ЧЕДЖЕМТЫ Æхсар

ТАУТИАТЫ СОЛÆМАНЫ ЗАРÆГ

Елхоты сæрмæ нын ыстъалы ферттывта,
Ыстъалы ферттывта, гъей.
Уый, зæгъы, ыстъалы нæ уыди, лæппутæ,
Нæ уыди, лæппутæ, гъей.
Таутиаты Солæман – цæхæрцæст ирон гуырд, –
Тæмæнкалгæ курдиат, гъей.
Нæ ирон театры зæрин хур ыссыгъта,
Зæрин хур ыссыгъта, гъей.
Фыдæлты æхсарæй æхсарджын чи уыди,
Æфсармджын чи уыди, гъей.
Нæ Иры цæргæстæй бæрзонддæр чи стахти,
Бæрзонддæр чи стахти, гъей.
Таутиаты Солæман, нæ номдзыд Солæман,
Нæ театры фидауц, гъей.
Йæ царды уалдзæджы, æрттивгæ кадæджы,
Йæхи зынгæй басыгъд, гъей.
Нæ Иры хистæртæ бæрзонд кæмæй хастой
Сæ кадджын урс сæртæ, гъей.
Æрфæны фæдау нын йæ фæд кæмæн баззад
Фыдæлты хорз зæххыл, гъей.
Таутиаты Солæман, о де сконд артдзæстæн
Æрхуыссæн макуы уа, гъей.
Æнусæй-æнусмæ дæ рухс ном фæцæра,
Нæ Иры бæстæйы, гъей.

15. 10. 1995.