БЕСТАУТЫ Гиуæрги

* * *

Ды фæцæйцыдтæ, рухскалгæ, уынджы,
Уый уæлион дзæнæтау ысуындджын,
Дуне фестади кувæндон, аргъуан,
Ды йæ бæстастæу – судзгæ цырагъау.

Æмæ йемыдзаг уарзты цæхæрæй
Кодта ‘хцон дыз-дыз д’ алфамблай уæлдæф,
Æмæ, раст цыма аргъауы, фыны, –
Зæхх ныгъуылдтытæ кодта дæ быны.