БЕКМÆРЗТЫ Афон

БАЛОЙÆН

Æнусæй-æнусмæ дугъ уадзы нæ рæстæг:
Кæй ассоны рындзæй, кæй ахæссы дард.
Иу уадзы йæ хорз ми, йæ цыргъ зонд йæ фæстæ,
Йæ цырты цур иннæ фæвæййы йæ цард…

Лæг размæ куыд кæсы, фæстæмæ дæр афтæ,
Фæзæгъы: «Тæхуды, нæ фыдæлты зон».
Æрмæст сæм йæ бæллиц, йæ сæнтты куы афты,
Уæд хаттæй-хатт цин кæны, хатт та – фæсмон…
Дзырддзæугæ фыдæлтæн ис намыс нæ Иры, –

Фæзæгъы нæ алчи: «Куы федтаин æз
Чермены, Къостайы, Отелло ‘мæ Лиры»…
Нæ бæллицтæн, Бало, ды ссарыс фæрæз.
Амыранау, махæн лæварæн æрхастай
Фыдæлты зæрдæтæй æнусон цæхæр.
Кæй сурæттæ федтам дæ фæрцы, дæ хъазты,
Гъе, уыдоны ‘рцыдмæ дзæбæхæй фæцæр!..