БЕТЕТЫ Фатимæ

УАЛДЗÆГ

Нæ уалдзæг – сырхуадул, йæ мидбылты худгæ,
Сабыр, æнцойæ æрцæуы нæм ног.
Æрвгъуыз у йæ кæрдæн, йæ цæстытæ – хуртæ,
Цъæх дари – йæ пæлæз, йæ къахдзæфтæ – рог.

Йæ зæлдаг хъæлæсæй уый зæрдæ рæвдауы.
Йæ зæлтæ йын дымгæтæ аскъæфынц дард.
Уый хъарм æмæ циндзинад бæстæтыл тауы.
Йæ зарæг у цардыл. Йæ зарæг у цард!

 

* * *

Зымæг куы уафы халасæй зæлдаг,
Куы тайы миты урс бындзыг мæ русыл,
Мæ зæрдæ мысы уалдзыгон къæвда.
Мæ мидфыны йæ мынæг зарæг хъусын.

Цыма та зивæг райдыдта рæстæг…
Æви йæ махæй ацæуын нæ фæнды?
Æвæццæгæн, нæ уазалдзæст хæстæг
Нæ удты тарæй аргъæуттæ нывæнды.

Фæлæ тæрсы æцæгæлонбæстаг –
Йæ кæстæр æм ныридæгæн æвзиды.
Рæхджы та зæрдæ, ног ныфсытæй дзаг,
Сызгъæрин хурыл цин кæндзæн, æхсиды.