БУТАТЫ Ритæ

УÆ ЦАРДЫ ФÆНДАГÆН МÆ ЗÆPДÆ – ЦЫРАГЪ

ФЫДЫУÆЗÆГ

Уæлладжыры комы цы сусхъæд æpзади,
Гъе уымæй мын авдæн скодта баба.
Мæ мады цæcтытæй мæм авд хуры касти,
Рæвдауæн ныхæcтæй мын зарæг быдта.

Хуыцаумæ скуывта фыр цинæй мæ нана,
Фыццаг хатт куы андзæвыд зæххыл мæ къах,
Мæ фыд дæp æфсæрмдзастæй загъта: «Мæ къона,
Дæ царды фæндагæн мæ зæpдæ – цырагъ».

Рæвдыд уыд мæ сабидуг бинонты уарзтæй,
Хæххон уæлдæф хаста йæ уæлныхты мæн.
Нæ зæдбадæн комы æxcæpдзæнты хъазтæй
Æрвдидинау райхæлд мæ зæpдæ мæнæн.

Æвзонгдзинад абухгæ бацыд йæ барты!
Дæpддаг рæтты хаста йæ уылæнтыл мæн,
Æxcысти æвæлтæpд уд хъысмæты арты,
Фыццаг халас андзæвыд сæpыл фæлмæн…

Æвæджиау рæcугъд бæcтæ нæ ахадыд цæcты,
Æнахуыр цыдæp мастæй байдзаг ис риу.
Мæ сусхъæдæй авдæн иу федтон мæ фынты,
Мæ фынты мæм сидти нæхимæ Xъæpиу.

Нæ хъæузæды кувæндон цæcтытыл уади,
Куывта цыма хистæp: «Нæ нывонд дын барст…»
Зæpин хур цæстыдзагæй куывдонтæм касти,
Куыд бацайдагъ, гъæйтт-зæгъгæ, цъæх нæууыл хъазт.

Куыд адджын у, уастæн, нæ фыдæлты уæзæг!
Куыд æлвасы дардæй йæхимæ фæлмæн.
Уæвгæ та, мæ удæн йæ цин у, йæ уалдзæг,
Йæ фыццаг æвдисæн мæ къахы фæдæн.

Йæ дур дæp нæ баивин никæй хæзнатыл!
Æлутоныл барын йæ суадæтты дон.
Сæрыстырæй дзурын фыдæлты æвзагыл,
Йæ зæxxыл у рогдæp мæ азты æpгъом.

 

ХУЫЦАУÆН БУЗНЫГ

Хуыцауæй бузныг дæн, бæгуыдæр,
Кæй уынын ирд хуры тæмæн.
Нæ Иры рухс кæмтты рæсугъддæр
Кæй у мæ райгуырæн мæнæн.

Кæй уыд мæ сабидуг бæллиццаг,
Æнæфхæрд – ме ‘взонг бонты цард.
Нæ комы ахадгæ – мæ мыггаг,
Ирон – мæ фыд æмæ мæ мад.

Дæн разы Сфæлдисæгæй, уастæн,
Кæй уыд мæ рагфыдæл Бута,
Кæй дæн сæ хæрæфырт Цæллагтæн,
Кæй нæ дæн сонт кæнæ къуырма.

Нæ зæхмæ мæ алы уæнгæй баст дæн,
Фыр цинæй цæссыгтæ кæлынц.
Нæ Иры стыр мыггæгтæй цалдæр
Мæ туджы абухæн кæнынц.

Хуыцауæй разы дæн, æнæмæнг,
Кæй дæн цыппар хъæбулы мад.
Æнæниз, цардæгас – мæ зæнæг,
Æз та сæ цæсты дæн нымад.

Табу, Дунескæнæг, дæ номæн,
Кæй дæн дæ бирæ хæрзтæй дзаг.
Цæуын мæ дыууæ къахыл рогæй,
Нæ вæййын номхыгъды фæстаг.

Æрмæст ма иунæг хорзæх курын, –
Æнæ уый мæ амонд нæу æххæст.
Æрвылбон стыр Хуыцаумæ скувын:
– О, ма уæд а дунейыл хæст!

 

НЫФС

Уарзондзинад сæфт бæллицау
Рохуаты кæуы.
Царды фурд мæ рог æxсныфау
Уылæнтыл хæccы.
Иунæгдзинады рæxыстæй
Зæpдæ их кæны.
Стыр уылæны сонт æвзыстæй
Цæcтысыг кæлы.
Былгæpoнмæ paxaуынæй
Салд зæpдæ тæpcы,
Фæлæ cтыр айнæджы уындæй
Удмæ ныфс тæдзы…

 

ХЪÆCДАРÆГ

Æз хъæcдарæг дæн арвæй зæxxы ‘хсæн,
‘Хсиды судзгæ цæxæpы мæ уд.
Хатт ныхъхъæp кæнын арвмæ: «Лæмæгъ дæн!»
Фæлæ фехъусын азæлгæ худт.

Æз хъæcдарæг дæн. Цæв, уæдæ, тынгдæp!
Цæв, Куырдалæгон, артдзæгъдæн кæн!
Æз дæ цæфтæй ысвæййын тыхджындæp,
Ды дæ худтæй ысног кæныс мæн.

Ды бæлдойæ куы ‘рцæвыс æнæвгъау,
Уæд зынг цæxæpæй сысхъиуы Дзырд,
Уæд мæ хуымгæнд ысуадзы хуыздæp тау,
Æмæ февналын кусынмæ цырд.

Дзырд дзырды уæлæ аив æвæpгæ,
Бон æxcæвæй нæ иртасы уд.
Афтæ иу кæддæp cырæзы ‘мдзæвгæ,
Кæмттыл айхъуысы азæлгæ худт…

Æмæ свæййы сыбар-сыбур бæcтæ:
«Уый поэт у! Дзырдарæхст гуырдзæй».
Æз æнкъардæй фæкæcын сæ фæcтæ, –
Мæн æpвон куырд нæ фæpcы бæpцæй.

 

АМОНД

Æpбацæуы амонд, йæ къахфындзтыл сиргæ,
Мæ зæpдæ йæ pазмæ тырны!
Æpбахæccы йемæ бæллицтæ ‘мæ цинтæ,
Йæ мидбылхудт дардмæ зыны!

Йæ фæзынд ын ауынын хуры ыcкасты,
Æpныкъулы хъæдæй йæ цæcт.
Йæ хъæлæc ын хъусын хъæбулы ныхасы,
Йæ фæpцы мæ зæxxыл нæй хæст.

Фæхуды мæм Амонд сыхаджы цæcтытæй,
Æрвдидины фенын йæ хуыз.
Фæлмæн мæ pæвдауы сæууон хуры тынтæй,
Мæ удæй æнкъарын йæ уырз.

Фæндырдзагъды айхъусын амонды зæлтæ,
Нæpтон симды зилдух кæны!
Дыууæ удыл бафтауы уарзты кæлæнтæ,
Сæ цинтæм сын цинтæ xæccы.

Амонд æнæвгъауæй уары йæ лæвæрттæ,
Фарнимæ хорзæxтæ тауæг!
Булæмæpгъ цъиуæй æpтæxы мæ pухс кæpтмæ,
Азæлы иумæ нæ зарæг!

УАРЗТ

Нæ бæллын мулк æмæ хæзнатæм,
Мæ исбон – рухстауæн ныхас.
Налхъуыт-налмасты ирд тæмæнтæм
Нæ калы дидинæг бæлас.

Æз уарзын, джигоцъиу сæудары
Куыд зары Бонвæpнонæн, уый.
Уæларвæй мæй йæ цæст куыд дары,
Зæpдæpухс уарзæттæ куыд уой.

Æз уарзын, цъитисæp къæдзæхтыл
Куы скалы хуры тын тæмæн,
Нæ Иры рæгътыл æмæ фæxcтыл
Цъæх кæpдæг куы андзæвы фæлмæн.

Æз уарзын, дзагæфсир мæнæуæй
Куы кæной хъугæмттæ зæу-зæу.
Зæрдæрухс сабиты кæл-кæлæй
Æваст куы айдзаг вæййы хъæу.

Куы вæййы хурзæpдæ сылгоймаг,
Лæппу лæджыхъæдæй – æххæст,
Зæpонд куынæ вæййы фæсмойнаг,
Зæххыл куы никæм вæййы хæст.

Æз уарзын царддæттæг фæзындтæ,
Сыгъдæг æxcæpдзæнты хæл-хæл,
Сæууон æpтæхы ирд фæpдгуытæ,
Ыстæй зæpæxcиды цæxæp.

Нæ бæллын мулк æмæ хæзнатæм,
Ис цардæн иунæг бындур – Уарзт.
Йæ фарнæй хайджын уæд нæ адæм,
Дунейыл уæд æмбæpцæй уæpст!

 

ГӔНЫСТОНЫ УАЛДЗӔГ

Цы дын зӕгъон, а уалдзӕг, хорзӕй?
Дӕ уындӕй куы нӕ райы цӕст!
Хӕцынхъом Ирыстоны цотӕй
Кӕйдӕрты куы ныхъуыры хӕст.

О уалдзӕг, гӕныстоны уалдзӕг,
Ӕрбадти дӕ фӕлыстыл зин.
Куы хъусон ныййарӕджы хъарӕг,
Куыд кӕнон дӕ дидиныл цин?!

Дзӕгӕрӕг кӕны Украинӕ,
Йӕ цӕхӕры судзы мӕ уд!
О, бауром, уалдзӕг, фыдмитӕ,
Сырх лакъон куыннӕ уа дӕ уынд!

Дӕ царддӕттӕг тыхтӕ ысиу кӕн,
Ӕрцӕрӕд та а зӕххыл фарн,
Куыннӕ уа цӕссыгӕхсад ингӕн
Кӕркӕ-мӕркӕ дидинты ран.

Хуыцауы фӕдзӕхст уӕд нӕ бӕстӕ,
Фыдбылызӕй алчидӕр – хызт,
Сӕ цардбӕллон ахсджиаг кӕстӕртӕй
Ныййарджытӕ макуы уӕнт рыст!

 

* * *

О, Хуыцау, кувын дæм, курын
Иры хъæбултæм фæкæс!
Доны уой, уæлдæфы, сурыл –
Ратт-иу сын царды фæрæз.

Иры ныййарджыты номæй
Курын дæ, бахъахъхъæн цард!
Æмæ нæ алкæцы комæй
Тагъд рæстæг райхъуысæд зард.

Уарзын æппæт дуне, уарзын.
Алчи йæхи фæндиаг уæд,
Фæлæ нæ Иры хъæбултыл
Абон – мæ катай, мæ мæт.

Хъызты сæ батав дæ армæй
Æнтæфы рог уддзæф ратт,
Тохы сæ бахъахъхъæн знагæй,
Фæлæ-иу ма уæнт æгад.

Сфæлдисæг, фæндтæ дæумæ сты!
Бауром тугкалæн хæст,
Æмæ нын сомбон нæ кæмтты
Хорз хабар хæссæг фæуæд!

 

ХÆС

Кæддæр незаманты хæхбæсты
Мæгуыр лæг иу хъæугæрон цард.
Йæ фырттæ байсæфтысты хæсты,
Сæ хъыгæй нал рабадти мад.
Йæ бонтæ ‘рхæндæгæй æрвыста,
Цæрынæн нал ардта мадзал.
Уæларвмæ къæдз лæдзæгæй `взыста:
– Уæд та мын саккаг кæн адзал!
Рæхджы хъысмæты карз тæрхонæй
Мæ уд куы не суæгъ уа, уæд зон,
Мæхи ныззилдзынæн бæрзондæй,
Кæм кæлы комы арфы дон!
Уæд дын æм иуæхсæв йæ фыны
Фæзынди урсбоцъо зæронд:
– Куыд лæмæгъ разындтæ дæ зыны,
Æви бынтон фæлыгъд дæ зонд,
Æви дæ ферох и, Чырысти
Кæй радта мах тыххæй йæ цард!
Голгофмæ тугæрхæмттæй схызти,
‘Мæ дзы йæ сыгъдæг туг ныккалд…
Æдзæмæй аззади мæгуыр лæг,
Лæмбынæг ныхæстæм хъуыста.
Гъе стæй йын сфæрæзта:
– Дæхæдæг цы зынтæ бавзæрстай, зæгъ-ма?
Æз дæн бындарыскъуыд мæгуыр лæг,
Ныфссаст, æфхæрд æмæ дзæгъæл.
Мæ фырттыл баталынг сæ уалдзæг,
Æмæ мын фестад цард уæнгæл.
– Хуыцауæй ис лæгыл хæсæвæрд, –
Зæгъы йын урсбоцъо зæронд:
– Дæ хæсы фаг дын ис ныфс лæвæрд,
Йæ сæххæст кæнынæн та – зонд.
Цыфæнды уавæры дæр бахау,
Уæддæр лæджы ном хæс бæрзонд!
Дæ сæрмæ макуы `рхæс æвдиуау,
Хуыцауæй иппæрд уа дæ зонд…
Æрбайсæфт уыйадыл зæронд лæг,
Сæудары цъиуты зарын хъуыст.
Фæтахти комы `рдæм къæдз лæдзæг,
Йæ тъæпп хæххон доны фæцыд.