æрмкъухтау,
Кæнынц фæллад уæхсчытыл уæз.

Бынтондæр дис кæнын мæхиуыл,–
Цыма кæйдæр ысты, кæйдæр!
Фæлмæн сæ авæрын мæ риуыл,
Уæззау сæ адауын мæ сæр.

Фæцыдтæн хæтæнты рыст къæхтæй,
Цы бæстыл нал æрхæцыд цæст.
Фæлæ ма армвæндаг нæ хæхтæй
Бæркадджын быдыртæм æххæст.

Дзæбуг, цæвæг æмæ хъæсдарæг,
Дзывыр, æхсырф æмæ фæрæт
Уыдысты адæмæн сæ дарæг,–
Мæ къухтыл та ныууагътой фæд!

Хъæд-дурæй арæзтон хæдзæрттæ,
Цы кæмтты не ‘рхызтон мæ фос.
Сæрд халсар фæхастон æргъæмттæй.
Зымæг та – хуссайраг цъæх хос.

Мæ хуымгæнд никуы сси зæрæстон,
Уым фаджыс – митвæндагыл ласт.
Æлутон ехсы фындзæй ‘взæрстон,
Мæ хортæ – дзаг æфсирæн карст…

Кæсын уæм рохст лæгау: уырынгтæ,
Фæлæ куыствæлладæй – сыгъдæг.
Ныуарджын дурвæткъуы тæбынгтау,–
Æлвæст, уæззау æмæ дæрзæг.

Æмæ ныр райгæ ут уæ куыстæй,
Фылдæр уæ бузныг дæн – цæмæй?!.
Фæхастат сидзæрты æдыхстæй,
Сæ фынгыл давæггаг хор нæй.

Мæнгардæй никуы сластат хъама,
Дзæгъæлы никуы калдтат туг.
Нымд фæллойæ фæкодтат «а-ма»,
Æмæ уæ хуртæм систа дуг.

Кæсут! Зæронд сты мæ къухтæ,
Фæлæ куыствæлладæй – сыгъдæг.
Нæ дарын тинтычъи æрмкъухтæ,–
Цæмæн уа агъуды бын лæг?!

 

МÆ СЫХАГ

Цымæ, цæмæй вæййы æнгæстæ?
Æз – арф комы, ды ‘рцахстай рындз,
Мæнæн – нæ сабитæ мæ фæстæ,
Дæуæн – дзидзафсæстæй дæ куыдз.

Мæнæн уæрдон дæр нæй мæ кæрты,
Дæуæн дзы хæдтулгæтæй – хал.
Ды фурды был улæфыс сæрды,
Мæнæн мæ цыргъ цæвæг – æмбал.

Дæумæ æддæгуæлæ хæдзæртты –
Æнахуыр уазджытæ æдзух.
Лæвархортæй кæныс хæлæрттæ,
Нæ исыс кусæгæн йæ къух.

Мæнæн мæ фыд æдзух фæдзæхста:
– Мæгуырæй дæр-иу у рæстаг!
Дæуæн дæ фыд фыдвæтк ныууагъта:
– Мæгуыр у адæмы фæстаг!..

Уæдæ цæмæй вæййæм æнгæстæ,
Цы ΄гъдауæй дæ лæгæн æмбал?!
Дæ туг у марг, æлгъыст – дæ хъæстæ,
Тыхтона – де стырдæр амал…

 

МÆ АДÆМ

Мæ адæм у сæдæбæстон,
Сæдæхъусон, сæдæцæстон.
Цы сæ зæгъдзынæ ды?

Æхсæны хаст – нæ сидзæртæ,
Хъæузиутæй карст– уыгæрдæнтæ.
Цы сæ зæгъдзынæ ды?

Хæхбæсты фарн – фынгты æвæрд,
Зæрдæты хъарм – кæрдзыны хæрд.
Цы нæ зæгъдзынæ ды?

Сылгоймагæн йæ кæлмæрзæн –
Фыдракæндты тыхæмбæрзæн.
Цы дзы зæгъдзынæ ды?

Йæ алы змæлд у алы ‘гъдау,
Æууæнчы хæлд – цыфыддæр фау.
Цы ма зæгъдзынæ ды?

Сæрбахъуыды – хæстæгарæх,
Нæ тæхуды – нæ фыдызæхх.
Цы ма зæгъдзынæ ды?

Мæ адæм у сæдæкуыстон,
Сæдæныфсон, сæдæрыстон.
Цы сæ зæгьдзынæ ды?!

ГУЫЛМÆ, ГУЫЛМÆ, ЛÆППУТÆ!

Сау æндонæй – нæ хъæсдарæг,
Нарæг фæлахс – цыргъ цæвджытæ.
Æрфæллади нæ хæсныдарæг, –
Къултыл цудынц йæ уæрджытæ.
Асурæм æй, лæппутæ!

Нæ уыгæрдæн дæлвæз-уæлвæз,
Хъæдабæйау – цъæх сынчытæ.
Рог хъæлæба – куыстæн фæрæз,
Бæстæ фестад æхсинджытæ.
Аййафæм æй, лæппутæ!

Æхсæны нын цæвæгцæгъдæг,
Цæвæгдауæг – Куырдалæгон.
Дымгæгæнæг, фæндырдзæгъдæг –
Сыгъдæг улæфт цырд Галæгон.
Размæ, размæ, лæппутæ!

Ысхæссынц нын хъæрмаходæн,
Йæ сæрыл ис лæппуйы гуыл!
Кæм дзы скувæм, кæм саходæм
Цыты ‘гъдауæй фæтчы уагыл!
Цырддæр, цырддæр, лæппутæ!

Сагсур лæппу йæ риуыгъдæй
Хосдзауты ‘хсæн бæрæг дары.
Цы баззадтæ, цæй, ауыгъдæй,
Хæсныдар «Гуылмæ» дæуæн зары.
Гуылмæ, гуылмæ, лæппутæ!

 

ХÆХТЫ ХЪÆБЫСЫ

Боны ‘мбисæй зæрдæ райы, –
Хур гыццыл фæкъултæ.
Цъитидон хъæлфгæйæ уайы
‘Хсырæмхæццæ култæй.
Пирæнгæмттæй мигъты арвыл
Рог Галæгон фасы.
Комбæстæ ыстылди царвы, –
Мондæгтæ æлвасы.
Хъæу дæлиау баззад комы,
Фосы дзугтæ – ривæд.
Цин йæ монцы дуæрттæ тоны,
Уарзт тæры йæхи фæнд.
Цæстæнгас кæдæм не ‘ххæссы,
Уымæй хъуыды – дарддæр.
Дунейы фарн фынгмæ ‘рхæссы
Хæхты бæркад тагъддæр…
Ногахст цыхтау цъити фаркгай
Айнæг-кæхцы фехæлд…
Галдзæбидыр рындзыл скатай,
Дзугæн зын – сæ фезмæлд…
Хицæн цæу фæлгæсы тигъæй:
Сычъиты къорд – таджы.
Цъиуджын зым та баззад джихæй,
Тас хæстæг нæ уадзы.
Хуыргæрчытæн – фугæ бадæн,
Къæхты бынæй стæхынц.
Цæргæстæн сæ улæфт – адæн,
Тугдзыхтæй æххæлынц…