БÆЗАТЫ Эдуард

НÆ ИРОН ЗÆХХ – МÆ ЦИН ÆМÆ МÆ РИС

  ФЫД

Уромы йæ цæссыг тыххæй,
Йæ кæуын йæ хъуыры ныббадт,
Йæ уарзон хъæбулы ныфсæй
Фæцух ис зæронд лæг, æрхауд

Йæ уæрджытыл сынтæджы раз.
Йæ цæсгом цикъæйау – фæлурс.
Æрбайсы йæ хъæбулы баз,
Æруадзы йыл хъавгæ йæ рус,


Йæхинымæр цыма фæрсы:
«Мæ хъæбатыр хæстон фæмард?»
Йæ риуæй йæ хъæрзын хъуысы,
Нытталынг йæ дуне, йæ цард!

«Дæ рынтæ бахæра дæ фыд…
Дæ бæсты æз раттин мæ цард.
Мæ къонайы бындур ныззылд, –
Мæ цардуарзаг хъæбул фæмард!

Нæ кæуын, нæ дæтты мæ уд
Кæуыны бар, зæрдæ ныддур.
Бæргæ ма куы фенин дæ худт, –
Нæ хæдзарыл ракæсид хур.

Кæуинаг мæ урс сæр фæци.
Æлгъыстау ласгæ – дæ мард.
Цæй талынг мыл абон ныцци,
Цæй зын у лæгæвзарæн – цард!»

Йæ цæстысыг не ‘вдисы фыд,
Нырризы йæ тыхстæй, хъæрзгæ…
Уæззау цæф йæ сæрыл æрцыд.
Цы ма уа уæззаудæр уæдæ?!

                                                 14.12.2023 аз

 

 ИУДЗИНАД

Нæ тых – нæ иудзинады махæн.
Куы уæм кæрæдзийыл мах баст,
Уыдзæн ц??ыфæнды тыхджын знагæн
Йæ ныфс йæ хъаруимæ саст.

Ирон, цæцæйнаг æви лекъаг,
Кæсгон, хъазахъхъаг дæ, якут…
Цæмæй нæм ма бауæнда не знаг,
Кæрæдзимæ æнгомдæр ут.

Зæгъæм кæрæдзийæн æрвылбон:
«Салам! Дæ амонд бирæ уæд!»
Цæмæй нæ цард кæна æхсызгон,
Нæ сæрмæ зил, уæларвон зæд!
                                                 
22.10.2023 аз

 

 ФÆТКЪУЫ БÆЛАС

Фæткъуы бæлас. Зæронд. Дыргъдоны астæу.
Йæ быны – бадæн, рæстæгæй ныссаст.
Мæ фыды сагъд тала, нæмынц æй азтæ,
Æз арæх уымæ саразын мæ каст.

Æнкъард – йæ хуыз, куы нал у ныр цæринаг,
Йæ хус къалиутæ арты сыгъдау – зул.
Кæддæр – лыстæг уис, иу белгом – йæ уидаг,
Стæй дыргътæй йæ зад цæнгтæ – зæбул.

Æз-иу чысылæй акастæн йæ цъуппæй…
Йæхи æруагъта бадæныл мæ фыд…
Тæлфаг уыддæн, йæ хъæбулæн фыр буцæй
Хатыргæнæг йæ галиу митæн уыд.

Æрдæгхæрдæй-иу фæткъуытæ куы фехстон,
Ныцъцъæл-иу кодтон къалиуты æмбис…
Æз арæх уæд йæ уайдзæфтæм нæ хъуыстон.
Куыд мын барста, кæнын ыл абон дис?

Мæ фæлмæн фыд, дæу абон арæх мысын.
Дæ арæзт бадæн рæстæгæй ныссаст.
Фæкæсын æм, мæхинымæр фæтыхсын,
Мæ хъуыдытæ дæуимæ иуыл – баст.

Æрæхсæддзынæн бæласæн йæ цæнгтæ,
Цæмæй æрзайа фидæн аз хуыздæр.
Æмæ æркъуырон бадæны зæгæлтæ,
Куыд мын хæсса йæ аууон та сыфтæр.

Цæмæй зыдтон, кæй у рæстæг æгъатыр,
Нæ царды бонтæн раздахæн кæй нæй.
Зноны цинæй тынг мæ цард фæкъахыр, –
Æрыгæттæй мах хъал вæййæм фынтæй.
                                                 
4.02.2024 аз

 

 ЦАРД

Дæу бар у, зонын, Стыр Хуыцау, мæ цард.
Уыдтæн ныры онг хорздзинадæй хайджын.
Дæуæн сты мæ фæндæгтæ нымад,
Дæ фæндæгтыл та абон дæр æз – барджын.

Зæххыл нын раттыс иу цардæн рæстæг,
Зæрдæйæ ифтонг уæд вæййы сыгъдæг уд.
Цæуынæн мадзал – нуар æмæ ыстæг,
Нæ буар та – лæджы улæфгæ агъуд. 

Зæрдæйæ æз куынæ кæнон лæггад,
Мæ удæн аргъ куынæ зонон бынтондæр,
Уыдзæни уæд æнæсæрфат мæ цард,
Дзæгъæлы сты мæ «райсом» æмæ «знон» дæр.

Зæгъын уын бузныг, о мæ фыд, мæ мад –
Сымах амыдтат барын æмæ уарзын,
Сымах фæрцы у амондджын мæ цард,
Уæ фæрцы æз зындзинæдтæн фæразын.

О Стыр Хуыцау, рæдийынæй мæ хиз!
Мæ царды балцы ма рафтæнт мæ тыхтæ.
Мæ Ирон зæхх, мæ цин æмæ мæ рис,
Фæнды мæ фенын мин куывды дæ сыхты!

Лæппуйы гуырдтæ фенын мæ фæнды,
Цæмæй нын уой мыггагхæссæг æнусты.
Цы знаг нæм абон бакæсын уæнды,
Нæрæд нæ хъару зарæгау йæ хъустыл.

Кæд сомбон искуы рафæлгæсон æз
Нæ Иунæг Кадджын Скæнæджы къæсæрæй,
Фæнды мæ фенын хæхты рæбын фæз,
Кæцыйы амонд у уæлдæр йæ сæрæй.

Цæр мын мæ Ир, дæ фидæн уæд рæсугъд,
Мæ Иры дзыллæ, уарзын дæ, сæттын ыл.
Мæ зæрдæ – демæ, хæхты ис мæ уд.
Æрмæст дæ цардæй разы дæн цæрыныл.
                                                 10.12.2023 аз

 

 ИРОН ÆВЗАГ

Æмæ, дам, ирон æвзаг нæ хъæуы…
Цы ис рæсугъддæр а дунейыл, цы?
Фæндыры зæлдаг мелоди куы зæлы,
Æмæ фæлмæн ирон зарæг хъуысы.

Æмæ, дам, ирон æвзаг кæм хъуыди?
Æндæрбæстагæй аразынц сæйраг.
Ирон мадæн Хуыцау кæд радта саби,
Уæд хъуамæ зона мадæлон æвзаг.

Дзæбæхæй рæзæд алкæмæн йæ хъæбул,
Зындгонд лæгтæ сæ рацæуæнт рæхджы.
Фæлæ фыдæнæн мады ‘взагыл ма дзур,
Уый худинаг кæны ирон лæджы.

Æмæ, дам, ирон æвзаг нæ хъæуы…
Æз дæн ирон! Ирон лæг уыд мæ фыд дæр.
Æмæ мæ фæстæ Иры фарн кæм цæры, –
Сæ мады ‘взагыл дзурдзысты мæ фырттæ.
                                                 
18.10.2023 аз