АЛАНТЫ Рæстдзинæ

ХУЫЦАУЫ КОМЫТÆФ

УАДХОСТ ДИДИНÆГ

Æз ныр фыццагау циндзырд нал дæн:
Мæ риуы бафснайдтон сæ арф,
Куы базыдтон йæ ад нæ цардæн,
Куы фæдæн удрынчын дзы, тарф.

О, дидинæг! Кæддæры уарди!..
Куыд диссаг уыд сæумæйы зард!..
Дæ дзаджджын тæф уæлæрвтæм калди,
Нæ уæндыд бавналын дæм кард.

Нæ уæндыд… Æмæ уæд кæцæйдæр
Уаддымгæ ‘хситгæнгæ фæзынд!
Цы цъаммар хъæр кодта: «Уæрæйдæ,
Цæуылнæ ‘рцыдтæ, дидин, тынд?

Зæгъ-ма, рæсугъд, мæ рæвдыд тыхми у?
Нæ бæттыс мемæ, дидин, цард?
Кæд афтæ – змæнты маст мæ риуы,
Æз фенын кæндзынæн дын кард!»

Æмæ ныббогъ кодта: «Илæлæй!»
Фæцъорт кодта йæ хъама арв,
Знæт лæбурджытæй фыддæрæй
Фæсагъта зæххы риуы арф!

Ныккалдта портитау их-дуртæ,
Хынджылæг систа! Ферра раст!..
Цы уыд йæ разы, кодта муртæ!
Æмæ дын… Фæхъус ис æваст.

Æрбайсæфт ‘нæнхъæлæджы тар дæр,
Уæлæрвтæ байгом кодтой дуар.
Æмæ та цард æхсиды дарддæр:
Хуыцауы комытæф – бындар!

… Нæй басæттæн Уый ехсы цъыккæй,
Нæ хъамайы рæхуыстытæй, нæ!
Æнæуынондзинады фынкæй
Сырх Уарди худы та мæнмæ!

 

ХИВÆНД УАРЗТ
(поэтикон диалог чызг æмæ лæппуйы ‘хсæн)

Уæлладжыры комы, дам, зæд æрбадт –
Минæвæрттæ барвитынæн бар мын ратт!
Дæ цæстыты рухсæй фефсæрмы мæй:
Мæнмæ, дам, ахæм цæхæр æрттивынмæ нæй.

Чи дын радта, о чызгай, ахæм зонд?
Æмæ ма хæлæгæн йемæ – дæ уынд, дæ конд!
Бирæ февзæрстон чызджытæ а царды,
Цалынмæ нæ бахаудтæн, рæсугъд, дæ уацары!
Дæу цы бон федтон, ард хæрын: сызгъæрин!
Дæуимæ мин-мин азты æнæфсис фæцæрин!

О, сау лæппу! Цы зæгъон дын?..
Дæ тæригъæд мæнæн у зын.
Фæлæ æз уарзын æндæр кæйдæр –
Æхсæв йæ уындмæ бæллы мæй дæр!

Йæ иу рацыд, йæ мидбылхудт
Куы байстой, куы, мæнæн мæ уд!
Куы судзын æз цырен арты,
Йæ æндзарæг – Сослан Нарты.

Ды та нæ Батрадз дæ, нæдæр,
Нæдæр Ацæмæз, – бынтон æндæр.
Мæ зæрдæ у æхгæд дæумæ,
Æнæпайда – дæ сидт мæнмæ.

Чызджытæ бирæ: ‘ндæры ссар,
Мæнæн та, курын, дæ рис ныббар.
Дыууæйы ‘хсæн куынæ уа уарзт,
Нæ уыдзæн, лæппу, Хуыцауæй барст.

О, уастæн, цавæр дæ, зæрдæйы ‘вæрд?
Дидинджыты ‘хсæн дын иу – лæвæрд!..
Вæййы кæд уарди, о Стыр Хуыцау,
Æртоны буцы арæх хъæддзау!

Кæд малусæг, ризгæ, фæбæллы тæвдмæ, –
Хъыгагæн ‘рхауы «салд лæг» дæумæ.
…Нæй бамбарæн, нæй, уарзты æвзæрст:
Тæхуды кæндзыстæм уымæ æрмæст!..

 

ДЖИГОЦЪИУ

Джигоцъиу! Дæ хъæлæс – адджын,
Мин-мин азты зар фæрнæй!
Бонвæрноны цæсты – кадджын:
Райгонд у сæумæ дæуæй.

Растынц хосдзаутæ дæ зардмæ:
Æртæхы – цæвæг цыргъдæр.
Карсты зарæг хъуысы дардмæ,
Хъусыс арвæй йæ ды дæр!

Джигоцъиу! Ды зарыс цардыл,
Стъалытæм хъуысы дæ зард!
Уарзын дæ, мæ хæлар, уарзын,
Удрæбыны дын – бынат!

Арвгæрæтты ног сæуæхсид
Куыстмæ рог кæнæд нæ къух.
Ма нæ рох кæнæд зæрæхсид,
Зарæд джигоцъиу æдзух!

Бонвæрнон! Сæумæйы стъалы!
Арвы арфæй та нæм худ.
Хъусыс? Джигоцъиу дæм зары,
Йемæ зары Зæххы уд!

 

ХЪÆУЫ МÆ МÆН!..

Нæ мæ хъæуы сæдæ азы цæрынæн.
Зæгъдзынæн уын æргомæй æз, цæмæн:
Цыппæртыл цард мæ цæст зæгъы фыдгулæн,
Æндæр нывтыл карст у мæ зонд мæнæн!

Хъæуы мæ мæн сæдæ фæндзай азы тæхынæн!
Ныв кæнынæн, стæй зарынæн сæумæ!
Æмдзæвгæтæ ‘мæ уацаутæ фыссынæн.
Стыр Хуыцау, мæ фæнд хæссын Дæумæ!

Æз баззайдзынæн абонау рæсугъдæй:
Мæ цæстытæ – ыстъалыты тæмæн!
Къæвда бон фестдзæн Хуры тын мæ худтæй.
Кæмæн фæхай кæнон дзы æз, кæмæн?..

Мæ зынæргътæ! Мæ удмæ хæстæг адæм!
Хуыцау уын раттæд йе ‘нæкæрон хæрзтæ!
Куыд хъуыса, куыд, йæ дзырды хъомыс ардæм!
Æмæ йæ райса фидæны хъæстæ!

 

САУЦЪИУ

Сауцъиу, сауцъиу, бур бырынкъджын, азар ма мын, цæй!
Атайа æрхæндæг зæрдæ хурмæ ‘ввахс мыртæй.
Сабуха цæхæртæ калгæ уалдзæг, уалдзæг тагъд,
Æмæ та мæм мигъты ‘хсæнæй бахуда мæ цард!

А Дунейы бирæ хæрзтæ, бирæ зынтæ ис…
Зæрдæ дзы кæм цин фæкæны, кæм æргом – йæ рис.
О, фæлæ, фæлæ уæддæр та Арвыл скæсы Хур!
Æмæ нын йæ фæлмæн тынтæй самайы бындур!

Уæдæ уæд зæгъæм, цæй, бузныг Стыр Хуыцауæн мах!
Царды рухс – Уæлæрвты хъомыс, тар та дзы – æртах.
Уарзондзинад – зæрдæйы ныфс: райы уымæй уд!
Царды цæджындз, уды мæсыг, макуы нын фæцуд!

 

ÆЗ УАРЗЫН УАРЗТ!..

Æз уарзын уарзт, куы ссудзы ‘васт мæ зæрдæ,
Куы сисы уд дæр, заргæйæ, фæдис.
Æмæ куы свæййынц, куы, дыууæйæ уæртæ,
Кæрæдзи ‘мбаргæ, космосон цæдис.

Æмæ куы свæййын уыцы монцы руаджы
Æз Феникс! Гамаюн! Уæларвон зæд…
Кæддæр уыдтæн… Кæддæр-кæддæр æз раджы
Æрфæны Фæды стъалыты ‘хсæн кæд…

Кæд уым базыдтон, бамбæрстон æппæтдæр?..
Кæд уым райстон мæ курдиат дæр, кæд?..
Кæд уым ‘взæрстон зындон æмæ дзæнæт дæр
Хæсы мæсыгау, райсдзынæн сæ уæд!

Хæсы мæсыгау… Уымæн æмæ æз федтон,
Куыд æгъатыр вæййы рæстæггай цард!..
Æмæ дзы хъуамæ æз мæ дзырдæй фестон
Уæларвы Рухсмæ удгомгæнæн зард!

 

БÆЛЛИЦЫ СИДТ…

Цæмæн та фембæлдыстæм мах,
Мæ кæддæры ныфсы мæсыг?..
Æрттивы уардийыл æртах,
Сæумæйы зæрдæйы цæссыг.

Æнусты сæрты тахтæн æз,
Мæ бæллиц агургæ, дæумæ!
Мæ уды – дидинджыты фæз,
Цæуылнæ бахудтæ мæнмæ?..

Нæ бамбæрстай: дæ амонд дæн,
Хуыцау мæ сфæлдыста дæуæн!
Хъысмæт нæй аивæн лæгæн.
Мæ зæрдæ басыгътай мæнæн.

Мæхи æз бамбæхстон дæуæй –
Мæ риуы баззадтæ уæддæр!..
Уæларвон дзæнæты нæууæй
Стахтæн стъалытæй уæлдæр.

Æрфæны Фæды мидæг æз
Уыдтон мæ фынты дæу æрмæст…
О, уыцы дидинджыты фæз…
Йæ уындæй не ‘фсæды мæ цæст.

Нæ уыдтæ амондджын ды дæр:
Хуыцауы Фæндон у, Табу!
Нæ тавта хурау дæу æндæр,
Кæд загъта хиуарзон «Мæн у!»

…Цæмæн та фембæлдыстæм уæд,
Кæй фæндæй, о, мæ уарзт, зæгъ-ма?
Мæ зæрдæйы – кæддæры фæд.
Кæддæрау арауы нырма.

 

ТÆРСЫН
(С.Б.)

Цæмæн ныххызтæ мæ зæрдæмæ,
Куы нæма дæ федтон, уæд?
Цæмæн ауагътай мыл æрдын,
Уарзты цæхæр фат-фæд?..

Мæ дард фынты дæу уыдтон-иу:
Мæ бæллицты мæсыг!..
Куы нал сур кæны, куы, æппын
Цæстыхаутыл цæссыг.

Нæ тарстæн никуы мæлæтæй æз,
Куынæ тæрсын, уæд ныр,
Æхсæв уа, боны рухс, цæмæн,
Цæмæн, тæрсгæ, цæрын?..

Тæрсын, мæ зæд, дæ тæрхонæй:
Куы зæгъай: «Цæй, кæрон,
Æгъгъæд ыскæн дæ монцытæн,
Куыд нæ фестой зындон».

Тæрсын, нæ фыццаг фембæлды
Куынæ ссудза дæ уд,
Куы нырриза, куы, сусæгæй:
«Мæн ахæм никуы хъуыд».

Дзæнæты дыргъдон – уды цин,
Мæ æнусты бынат!
Æнæкæрон Уæларвон Арф,
Дæ Фарны тых мын ратт!

Дæ Фарны тых – Хуыцауы Рухс!
Мæ зæрдæ хъал цæмæй!
Куыд баззайа мæ иунæг дзы
Уарзты рæсугъд цыртæй!

 

МУЗÆ

Куы мæ ныууадзой, чи мæ уарзта раздæр,
Кæмæ куывтон, кæмæй рухс дардтон æз…
Æвдадзы ‘фсон куы бадæдтой мæм марг дæр,
Хъысмæтæн мыл куы æртæфса йæ уæз…

Куы ныккæлой бæллæхтæ мыл æмгуыппæй,
Гадзрахатæй куы рацæуа мыл цард,
Куынæ уа суари сисынмæ мæ дзыппæй,
Куы фæлидзой бæллицтæ тæргай, дард…

Куы баззаин æлгъыстагау раст ихыл
Бæгъæввадæй, стонгæй æз, уæддæр
Æндæр хъысмæт нæ ракурин æз никуы,
Æндæр рæстæг кæнæ бæстæ æндæр.

Куы ныккалид мын æлдæртты хъæздыгдæр
Мæ къæхты бынмæ ‘рттивгæ дурты зæй, –
Нæ баивин сыл иу бæрзонд цæссыг дæр,
Нæ баивин сыл Музæ: аргъ ын нæй!

 

РÆСТУДЫ ФИДАР

Згъорын бæллицмондаг, цингæнгæ, базырджын!
Гъей, дымгæ, баййаф мæ цæй!
Уæрджытыл… Ламийы… М’ алыварс марджытæ,
Домынц гадзрахат мæнæй.

Туджы пырхæнтæ… Лæбурынц бал-бирæгътау…
Скъуыхтæ мын кодтой мæ буар…
– Марæм дæ, ‘мбарыс? Тагъддæр зæгъ бирæтау,
А зæххыл мулк кæй у дзуар!

Тагъддæр, гуымиры: дæ цард кæнæ уыцы дзырд!
Сразы у, мулк у – хæзна!
Сразы у, хъусыс?! Тыхджын у, дæлимон гуырд,
Алкæй дæр хъуамæ уырна!

– Нæ! Нæ! Амарут! Айсут мæ иунæг цард…
Хуыцау ‘мæ Рæстдзинад сты Тых!
Дæлдзæхы ‘хцатæй нæй балхæнæн уды кад –
Хæйрæг уыдзæн тагъд æдых.

‘Рлæудзæн сызгъæрин рæстæг, æмæ стъалытæм,
Рухс арвмæ атырндзæн уд,
Айсут уæ кæрдтæ, ныууадзут мæ, марджытæ, –
Рæстуд нæ вæййы тæппуд!

 

ГИМН ФÆНДЫРÆН

Æнусон къæдзæхтæ уæларвон тыгъдадмæ
Зæрин хуры рухсмæ сæ зарæг хæссынц!
Сæ нæртон урс сæртæ хæстæг сты Хуыцаумæ,
Æмæ Йын рæдауæй фæндырыл цæгъдынц.

Нæй дунейыл ницы рæсугъддæр сæ цагъдæй:
Ирон фæндыр – стъалыты ‘хсæнмæ фæндаг!
Æрттивы Ирыстон нæ фыдæлты кадæй,
Фæзминаг у абоны дуджы сæ уаг!

О, дард хъисын фæндыр! Æрбайхъуыс-ма, ‘рбайхъуыс:
Нæ зынаргъ Ирыстоныл кадæг нæры!
Дæ фæдон – ирон фæндыр, тауы ам хъарм рухс
Нæ нæртон фыдæлты фæндиаг цæры!

Мæлæт нæй фæндырæн: Ирыстоны уд у!
Куы фесæфа нартау, уæд бамыр нæ Ир.
Ирон фæндыр махæн нæ цин æмæ хур у!
Йæ цагъдмæ цъæх мæнæу æфтауы æфсир!

Йæ цагъдмæ сталытау ‘рттивынц цæстытæ,
Уый уадзы зæрдæтæм æнæкæрон уарзт!
Фæсуры йæ тыхæй æгæрон мæстытæ,
Йæ хъæдабæ зæлтæ – сызгъæринæй раст!

Фæндыры цагъд фидауц, цæхæр вæййы цины.
Ныззарынц чындзæхсæвы: «Фарн уæм цæуы!»
Фæндыримæ фæсивæд аив фæсимынц,
Бæрзонд цырт скæнын ын махæн хъæуы!

Æрцæгъдут фæндыры цæрайæн, чызджытæ:
Æнустæм Иры зæххыл нæра йæ кад!
Ирон лæг нæ лæудзæни никуы уæрджытыл:
Сæрибар цæргæсау æй систа йæ цагъд!